Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:21

[1] Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыд, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын фенын кӕной Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ.

[2] Йесо сын загъта: «Уынут ӕппӕт уыдӕттӕ? Ӕцӕг уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы ам дур дурыл нал баззайдзӕн».

[3] Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хибарӕй бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕни Де 'рцыды ӕмӕ дунейы фӕуды афон?»

[4] Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа.

[5] Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.

[6] Ноджы ма фехъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты тыххӕй. Ма тӕрсут – ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый кӕрон нӕма уыдзӕни.

[7] Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ.

[8] Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты.

[9] Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты ӕмӕ уӕ мардзысты, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн уыдзыстут ӕнӕуынон.

[10] Уӕд бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, кӕрӕдзийыл рацӕудзысты гадзрахатӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уындзысты се сӕфт.

[11] Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты.

[12] Ӕмӕ тӕригъӕды сарӕхы аххосӕй бирӕтӕн бамынӕг уыдзӕни сӕ уарзондзинад.

[13] Фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.

[14] Ӕмӕ ацы фарны уац фӕхӕццӕ уыдзӕни дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон.

[15] Уӕдӕ Даниил-пехуымпары дзыхӕй Хуыцау куыд загъта, афтӕ Сыгъдӕг Бынаты „ӕлгъаг гӕныстон" куы фенат, – чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, –

[16] Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.

[17] Уӕлхӕдзар чи уа, уый йӕ хӕдзармӕ ма ӕрхизӕд уырдыгӕй исты рахӕссынмӕ.

[18] Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.

[19] Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ.

[20] Кувут, цӕмӕй уӕ ма бахъӕуа зымӕджы кӕнӕ сабаты лидзын.

[21] Уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕни, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма уыд ӕмӕ нал уыдзӕн, ахӕм стыр бӕллӕх.

[22] Ӕмӕ уыцы бонтӕ Хуыцау куы нӕ фӕцыбыр кодтаид, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕцыбыр кӕндзӕн.

[23] Уӕд уын исчи куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти", кӕнӕ: „Уым ис", – ма уӕ бауырнӕд.

[24] Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, асайой ӕвзӕрстыты дӕр.

[25] Ныр уын уыдӕтты тыххӕй загътон рагацау.

[26] Уӕдӕ уын куы зӕгъой: „Чырысти ӕдзӕрӕг ран ис", – ма ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис Уый", – ма уӕ бауырнӕд.

[27] Уымӕн ӕмӕ, ӕрвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр.

[28] Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты цӕргӕстӕ.

[29] Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд баталынг уыдзӕни хур, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.

[30] Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Скӕудзысты ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ.

[31] Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе 'взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзысты алы рӕттӕй – арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.

[32] Райсут цӕвиттонӕн легъуибӕлас: йӕ къалиутӕ куы сфӕлмӕн вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауынц, уӕд фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс.

[33] Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, афон кӕй ӕрӕввахс, ныридӕгӕн къӕсӕрыл кӕй ис, уый.

[34] Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой.

[35] Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.

[36] Уыцы бон ӕмӕ сахаты тыххӕй ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт – ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.

[37] Фӕлӕ Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыды рӕстӕг дӕр.

[38] Цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бацыд ӕмӕ доны хъаймӕт нӕ райдыдта, уӕдмӕ хордтой ӕмӕ нуӕзтой, хастой устытӕ ӕмӕ цыдысты моймӕ.

[39] Ӕмӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, цалынмӕ доны хъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ сеппӕты дӕр фесӕфта, уӕдмӕ. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн.

[40] Уӕд дыууӕ лӕджы уыдзысты быдыры – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.

[41] Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор – сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.

[42] Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.

[43] Сымахӕн зындгонд у: хуыснӕг кӕцы сахатыл ӕрцӕудзӕн, уый хӕдзары хицау куы зыдтаид, уӕд уыдаид къӕрцхъус ӕмӕ йӕ хӕдзар фӕкъахын нӕ бауагътаид.

[44] Уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт.

[45] Чи у иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар? Хӕринаг сын афоныл дӕттыны тыххӕй хӕдзары хицау йӕ цагъартӕн хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдзӕн?

[46] Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау куы ӕрцӕуа, уӕд афтӕмӕй кӕй ӕрӕййафа.

[47] Ӕцӕг уын зӕгъын, йеппӕт исбон бакӕндзӕн уый бар.

[48] Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа: „Мӕ хицау рӕхджы не 'рцӕудзӕн",

[49] Ӕмӕ куы байдайа йе 'мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ хӕрын ӕмӕ нуазын,

[50] Уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау ӕрцӕудзӕн, кӕд ӕм не 'нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон, ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат,

[51] Ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын цӕстмӕхъусты хал ахӕрын кӕндзӕн. Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.

Матфей — Chapters