[1] Йесо Чырыстийы – Авраам ӕмӕ Давиды байзӕддаджы – хӕдзарвӕндаг.
[2] Авраамӕй райгуырд Исаак; Исаакӕй райгуырд Иаков; Иаковӕй райгуырдысты Иудӕ ӕмӕ йе 'фсымӕртӕ;
[3] Иудӕйӕн Фамарӕй райгуырдысты Фарес ӕмӕ Зара; Фаресӕй райгуырд Есром; Есромӕй райгуырд Арам;
[4] Арамӕй райгуырд Аминадав; Аминадавӕй райгуырди Наассон; Наассонӕй райгуырди Салмон;
[5] Салмонӕн Рахавӕй райгуырд Вооз; Воозӕн Руфӕй райгуырд Овид; Овидӕй райгуырд Иессей;
[6] Иессейӕ райгуырди паддзах Давид; Давидӕн Урийы усӕй райгуырди Соломон;
[7] Соломонӕй райгуырди Ровоам; Ровоамӕй райгуырд Ави; Авийӕ райгуырд Аса;
[8] Асайӕ райгуырд Иосафат; Иосафатӕй райгуырд Иорам; Иорамӕй райгуырд Ози;
[9] Озийӕ райгуырд Иоафам; Иоафамӕй райгуырд Ахаз; Ахазӕй райгуырд Езеки;
[10] Езекийӕ райгуырди Манасси; Манассийӕ райгуырд Амон; Амонӕй райгуырд Иоси;
[11] Иосийӕ райгуырдысты Иехони ӕмӕ йе 'фсымӕртӕ. Уыцы рӕстӕг иудейты сыстын кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Вавилонмӕ.
[12] Вавилонмӕ арвитыны фӕстӕ Иехонийӕ райгуырди Салафиил; Салафиилӕй райгуырди Зоровавел;
[13] Зоровавелӕй райгуырд Авиуд; Авиудӕй райгуырд Элиаким; Элиакимӕй райгуырд Азор;
[14] Азорӕй райгуырди Садок; Садокӕй райгуырд Ахим; Ахимӕй райгуырд Элиуд;
[15] Элиудӕй райгуырд Элеазар; Элеазарӕй райгуырди Матфан; Матфанӕй райгуырд Иаков;
[16] Иаковӕй райгуырди Мариайы мой Иосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.
[17] Афтӕмӕй Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕт уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ арвитыны онг – цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Вавилонмӕ арвитыны заманӕй Чырыстийы онг – цыппӕрдӕс фӕлтӕры.
[18] Йесо Чырыстийы райгуырд уыди афтӕ. Йӕ Мад Мариа куырдуаты бадт Иосифӕн, ӕмӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг, Мариа Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ кӕй банхъӕлцау.
[19] Йӕ мой Иосиф раст адӕймаг уыди, фӕлӕ йӕ Мариайы адӕмы цӕсты бафтауын кӕй нӕ фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта сусӕгӕй Йӕ ауадзын.
[20] Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрд, уӕд ӕм фыны фӕзынд Хуыцауы зӕд ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Иосиф! Ма тӕрс дӕ ус Мариайы дӕ хӕдзармӕ ӕрбахонынӕй – Йӕ гуыбыны Чи сӕвзӕрди, Уый Сыгъдӕг Удӕй у.
[21] Ныййардзӕни Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕмы фервӕзын кӕндзӕни сӕ тӕригъӕдтӕй».
[22] Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхӕй цы загъта, уый:
[23] «Ӕнӕцыд Чызг банхъӕлцау уыдзӕни, ныййардзӕни Фырт, ӕмӕ Йӕ схондзысты Эммануил» (ома, «Хуыцау немӕ ис»).
[24] Иосиф куы райхъал, уӕд бакодта, Хуыцауы зӕд ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ – йӕ усы ӕрбахуыдта йӕ хӕдзармӕ.
[25] Ӕмӕ Йӕм ӕмгӕрон нӕ бацыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт; ӕмӕ Йӕ Иосиф схуыдта Йесо.