Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:25

[1] Уӕд Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ, цӕмӕй Йӕ ракъаха хӕйрӕг.

[2] Уым Йесо дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы дардта ком, ӕмӕ фӕстагмӕ сыстонг.

[3] Уӕд Ӕм ӕрбацыди хӕйрӕг ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ, цӕмӕй ацы дуртӕ фестой дзултӕ».

[4] Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй"».

[5] Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта сыгъдӕг сахармӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл,

[6] Ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"».

[7] Йесо йын загъта: «Фыст у афтӕ дӕр: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"».

[8] Уый фӕстӕ Йӕ хӕйрӕг акодта тынг бӕрзонд хохмӕ, равдыста Йӕм дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ,

[9] Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ зонгуытыл куы ӕрхауай ӕмӕ мын куы бакувай, уӕд сӕ иууылдӕр ратдзынӕн дӕуӕн».

[10] Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, хӕйрӕг! Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ, ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».

[11] Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтӕккӕ Йӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.

[12] Иоанны кӕй ӕрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уӕд ацыди Галилеймӕ.

[13] Назарет ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Завулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.

[14] Афтӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау цы загъта, уый:

[15] «Денджызмӕ фӕндагыл Иорданы иннӕ фарс чи ис, Завулоны ӕмӕ Неффалимы уыцы зӕхх, муртаттаг Галилей –

[16] Талынджы цӕрӕг адӕм федтой стыр рухс, мӕлӕты талынг бӕстӕйы цӕрӕг адӕмӕн сӕрттывта рухс».

[17] Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг Уӕларвон Паддзахад».

[18] Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симоны, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрейы. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты.

[19] Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ».

[20] Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.

[21] Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт.

[22] Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды, ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.

[23] Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хаста сӕм фарны уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты ӕмӕ ӕнӕфӕразонты.

[24] Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, хуыдтой Йӕм ӕппӕт рынчынты: алы низтӕй сӕйджыты, хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, уӕнгмӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.

[25] Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм Галилейӕ, Дӕссахарӕй, Иерусалимӕй, Иудейӕйӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсӕй.

Матфей — Chapters