Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:25

[1] Уыцы рӕстӕг ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Уӕларвон Паддзахады уӕлдӕр чи у?»

[2] Йесо басидти сывӕллонмӕ, ӕрлӕууын ӕй кодта уыдоны раз,

[3] Ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, куы нӕ аиват ӕмӕ сывӕллӕтты хуызӕн куы нӕ суат, уӕд Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзыстут.

[4] Уӕдӕ йӕхи чи ӕрныллӕг кӕна ӕмӕ ацы сабийы хуызӕн чи суа, уый уӕлдӕр уыдзӕн Уӕларвон Паддзахады.

[5] Ӕмӕ иу ахӕм сывӕллоныл Мӕ номы сӕраппонд зӕрдиаг чи уа, уый Мӕныл у зӕрдиаг.

[6] Фӕлӕ ацы кӕстӕртӕй – Мӕныл ӕууӕндджытӕй – иуы дӕр тӕригъӕды чи бафтауа, уымӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройыфыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы фӕдӕлдон кӕниккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.

[7] Сар йӕ сӕр дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ уой, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.

[8] Дӕ къух кӕнӕ дын дӕ къах тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй акъуыр ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у ӕнӕ къух кӕнӕ ӕнӕ къахӕй мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ къухы кӕнӕ дыууӕ къахимӕ баппӕрстӕуа ӕнӕхуысгӕ арты.

[9] Кӕнӕ дын дӕ цӕст тӕригъӕды хос куы уа, уӕд ӕй фелвас ӕмӕ йӕ аппар: хуыздӕр дын у иу цӕстимӕ цардмӕ бацӕуын, цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ баппӕрстӕуа зындоны арты.

[10] Хъусут, ацы кӕстӕртӕй иунӕгыл дӕр ӕнӕрвӕссон ма ут. Зӕгъын уын: уыдонӕн сӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты ӕдзух уынынц Мӕ Уӕларвон Фыды цӕсгом.

[11] [Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцыди сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ.]

[12] Куыд уӕм кӕсы? Искӕмӕ фондзыссӕдз фысы куы уаид ӕмӕ дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уаид, уӕд, мыййаг, йӕ нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадзид ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕуид?

[13] Ӕмӕ йӕ куы ссара, ӕцӕг уын зӕгъын, уӕд чи нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысӕй ауыл тынгдӕр фӕцин кӕндзӕн.

[14] Афтӕ уӕ Уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды ацы кӕстӕртӕй иуы мӕлӕт дӕр.

[15] Де 'фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд бавдӕл ӕмӕ йын хибарӕй бауайдзӕф кӕн. Ӕмӕ дӕм кӕд байхъуса, уӕд ногӕй ссардтай де 'фсымӕры.

[16] Кӕд дӕм нӕ байхъуса, уӕд та демӕ акӕн иу кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй, алы ныхас дӕр раст кӕй у, уымӕн уа дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны.

[17] Уыдонмӕ дӕр куы нӕ байхъуса, уӕд зӕгъ аргъуанӕн. Ӕмӕ кӕд аргъуанмӕ дӕр нӕ байхъуса, уӕд ӕм кӕс, муртатмӕ ӕмӕ хъалонисӕгмӕ цы цӕстӕй кӕсыс, ахӕм цӕстӕй.

[18] Ӕцӕг уын зӕгъын: зӕххыл бар цӕмӕн нӕ раттат, уымӕн уӕларвы дӕр бар лӕвӕрд нӕ уыдзӕн; зӕххыл бар цӕмӕн раттат, уымӕн та уӕларвы дӕр рардӕуыдзӕн бар.

[19] Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы куы сфӕнд кӕной зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ бакувыныл, уӕд цы ракурой, уый сын лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.

[20] Уымӕн ӕмӕ Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».

[21] Уӕд Петр бацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, мӕ тӕригъӕды цы ӕфсымӕр бацӕуа, уымӕн цал хатты хъуамӕ ныббарон? Авд хатты онг?»

[22] Йесо йын загъта: «Авд хатты онг дын нӕ зӕгъын, фӕлӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзгӕйттӕй авд хатты онг.

[23] Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад у, йӕ цагъартӕй дзы чи цас дары, уый банымайыны фӕнд цы паддзах скодта, уый хуызӕн.

[24] Уый нымайын куы райдыдта, уӕд ӕркодтой, дӕс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адӕймаджы.

[25] Ӕмӕ цӕмӕй бафида, уый йӕм кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ паддзах радта хӕсджынӕн йӕхи, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты, стӕй ма йӕм цыдӕриддӕр уыд, ӕппӕт уыдӕттӕ ауӕй кӕныны ӕмӕ хӕс бафидыны бардзырд.

[26] Уӕд уыцы цагъар йӕ разы ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ йын дзырдта: „[Ме 'лдар!] Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дын дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр бафиддзынӕн".

[27] Паддзах фӕтӕригъӕд кодта уыцы цагъарӕн, ауагъта йӕ ӕмӕ йын йӕ хӕс дӕр ныууагъта.

[28] Уыцы цагъар та рацыд ӕмӕ ссардта, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы, ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ йын загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид".

[29] Уӕд йе 'мбал йӕхи уый къӕхтӕм ӕрӕппӕрста ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодта: „Банхъӕлмӕ кӕс, ӕмӕ дӕ цы дарын, уый дын бафиддзынӕн".

[30] Фӕлӕ уый не сразы, ацыд ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны, цалынмӕ йын йӕ хӕс бафида, уӕдмӕ.

[31] Ацы хабар йе 'мбӕлттӕ куы федтой, уӕд сын тынг фӕхъыг и. Ӕрцыдысты сӕ паддзахмӕ ӕмӕ йын радзырдтой, цы ӕрцыди, уый.

[32] Уӕд ӕм паддзах басидт ӕмӕ йын загъта: „Фыдзӕрдӕ цагъар! Ды мын балӕгъстӕ кодтай, ӕмӕ дын ӕз дӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы ныббарстон,

[33] Уӕд дӕуӕн дӕр не 'мбӕлд, ӕви, де 'мбалӕн батӕригъӕд кӕнын, ӕз дын куыд батӕригъӕд кодтон, афтӕ?"

[34] Мӕсты паддзах ӕй радта хъизӕмарӕй марынмӕ, цалынмӕ йӕ хӕс ӕнӕхъӕнӕй бафида, уӕдмӕ.

[35] Мӕ Уӕларвон Фыд дӕр уын афтӕ бакӕндзӕн, алчидӕр уӕ йе 'фсымӕрӕн йӕ тӕригъӕдтӕ зӕрдиагӕй куы нӕ ныббара, уӕд».

Матфей — Chapters