[1] Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз фенынмӕ.
[2] Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыд уӕларвӕй, афӕлдӕхта дур ӕмӕ йыл бадти.
[3] Йӕ хуыз уыдис арвӕрттывдау, йӕ дарӕс – митау урс-урсид.
[4] Хъахъхъӕнджытӕ фыртӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мӕрдтау фесты.
[5] Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Сымах ма тӕрсут. Ӕз зонын, дзуарыл тыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.
[6] Ам нӕй: куыд загъта, афтӕ райгас. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыд, уыцы бынат.
[7] Ӕмӕ ӕвӕстиатӕй ацӕут ӕмӕ Йын зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, райгас мӕрдтӕй, уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут, зӕгъгӕ. Гъеныр уын загътон мӕ зӕгъинаг».
[8] Сылгоймӕгтӕ уайтӕккӕ рацыдысты зӕппадзы цурӕй, ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.
[9] Фӕндагыл сыл ӕнӕнхъӕлӕджы фембӕлд Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтыл ныттыхстысты.
[10] Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме 'фсымӕртӕн, цӕмӕй цӕуой Галилеймӕ; уым Мӕ фендзысты».
[11] Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй иуӕй-иутӕ бахӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ алчертӕн радзырдтой, цы ӕрцыди, уый тыххӕй.
[12] Уыдон ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртимӕ, бауынаффӕ кодтой ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн радтой бирӕ ӕхца,
[13] Ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Зӕгъут афтӕ: „Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕхсӕвы ӕмӕ Йӕ адавтой, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд".
[14] Кӕд уыцы хабар бӕстӕйы хицаумӕ байхъуыса, уӕд ӕй мах ууыл баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ уӕ мастӕй бахиздзыстӕм».
[15] Уыдон райстой ӕхца ӕмӕ бакодтой, куыд сын бацамыдтой, афтӕ. Ӕмӕ уыцы хабар иудейты ӕхсӕн хъуыстгонд у суанг абон дӕр.
[16] Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы та ацыдысты Галилеймӕ, Йесо сын цы хохмӕ загъта, уырдӕм.
[17] Ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы ӕрхаудтой сӕ зонгуытыл. Сӕ иуӕй-иутӕ та фӕгуырысхо сты.
[18] Йесо сӕм куы ӕрбахӕстӕг, уӕд сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ Мӕнмӕ лӕвӕрд сты.
[19] Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты скӕнут Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номыл;
[20] Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕныныл. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».