[1] Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд араст Галилейӕ, ӕмӕ ӕрцыд Иудейӕйы зӕхмӕ, Иорданы иннӕ фарсмӕ.
[2] Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.
[3] Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ ракъахыны охыл бафарстой: «Алы азымы тыххӕй ӕмбӕлы лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕви нӕ?»
[4] Йесо сын дзуапп радта: «Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста", уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви?
[5] Ӕмӕ Сфӕлдисӕг загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ дыууӕ уыдзысты иу буар".
[6] Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы сиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд».
[7] Уыдон Йесойӕн загътой: «Уӕдӕ Моисей цӕмӕн бафӕдзӕхста уагъды ӕвдисӕндар раттын ӕмӕ усы ауадзын?»
[8] Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди.
[9] Фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. [Уагъд усы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны.]»
[10] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Кӕд йӕ усы тыххӕй лӕгмӕ ахӕм хӕс хауы, уӕд хуыздӕр у ус нӕ ракурын».
[11] Йесо сын загъта: «Ӕппӕты бон нӕу ацы ныхас ӕххӕст кӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн.
[12] Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ. Ис, адӕм кӕй бардызтой, ахӕм ӕрдызтытӕ дӕр. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд йӕхи чи бардызта, ахӕмтӕ дӕр. Ацы ныхас сӕххӕст кӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».
[13] Уӕд Йесомӕ ӕрхуыдтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл ӕрӕвӕра Йӕ къухтӕ ӕмӕ бакува, фӕлӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.
[14] Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад уыдоны хуызӕтты у».
[15] Йесо сывӕллӕттыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
[16] Йесомӕ ӕрбацыд иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн хорзӕй цы саразон?»
[17] Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ фӕрсыс хорз саразынӕй? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд сӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».
[18] Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын дзуапп радта: «„Ма амар", „Ма хӕт", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу",
[19] „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады" ӕмӕ „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ"».
[20] Лӕппу Йын загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кодтон. Ноджы ма мӕ цы бакӕнын хъӕуы?»
[21] Йесо йын зӕгъы: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ ӕнаипп уай, уӕд ацу, ауӕй кӕн дӕ мулк, ратт ӕй мӕгуыртӕн, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
[22] Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ацыд ӕнкъардӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
[23] Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕцӕг уын зӕгъын: зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын.
[24] Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у».
[25] Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»
[26] Йесо сӕм бакаст ӕмӕ сын загъта: «Уый адӕмы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн Йӕ бон ӕппӕт дӕр у».
[27] Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
[28] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ намысджын бынаты куы сбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, сбаддзыстут дыууадӕс бадӕны Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.
[29] Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уый райсдзӕни фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй, ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.
[30] Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ.