[1] Уыцы рӕстӕг Йесо сабаты фӕцӕйцыд ӕфсирджын хуымты. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыстонг сты, райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хӕрын.
[2] Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Йесойӕн загътой: «Кӕс-ма, Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕнынц, сабаты цы нӕ фӕччы, уый».
[3] Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе 'мбӕлттимӕ куы сыстонг, уӕд цы бакодта, уый тыххӕй нӕ кастыстут, ӕви?
[4] Бацыди Хуыцауы хӕдзармӕ ӕмӕ бахордта, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе 'мбӕлттӕн дӕр бахӕрын кӕй не 'мбӕлд, уыцы нывонд дзултӕ – ӕрмӕстдӕр сауджынтӕм уыди уыдон хӕрыны бар.
[5] Кӕнӕ Моисейы Ӕгъдауы, мыййаг, нӕ бакастыстут, алы сабат дӕр сауджынтӕ сабаты фӕтк Кувӕндоны куыд халынц, фӕлӕ аххосджын кӕй не сты, уый тыххӕй?
[6] Фӕлӕ уын зӕгъын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
[7] „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ" – уымӕн йӕ мидис куы зониккат, уӕд ӕназымты нӕ фӕзылын кодтаиккат.
[8] Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ хицау у».
[9] Йесо уырдыгӕй куы рацыд, уӕд баздӕхти синагогӕмӕ.
[10] Уыди дзы, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы фӕзылын кӕной, уый тыххӕй Йӕ бафарстой: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
[11] Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа, ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви?
[12] Адӕймаг та цас зынаргъдӕр у фысӕй! Уӕдӕ сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы».
[13] Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Радар дӕ къух». Уый радардта йӕ къух, ӕмӕ йын сдзӕбӕх, сси иннӕ къухы хуызӕн.
[14] Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уынаффӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, ууыл. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта, ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
[15] Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм, ӕмӕ Уый сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты дӕр,
[16] Фӕлӕ сын карзӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йӕ кой ма кӕной.
[17] Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:
[18] «Мӕнӕ Мӕ уарзон Лӕггадгӕнӕг – Кӕй сӕвзӕрстон ӕмӕ Кӕуыл аудын, Уый. Бахай Йын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн Мӕ рӕстдзинад.
[19] Быцӕу ӕмӕ хъӕр нӕ кӕндзӕн, Йӕ хъӕлӕс ын ничи фехъусдзӕн уынгты.
[20] Цъӕл хъӕз нӕ асӕтдзӕн, гӕзӕмӕ судзгӕ цырагъ нӕ ахуыссын кӕндзӕн, цалынмӕ рӕстдзинад уӕлахизмӕ ӕркӕна, уӕдмӕ.
[21] Ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ Йӕ номӕй уыдзысты ныфсджын».
[22] Уӕд Йесомӕ ӕркодтой куырм ӕмӕ ӕгомыг хӕйрӕджджыны. Йесо йӕ сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ӕгомыг райдыдта дзурын ӕмӕ уынын.
[23] Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый Давиды Фырт нӕу?»
[24] Фарисейтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Уый дӕлимонты ӕрмӕстдӕр дӕлимонты ӕлдар веелзевулы хъаруйӕ суры».
[25] Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Алы паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн; ӕмӕ алы сахар кӕнӕ хӕдзар дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд уый дӕр нӕ фӕлӕудзӕн.
[26] Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг хӕйрӕджы суры, уӕд йӕхи ныхмӕ тох кӕны. Ӕмӕ афтӕмӕй куыд фӕлӕудзӕн йӕ паддзахад?
[27] Кӕд Ӕз дӕлимонты веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уымӕ гӕсгӕ уын уыдон уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ.
[28] Фӕлӕ кӕд Ӕз Хуыцауы Уды хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ Хуыцауы Паддзахад.
[29] Кӕнӕ искӕмӕн йӕ бон куыд бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ дзауматӕ рахӕссын, раздӕр уал тыхджыны куы нӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд фӕкъахдзӕн йӕ хӕдзар.
[30] Мемӕ чи нӕу, уый Мӕ ныхмӕ у; ӕмӕ Мемӕ чи не 'мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.
[31] Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: алы тӕригъӕд ӕмӕ фауын адӕмӕн уыдзысты хатыргонд, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды фауын хатыргонд нӕ уыдзӕн.
[32] Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын уыдзӕни хатыр; фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы дунейы, нӕдӕр фидӕны дунейы.
[33] Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ та йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр ӕвзӕрыл банымайут. Уымӕн ӕмӕ бӕлас йӕ дыргъӕй бӕрӕг вӕййы.
[34] Калмы цот! Фыдзӕрдӕтӕ куы стут, уӕд уӕ бон куыд у хорз дзурын? Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг вӕййы, дзыхӕй дӕр уый рацӕуы.
[35] Хорз адӕймаг хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорзӕх; фыдзӕрдӕ адӕймаг та фыдӕхы къӕбицӕй рахӕссы фыдӕх.
[36] Зӕгъын уын: алы ӕнӕууылд ныхасы тыххӕй дӕр адӕм тӕрхоны бон ратдзысты дзуапп.
[37] Дӕ ныхӕстӕ дӕ сраст кӕндзысты, йе та дӕ ныхӕсты тыххӕй тӕрхонгонд уыдзынӕ».
[38] Уӕд динамонджытӕй ӕмӕ фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой Йесойӕн: «Ахуыргӕнӕг, исты ӕвдисӕйнаг нын куы равдисис, уый нӕ фӕнды».
[39] Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныууадзӕг хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕ-пехуымпары диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн.
[40] Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы гуыбыны ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы уыдзӕни зӕххы зӕрдӕйы.
[41] Ниневиӕгтӕ тӕрхоны бон рацӕудзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.
[42] Хуссары ус-паддзах тӕрхоны бон рацӕудзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ зӕххы кӕронӕй ӕрцыди Соломоны зондджын ныхӕстӕм байхъусынмӕ; ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
[43] Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты, фӕлӕ йӕ не ссары.
[44] Уӕд фӕзӕгъы: „Раздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм". Ӕмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ӕрӕййафы афтидӕй, марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй.
[45] Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры. Афтӕ уыдзӕн ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕры хабар дӕр».
[46] Йесо ма адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд Йӕ Мад ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ лӕууыдысты ӕдде, ӕмӕ сӕ фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
[47] Ӕмӕ Йын чидӕр загъта: «Дӕ Мад ӕмӕ Де 'фсымӕртӕ лӕууынц ӕдде, Демӕ аныхас кӕнын сӕ фӕнды».
[48] Уый зӕгъӕгӕн Йесо дзуапп радта: «Чи у Мӕ мад, ӕмӕ чи сты Ме 'фсымӕртӕ?»
[49] Ӕмӕ, Йӕ къухӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм бацамонгӕйӕ, загъта: «Мӕнӕ Мӕ мад ӕмӕ Ме 'фсымӕртӕ.
[50] Уымӕн ӕмӕ Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Ме 'фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».