[1] Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр:
[2] «Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи сарӕзта, Уӕларвон Паддзахад уыцы паддзахы хуызӕн у.
[3] Уый йӕ цагъарты арвыста хуындтыты чындзӕхсӕвмӕ ӕрхонынмӕ, фӕлӕ уыдоны ӕрцӕуын нӕ бафӕндыди.
[4] Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын загъта: „Зӕгъут хуындтытӕн: мӕнӕ ӕз ӕрӕвӕрдтон фынгтӕ, мӕ галтӕ ӕмӕ мӕ хаст фос ӕргӕвст сты, алцыдӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ".
[5] Фӕлӕ йӕ уыдон ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ ацыдысты – чи йӕ хуыммӕ, чи та сӕудӕджер кӕнынмӕ.
[6] Иннӕтӕ та йын ӕрцахстой йӕ цагъарты, бафхӕрдтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой.
[7] Паддзах смӕсты, арвыста йе 'фсад, ныццагъта уыцы лӕгмарты ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.
[8] Уӕд йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынг цӕттӕ у, фӕлӕ хуындтытӕ аккаг нӕ разындысты.
[9] Уӕдӕ ацӕут фӕндӕгты тигътӕм, ӕмӕ-иу кӕйдӕриддӕр фенат, уыдоны ӕрхонут чындзӕхсӕвмӕ".
[10] Уыцы цагъартӕ ацыдысты фӕндӕгтӕм ӕмӕ ӕрбахуыдтой, кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлдысты, уыдоны – фыдзӕрдӕты дӕр ӕмӕ хӕрзгӕнджыты дӕр. Ӕмӕ чындзӕхсӕв байдзаг фынгыл бадӕг адӕмӕй.
[11] Паддзах фынджы адӕмы фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы бафиппайдта, бӕрӕгбоны дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы,
[12] Ӕмӕ йын загъта: „Мӕ хӕлар, ӕнӕ бӕрӕгбоны дарӕсӕй ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?" Уый ныхъхъус и.
[13] Уӕд паддзах загъта йӕ фӕсдзӕуинтӕн: „Сбӕттут ын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ ап- парут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс".
[14] Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл».
[15] Уӕд фарисейтӕ ацыдысты ӕмӕ бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Йесойы ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕцаразой.
[16] Ӕмӕ Йӕм барвыстой сӕ ахуыргӕнинӕгты Ироды фарсдарджытимӕ, ӕмӕ Йын уыдон загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ Хуыцауы фӕндаг ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ кӕй амоныс; искӕй зӕрдӕ балхӕныныл нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс.
[17] Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы? Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
[18] Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ?
[19] Равдисут Мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидынц, уый». Уыдон Ӕм ӕрбахастой динар.
[20] Ӕмӕ сын загъта: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?»
[21] Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». Уӕд сын Йесо загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн».
[22] Уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм диссаг фӕкасти, ныууагътой Йӕ ӕмӕ ацыдысты.
[23] Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ (саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ), ӕмӕ Йӕ бафарстой:
[24] «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Исчи ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе 'фсымӕр ракурӕд йӕ усы ӕмӕ цот рауадзӕд йе 'фсымӕрӕн".
[25] Махмӕ уыд авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус, амард ӕнӕзӕнӕгӕй ӕмӕ йӕ ус баззади йе 'фсымӕрӕн.
[26] Афтӕ рауад сӕ хабар дыккаг ӕмӕ ӕртыккагӕн дӕр, стӕй иннӕтӕн дӕр суанг ӕвдӕм ӕфсымӕрмӕ.
[27] Сеппӕты фӕстӕ ус дӕр амард.
[28] Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд уыцы авд ӕфсымӕрӕй уый кӕй ус уыдзӕни? Сеппӕты ус дӕр куы уыд».
[29] Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уымӕ гӕсгӕ.
[30] Уымӕн ӕмӕ мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдтау.
[31] Мӕрдты райгасы тыххӕй уын Хуыцау цы загъта, уый нӕ бакастыстут, ӕви:
[32] „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау"? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у».
[33] Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд дисы ӕфтыдысты Йесойы ахуырадыл.
[34] Йесо Йӕ дзырдӕй саддукейты кӕй басаста, уый фарисейтӕ куы фехъуыстой, уӕд ӕрӕмбырд сты иумӕ.
[35] Уыдонӕй иу, динамонӕг, Йесойы къахгӕйӕ, загъта:
[36] «Ахуыргӕнӕг, Моисейы Ӕгъдауы сӕйрагдӕр фӕдзӕхст кӕцы у?»
[37] Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Хицау Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй".
[38] Уый у фыццаг ӕмӕ сӕйрагдӕр фӕдзӕхст.
[39] Дыккаг дӕр уый хуызӕн у: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ".
[40] Моисейы ӕппӕт Ӕгъдауӕн ӕмӕ пехуымпарты ахуырадӕн ацы дыууӕ фӕдзӕхсты сты сӕ бындур».
[41] Фарисейтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Йесо бафарста:
[42] «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».
[43] Йесо сын загъта: «Уӕдӕ Йӕ Давид, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй, цӕмӕн хоны Хицау? Мӕнӕ афтӕ куы дзуры:
[44] „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"?
[45] Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид Хицау хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
[46] Ӕмӕ Йесойӕн никӕй бон уыди дзуапп раттын. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йӕм бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.