[1] Йесомӕ бацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ, ӕмӕ Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй домдтой уӕларвӕй сын ӕвдисӕйнаг равдисын.
[2] Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн – арв сырх у".
[3] Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Къӕвда уыдзӕн абон – арв сырх ӕмӕ хъуынтъыз у". [Цӕстмӕхъустӕ!] Арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын нӕ фӕразут?
[4] Хуыцауы ныууадзӕг хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд уырдыгӕй.
[5] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы бацыдысты денджызы иннӕ фарсмӕ. Семӕ сӕ дзултӕ райсын ферох.
[6] Йесо сын загъта: «Хъусут, уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
[7] Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Дзул нӕ райстам немӕ».
[8] Йесо сӕ бамбӕрста, ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, лӕмӕгъ уырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй?
[9] Ау, нӕма йӕ бамбӕрстат? Фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ӕмӕ цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый уӕ зӕрдыл нал лӕууы?
[10] Цыппар минӕн авд дзулы куыд сфаг ӕмӕ уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат, уый дӕр уӕ ферох?
[11] Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд нӕ ӕмбарут? Уӕхи хизут фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
[12] Уӕд бамбӕрстой: Йесо сын дзырдта дзулы ӕнхъизӕнӕй нӕ, фӕлӕ фарисейты ӕмӕ саддукейты ахуырадӕй сӕхи бахизыны тыххӕй.
[13] Йесо Филиппы Кесарийы зӕхмӕ куы ӕрцыди, уӕд бафарста Йӕ ахуыргӕнинӕгты: «Мӕн, Адӕймаджы Фырты, адӕм кӕуыл нымайынц?»
[14] Уыдон Ын загътой: «Иутӕ – Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ – Илиайыл, аннӕтӕ та – Иеремийыл кӕнӕ пехуымпартӕй иуыл».
[15] Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?»
[16] Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
[17] Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
[18] Ӕз дын зӕгъын: ды дӕ Петр , ӕмӕ уыцы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.
[19] Ӕз дӕм ратдзынӕн Уӕларвон Паддзахады дӕгъӕлтӕ. Зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттай, уымӕн уӕлӕрвты дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттай, уымӕн та уӕлӕрвты дӕр рардӕуыдзӕн бар».
[20] Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй макӕмӕн зӕгъой, Уый Чырысти кӕй у, уый тыххӕй.
[21] Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Иерусалиммӕ ӕмӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухтӕй; амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн.
[22] Уӕд Ӕй Петр фӕхибар кодта ӕмӕ Йын райдыдта уайдзӕф кӕнын: «Хуыцау Дӕ уымӕй бахизӕд, Хицау! Уыцы бӕллӕх дыл ма ӕрцӕуӕд!»
[23] Йесо разылд ӕмӕ Петрӕн загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Ды Мын цӕлхдур дӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндон цы у, ууыл сты».
[24] Уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.
[25] Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕн.
[26] Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм цы разындзӕн, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй?
[27] Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн Йӕ Фыды намысимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр ратдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
[28] Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ феной, уӕдмӕ».