[1] Уӕд Йесо бахызти бӕлӕгъмӕ, ахызт иннӕ фарсмӕ ӕмӕ ӕрцыди Йӕ сахармӕ.
[2] Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой уӕнгмарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ уӕнгмардӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
[3] Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ хинымӕр загътой: «Уый Хуыцауы фауы».
[4] Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?
[5] Цы ӕнцондӕр у – зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ", ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын"?
[6] Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат, Адӕймаджы Фыртӕн кӕй ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ загъта уӕнгмардӕн: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».
[7] Уӕнгмард рабадт ӕмӕ ацыд йӕ хӕдзармӕ.
[8] Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд, ӕмӕ скад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн.
[9] Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыди, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном – Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ ацыд Йӕ фӕдыл.
[10] Йесо Матфейы хӕдзары фынгыл куы бадти, уӕд ӕрцыди бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ ӕрбадтысты Йесоимӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.
[11] Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕры [ӕмӕ нуазы]?»
[12] Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы.
[13] Ацӕут ӕмӕ базонут, ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ". Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты ӕрхонынмӕ».
[14] Уӕд Ӕм ӕрцыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ бирӕ ком куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»
[15] Йесо сын загъта: «Чындзхӕсджытимӕ сиахсаг цалынмӕ вӕййы, уӕдмӕ ӕнкъард фӕкӕнынц, мыййаг? Фӕлӕ ралӕудзӕни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, ӕмӕ уӕд дардзысты ком.
[16] Ног хъуымацӕй зӕронд дарӕсыл ничи ӕвӕры ӕмпъузӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмпъузӕн ратондзӕн дарӕсӕй, ӕмӕ скъуыд фестырдӕр уыдзӕн.
[17] Ногдыгъд сӕн дӕр зӕронд лалымты нӕ ныккӕнынц, науӕд лалымтӕ аскъуыйынц, ӕмӕ сӕн дӕр акӕлы, лалымтӕ дӕр фесӕфынц. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд дыууӕ дӕр баззайынц ӕнӕхъӕнӕй».
[18] Йесо сын уыцы ныхӕстӕ куы кодта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ ӕрцу, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕн».
[19] Йесо сыстад, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыд йӕ фӕдыл.
[20] Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад. Уый чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ ӕмӕ Йын бандзӕвыд Йӕ пӕлӕзы коцорайыл.
[21] Уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы бандзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн».
[22] Йесо акаст фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайтӕккӕ сӕнӕниз.
[23] Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ адӕмы тыхстӕй куы федта,
[24] Уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты.
[25] Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстӕуыд, уӕд Йесо бацыд, ныххӕцыди чызджы къухыл, ӕмӕ чызг рабадт.
[26] Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл.
[27] Йесо уырдыгӕй куы араст, уӕд дыууӕ куырмы цыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»
[28] Хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты куырмытӕ. Йесо сӕ бафарста: «Мӕ бон афтӕ саразын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»
[29] Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд».
[30] Ӕмӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».
[31] Уыдон та ацыдысты, ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
[32] Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой ӕгомыг хӕйрӕджджыны.
[33] Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд ӕгомыг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуы ӕрцыди».
[34] Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».
[35] Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.
[36] Адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.
[37] Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг – бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны.
[38] Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй рарвита хуымгӕрдджытӕ Йӕ хуым кӕрдынмӕ».