[1] Йесо райгуырд иудейаг Вифлеемы, Ирод паддзахиуӕг куы кодта, уӕд. Уыцы рӕстӕг Иерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ бафарстой:
[2] «Кӕм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скӕсӕнӕй ссӕугӕ, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй Йӕм бакувӕм».
[3] Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уӕд скатай, йемӕ скатай ӕппӕт Иерусалим дӕр.
[4] Уӕд ӕрӕмбырд кодта ӕппӕт иудейаг алчерты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ сӕ бафарста: «Чырысти кӕм хъуамӕ райгуыра?»
[5] Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у пехуымпармӕ:
[6] „Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, ницӕмӕй къаддӕр дӕ Иудӕйы сӕйраг сахартӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕй рацӕудзӕни Фӕтӕг ӕмӕ хиздзӕни Мӕ адӕмы – Израилы"».
[7] Ирод сусӕгӕй басидти стъалыдӕснытӕм ӕмӕ уыдонӕй базыдта, стъалы кӕд фӕзынд, уыцы афон.
[8] Уӕд сӕ арвыста Вифлееммӕ ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ бӕлвырд базонут Сывӕллоны тыххӕй, ӕмӕ Йӕ куы ссарат, уӕд мын фехъусын кӕнут, ӕз дӕр ацӕуон ӕмӕ Йӕм бакувон».
[9] Уыдон байхъуыстой паддзахмӕ ӕмӕ ацыдысты. Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыди сӕ разӕй, ӕппынфӕстаг ӕрбахӕццӕ ӕмӕ ӕрлӕууыди, Сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ.
[10] Стъалы куы федтой, уӕд сӕ цинӕн кӕрон нал уыди.
[11] Хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд федтой Сывӕллоны Йӕ Мад Мариаимӕ, ӕрзоныг сты ӕмӕ Йӕм бакуывтой. Стӕй систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын ракодтой лӕвӕрттӕ: сызгъӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
[12] Ӕмӕ уырдыгӕй ӕндӕр фӕндагыл ацыдысты сӕхи бӕстӕмӕ, уымӕн ӕмӕ сын фыны загъдӕуыд, цӕмӕй мауал аздӕхой Иродмӕ.
[13] Уыдон куы ацыдысты, уӕд Хуыцауы зӕд фыны фӕзынд Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ алидз Мысырмӕ, ӕмӕ дын цалынмӕ зӕгъон, уӕдмӕ уым цӕр, уымӕн ӕмӕ Иродӕн йӕ зӕрды ис Сывӕллоны ссарын ӕмӕ Йӕ амарын».
[14] Иосиф сыстади, уыцы ӕхсӕв ракодта Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ацыд Мысырмӕ.
[15] Ӕмӕ уым фӕци Ироды амӕлӕтмӕ. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый: «Ӕз Мӕ Фырты ракодтон Мысырӕй».
[16] Стъалыдӕснытӕ йыл сайдӕй кӕй рацыдысты, уый Ирод куы бамбӕрста, уӕд тынг смӕсты, Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алфамбылаймӕ арвыста, дыууӕ азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, ӕппӕт уыцы лӕппуты амарынмӕ. Ирод стъалыдӕснытӕй куыд базыдта, афтӕмӕй Ноггуырд уыди ахӕм кары.
[17] Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:
[18] «Рамӕйы хъуысы дзыназын, кӕуын ӕмӕ зӕрдӕхалӕн хъарӕг. Рахил кӕуы йӕ хъӕбултыл, ӕмӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъарынц, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ ӕгас нал сты».
[19] Ироды амӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы зӕд фыны фӕзынд Иосифмӕ Мысыры,
[20] Ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ – Сывӕллоны амарынмӕ чи хъавыди, уыдон амардысты».
[21] Иосиф сыстади, ракодта Сывӕллоны Йӕ Мадимӕ ӕмӕ ӕрцыд Израилы зӕхмӕ.
[22] Фӕлӕ Архелай йӕ фыд Ироды бӕсты Иудейӕйы паддзахиуӕг кӕй кӕны, Иосиф уый куы фехъуыста, уӕд уырдӕм цӕуын нал бауӕндыди. Фыны йын загъдӕуыд, ӕмӕ ацыди Галилейы зӕхмӕ.
[23] Ӕрцыд ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпарты дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».