Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:55

[1] Хуыцауы Фырт Йесо Чырыстийы фарны уацы райдайӕн.

[2] Исай-пехуымпармӕ фыст у: «Мӕнӕ Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ фӕндаг».

[3] «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ"».

[4] Афтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы фӕзынд Иоанн, аргъуыдта донӕй ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын.

[5] Цыдысты йӕм ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы адӕм ӕмӕ ӕппӕт иерусалимӕгтӕ, ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.

[6] Иоанн дардта теуайы хъуынӕй дарӕс, йӕ астӕуыл та уыди гӕрзӕй рон; хордта мӕтыхтӕ ӕмӕ хъӕддаг мыд.

[7] Адӕмӕн дзырдта: «Мӕ фӕдыл ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр. Ӕз ӕргуыбыр кӕнон ӕмӕ Йын Йӕ дзабыры бос райхалон, уый аккаг дӕр нӕ дӕн.

[8] Ӕз сымахыл донӕй аргъуыдтон, Уый та уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй».

[9] Уыцы рӕстӕг Йесо ӕрцыди галилейаг Назаретӕй, ӕмӕ Йыл Иоанн саргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.

[10] Йесо донӕй куы рацӕйхызт, уӕд уайтӕккӕ федта, арвы дуар куыд фегом, уый, ӕмӕ Хуыцауы Уды бӕлонау Уымӕ ӕрцӕйцӕугӕ.

[11] Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».

[12] Уыйадыл Сыгъдӕг Уд Йесойы акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ.

[13] Ӕдзӕрӕг бӕстӕйы Йесо фӕци дыууиссӕдз боны, ӕмӕ Йӕ къахта хӕйрӕг. Йесо уыди сырдты ӕхсӕн, зӕдтӕ Йын лӕггад кодтой.

[14] Иоанны куы ӕрцахстой, уӕд Йесо ӕрцыди Галилеймӕ ӕмӕ хъусын кодта Хуыцауы фарны уац:

[15] «Ӕрцыд афон ӕмӕ ӕрхӕстӕг Хуыцауы Паддзахад! Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл ӕмӕ ӕууӕндут фарны уацыл».

[16] Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта Симоны йе 'фсымӕр Андреимӕ. Уыдон сӕ хызтӕ ӕппӕрстой денджызмӕ, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсджытӕ уыдысты.

[17] Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ скӕндзынӕн адӕмахсджытӕ».

[18] Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ хызтӕ ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.

[19] Йесо уырдыгӕй иуцасдӕр куы ауад, уӕд федта Зеведейы фырт Иаковы йе 'фсымӕр Иоаннимӕ сӕ хызтӕ бӕлӕгъы ӕмпъузгӕйӕ.

[20] Йесо сӕм уайтӕккӕ басидт. Уыдон сӕ фыд Зеведейы ӕмӕ ӕххуырст кусджыты ныууагътой бӕлӕгъы ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.

[21] Ӕрцыдысты Капернауммӕ. Куыддӕр сабат ралӕууыд, афтӕ Йесо бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.

[22] Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын амыдта динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй.

[23] Сӕ синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:

[24] «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».

[25] Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу».

[26] Ӕнӕзӕгъинаг ныууыгъта уыцы адӕймаджы, ныхъхъӕр кодта ӕмӕ дзы рацыд.

[27] Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзи фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн дӕр дӕтты бардзырд, ӕмӕ кӕсынц Йӕ коммӕ».

[28] Ӕппӕт Галилейыл уайтагъд айхъуыст Йесойы кой.

[29] Уыйадыл рацыдысты синагогӕйӕ. Ӕмӕ Йесо Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ бацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ.

[30] Симоны усы мад тӕвднизӕй сади. Ӕмӕ сылгоймаджы тыххӕй уайтӕккӕ загътой Йесойӕн.

[31] Йесо йӕм бацыди, рахӕцыд ын йӕ къухыл ӕмӕ йӕ сыстын кодта. Сылгоймагӕн ӕрхауд йӕ тӕвд, ӕмӕ сын райдыдта кӕстӕриуӕг кӕнын.

[32] Хур куы аныгуылд ӕмӕ куы баизӕр, уӕд Ӕм хӕссын райдыдтой ӕппӕт рынчынты ӕмӕ хӕйрӕджджынты.

[33] Ӕмӕ ӕгас сахар ӕрӕмбырд дуары цурмӕ.

[34] Йесо сдзӕбӕх кодта, алыхуызон низтӕй чи сади, бирӕ ахӕмты, ӕмӕ адӕмӕй расырдта бирӕ дӕлимонтӕ. Дӕлимонтӕн нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ Йӕ зонгӕ кодтой.

[35] Сӕударӕй Йесо сыстад ӕмӕ рацыд, араст хибар ранмӕ ӕмӕ уым куывта.

[36] Симон йе 'мбӕлттимӕ ацыди Йӕ агурӕг.

[37] Ӕмӕ Йӕ куы ссардтой, уӕд Ын загътой: «Адӕм иууылдӕр Дӕу агурынц».

[38] Йесо сын загъта: «Цом хӕстӕг хъӕутӕ ӕмӕ сахартӕм, ӕмӕ уым дӕр хъусын кӕнон фарны уац, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрцыдтӕн».

[39] Ӕмӕ ӕппӕт Галилейы синагогӕты хъусын кодта фарны уац, адӕмӕй сырдта дӕлимонты.

[40] Йесомӕ ӕрцыди хъотырджын, Йӕ разы ӕрхауди зонгуытыл ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта: «Кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».

[41] Йесо йын фӕтӕригъӕд кодта, Йӕ къух радардта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у».

[42] Хъотыр ӕй уыйадыл ныууагъта, ӕмӕ ссыгъдӕг.

[43] Уыйадыл ӕй Йесо уырдыгӕй арвыста. Карз ын бафӕдзӕхста:

[44] «Хъусыс, макӕмӕн мацы зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ кӕй ссыгъдӕг дӕ, уый тыххӕй ӕрхӕсс нывонд, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».

[45] Уый та ацыд, ӕмӕ йыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй дзурын райдыдта алы ран дӕр. Уӕд Йесойӕн ӕргомӕй сахартӕм бацӕуӕн нал уыд, ӕмӕ-иу баззад фӕссахар, адӕм кӕм нӕ уыд, уым. Фӕлӕ Йӕм уӕддӕр цыдысты алырдыгӕй.

Марк — Chapters