[1] Куы сбон, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сеппӕт дӕр бауынаффӕ кодтой Йесойы тыххӕй, цӕмӕй Йӕ раттой амарынмӕ.
[2] Уӕд Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ радтой иудейаг бӕстӕйы хицау Пилаты къухтӕм.
[3] Йесойӕн кӕй стӕрхон кодтой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд ӕрхудт йӕхиуыл, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ радта алчертӕм ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм,
[4] Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».
[5] Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.
[6] Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын нӕ фӕччы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты».
[7] Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый.
[8] Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хуыйны «Туджы зӕхх».
[9] Уӕд сӕххӕст, Иереми-пехуымпар цы загъта, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы – израилӕгтӕ Йын цы аргъ скодтой, уый.
[10] Ӕмӕ сӕ бафыстой дурынгӕнӕджы зӕххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».
[11] Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстӕйы хицауы раз. Бӕстӕйы хицау Ӕй бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
[12] Ӕмӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ куы зылын кодтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.
[13] Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?»
[14] Йесо йын йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстӕйы хицау стыр дисы бафтыд.
[15] Бӕстӕйы хицаумӕ уыд ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу рауагъта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыд, иу ахӕм ахӕсты.
[16] Уыцы рӕстӕг сӕм уыди зындгонд ахӕст, йӕ ном – Вараввӕ.
[17] Ӕмӕ адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Пилат загъта: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы, ӕви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?»
[18] Пилат зыдта, Йесойы йын йӕ къухтӕм сӕ хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый.
[19] Ӕмӕ ма Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус барвыста зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».
[20] Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй ракурой Вараввӕйы, Йесойы та амарын кӕной.
[21] Бӕстӕйы хицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».
[22] Пилат сӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Сеппӕт дӕр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
[23] Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
[24] Пилат федта, адӕммӕ кӕй ницы хъары, уый; нӕ фӕлӕ ма змӕнтын дӕр райдыдтой. Уӕд райста дон, цӕхсадта йӕ къухтӕ адӕмы раз ӕмӕ загъта: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн ацы тугкалды. Уӕ бар уӕхи».
[25] Адӕм иууылдӕр дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд».
[26] Уӕд сын рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ Йӕ радта дзуарыл байтындзынмӕ.
[27] Уӕд бӕстӕйы хицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой уый галуанмӕ, ӕмӕ Йыл ӕрӕмбырд кодтой ӕгас ӕфсӕддон хай.
[28] Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл скодтой сырх пӕлӕз.
[29] Сбыдтой сындзын кадыхуд ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты сӕ зонгуытыл ӕмӕ Йыл худтысты: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»
[30] Фӕтутӕ Йыл кодтой, стӕй райстой лӕдзӕг ӕмӕ Йын цавтой Йӕ сӕр.
[31] Куы Йӕ бафхӕрдтой, уӕд пӕлӕз раластой, скодтой Йыл Йӕхи дарӕс ӕмӕ Йӕ акодтой байтындзынмӕ.
[32] Куы рацыдысты, уӕд сӕмбӕлдысты иу кириниаг лӕгыл, йӕ ном – Симон; ӕмӕ йын ахӕссын кодтой Йесойы дзуар.
[33] Голгофӕ (ома, Сӕргӕхцы бынат) чи хуыйны, уырдӕм куы бахӕццӕ сты,
[34] Уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы куы ацахуыста, уӕд ӕй нӕ бакуымдта.
[35] Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын хӕлттӕ сӕппӕрстой Йӕ дарӕстыл ӕмӕ сӕ се 'хсӕн байуӕрстой.
[36] Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой.
[37] Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл ныххуыдтой фӕйнӕг; фыст ыл уыди Йӕ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».
[38] Уӕд Ын Йемӕ байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы рахизырдыгӕй, иннӕйы та галиуырдыгӕй.
[39] Йӕ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сӕ сӕртӕ ӕмӕ Йӕ фаудтой:
[40] «Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».
[41] Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытимӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ:
[42] «Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах у; ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл баууӕнддзыстӕм.
[43] Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн"».
[44] Йемӕ тыгъд абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.
[45] Ӕхсӕзӕм сахатӕй фарӕстӕм сахаты онг бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг.
[46] Фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»
[47] Уым чи лӕууыд, уыдонӕй чидӕртӕ уый фехъуыстой ӕмӕ дзырдтой: «Илиамӕ дзуры».
[48] Сӕ иу уайтӕккӕ азгъордта, губкӕ стылдта туаг сӕны, ӕрсагъта йӕ лӕдзӕгыл ӕмӕ йӕ Йесомӕ бадардта баназынмӕ.
[49] Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илиа фервӕзын кӕнынмӕ ӕрцӕуид».
[50] Йесо та ноджы хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
[51] Ӕмӕ Кувӕндоны мидӕг ӕмбӕрзӕн дыууӕ дихы фӕци уӕлейӕ бынмӕ. Зӕхх нынкъуыст, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ ныскъуыдтӕ сты.
[52] Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ чи амард, уыцы сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты,
[53] Ӕмӕ Йесойы райгасы фӕстӕ сыстадысты сӕ ингӕнтӕй, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ федтой.
[54] Сӕдӕйыхицау, стӕй уыимӕ Йесойы чи хъахъхъӕдта, уыдон зӕххӕнкъуыст ӕмӕ, цы ӕрцыди, ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
[55] Уым уыдысты ӕмӕ дӕрддзӕфӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыд, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр;
[56] Уыдонимӕ – магдалӕйаг Мариа, Иаковы ӕмӕ Иосифы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.
[57] Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Иосиф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.
[58] Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы куырдта Йесойы мард. Пилат радта мард раттыны бардзырд.
[59] Иосиф райста марды, батыхта йӕ сыгъдӕг уӕздан кӕттаджы
[60] Ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, йӕ уыцы ног зӕппадзы. Зӕппадзмӕ бацӕуӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди.
[61] Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа уыдысты уым ӕмӕ бадтысты зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ.
[62] Майрӕмбоны фӕстӕ, дыккаг бон, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ,
[63] Ӕмӕ загътой: «Не 'лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы фӕливӕг ма ӕгас куы уыд, уӕд афтӕ загъта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн".
[64] Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртыккаг бонмӕ хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма ӕрцӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн ма зӕгъой: „Мӕрдтӕй райгас". Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй ӕвзӕрдӕр уыдзӕни».
[65] Пилат сын загъта: «Акӕнут ӕфсӕддонтӕ, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ Йӕ хъахъхъӕнут».
[66] Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзмӕ бацӕуӕны сӕвӕрдтой хъахъхъӕнджытӕ, дурыл та – мыхуыр.