[1] Уыцы рӕстӕг Аргъауӕг Иоанн Иудейаг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы райдыдта адӕмӕн дзурын:
[2] «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».
[3] Иоанн уыди, Исай-пехуымпар рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"».
[4] Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та уыди гӕрзӕй рон; йӕ хойраг уыдысты мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд.
[5] Иерусалимӕй, ӕгас Иудейӕйӕ, Иорданы алфамбылайӕ ӕппӕт адӕм дӕр цыдысты Иоаннмӕ,
[6] Ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
[7] Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй бирӕтӕ саргъауынмӕ кӕй цӕуынц, уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды?
[8] Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй.
[9] Ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд, ӕмӕ зӕгъат уӕхицӕн: „Нӕ фыдӕл Авраам у". Зӕгъын уын, Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.
[10] Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕлӕстӕ бындзарӕй акалынмӕ цӕттӕ у: хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты.
[11] Уӕ фӕсмоны тыххӕй уыл ӕз донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕстӕ Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у – ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.
[12] Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн Йӕ мус. Мӕнӕу бафснайдзӕн Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».
[13] Уӕд Йесо Галилейӕ ӕрцыд Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн саргъауа.
[14] Иоанн та Йӕ урӕдта ӕмӕ Йын дзырдта: «Хъуамӕ Ды саргъауай мӕныл, Ды та мӕнмӕ ӕрцыдтӕ?»
[15] Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Ныртӕккӕ Мӕ бауадз. Уымӕн ӕмӕ мах Хуыцауы алы домӕн дӕр афтӕ хъуамӕ сӕххӕст кӕнӕм». Ӕмӕ Йӕ уӕд Иоанн бауагъта.
[16] Йесо куы саргъуыдта ӕмӕ уайтӕккӕ донӕй куы рахызт, уӕд Йӕ сӕрмӕ фегом арвы дуар, ӕмӕ федта Хуыцауы Уды бӕлонау ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йыл ӕрцӕйбадгӕ.
[17] Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у».