[1] Йесо хохӕй куы ӕрхызт, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм.
[2] Ӕрбацыд Ӕм хъотырджын, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, кӕд Дӕ фӕнды, уӕд Дӕ бон у, ӕмӕ мӕ ссыгъдӕг кӕнай».
[3] Йесо радардта Йӕ къух, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ, ссыгъдӕг у». Ӕмӕ уыйадыл ссыгъдӕг йӕ хъотырӕй.
[4] Йесо йын загъта: «Хъусыс, макӕмӕн ӕй зӕгъ, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн, ӕмӕ Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд – кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
[5] Йесо Капернауммӕ куы бацыд, уӕд Ӕм ӕрбацыди сӕдӕйыхицау ӕмӕ Дзы куырдта:
[6] «Хицау, мӕ фӕсдзӕуин хӕдзары хуыссы уӕнгмардӕй ӕмӕ тынг удхар кӕны».
[7] Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн».
[8] Сӕдӕйыхицау Ын зӕгъы: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.
[9] Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».
[10] Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд ӕмӕ Йӕ фӕдыл цӕуджытӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ахӕм уырнындзинад Израилы Ӕз никӕмӕ федтон.
[11] Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады фынгыл ӕрбаддзысты Авраамимӕ, Исаакимӕ ӕмӕ Иаковимӕ.
[12] Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыди, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
[13] Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ уайтӕккӕ йӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх.
[14] Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады федта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ.
[15] Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ йӕ тӕвд ӕрхауд; сылгоймаг сыстад ӕмӕ Йын райдыдта кӕстӕриуӕг кӕнын.
[16] Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ сдзӕбӕх кодта ӕппӕт рынчынты дӕр.
[17] Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый: «Айста нын нӕ рынтӕ ӕмӕ ахаста нӕ низтӕ».
[18] Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ.
[19] Уӕд Ӕм бацыд иу динамонӕг ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕм цӕуай, уырдӕм ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл».
[20] Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн – ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
[21] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз».
[22] Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг баныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».
[23] Ӕмӕ Йесо бӕлӕгъмӕ куы бахызт, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл.
[24] Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ калдысты бӕлӕгъы сӕрты; Йесо та фынӕй уыди.
[25] Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!»
[26] Йесо дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъ уырнджытӕ?» Ӕмӕ сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн радта бардзырд, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
[27] Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
[28] Йесо денджызы иннӕ фарсмӕ, Гадарӕйы бӕстӕмӕ, куы бахӕццӕ, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рацыди дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста.
[29] Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ӕмгъуыдӕй раздӕр нӕ ардӕм хъизӕмарӕй марынмӕ ӕрцыдтӕ?»
[30] Уыдонӕй дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг,
[31] Ӕмӕ дӕлимонтӕ куырдтой Йесойӕ: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ хуыты дзуджы бауадз».
[32] Йесо сын загъта: «Цӕугӕут». Уыдон рацыдысты уыцы дыууӕ адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ хуыты дзуг ӕгасӕй дӕр къардиуӕй денджызмӕ аппӕрста йӕхи, ӕмӕ фесӕфт доны.
[33] Хуыгӕстӕ азгъордтой, бацыдысты сахармӕ ӕмӕ радзырдтой алцӕй тыххӕй дӕр, уыимӕ, хӕйрӕджджынтыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй дӕр.
[34] Сахары ӕппӕт цӕрджытӕ рацыдысты Йесойы размӕ, ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Дзы куырдтой, цӕмӕй ацӕуа сӕ зӕххӕй.