Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:39

[1] Уӕд Йесо дзурын райдыдта адӕмӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн:

[2] «Моисейы бадӕны ӕрбадтысты динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ.

[3] Ӕмӕ уын цы зӕгъынц, уый кӕнут, фӕлӕ сын сӕ хъуыддӕгтӕ ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ уыдон цы фӕзӕгъынц, уый сӕхӕдӕг нӕ кӕнынц.

[4] Бӕттынц уӕззау, зынхӕссӕн уӕргътӕ ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц адӕмы ӕккой, сӕхӕдӕг та сӕм сӕ ныхы кӕронӕй дӕр не 'вналынц.

[5] Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Ӕфтауынц се 'вӕрӕнты уӕрхыл ӕмӕ сӕ дарӕсы коцоратыл;

[6] Уарзынц минасы фынгтыл уӕле ӕмӕ синагогӕты раззаг бынӕтты бадын;

[7] Уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм кӕной арфӕтӕ ӕмӕ сӕ хоной: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!"

[8] Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Ахуыргӕнӕг – Чырысти, сымах та уеппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.

[9] Ӕмӕ зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу фыд ис – Уӕларвон Фыд.

[10] Зондамонджытӕ дӕр уӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын ис иу Зондамонӕг – Чырысти.

[11] Уе 'хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг.

[12] Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕни. Йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕни.

[13] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Адӕмӕн ӕхгӕнут Уӕларвон Паддзахадмӕ дуар; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут, ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.

[14] [Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах хӕрут идӕдзты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ бирӕ кувут цӕстмӕ. Уый тыххӕй баййафдзыстут карз ӕфхӕрд.]

[15] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах ӕрзилут денджыз ӕмӕ зӕххыл, цӕмӕй иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат уӕ динмӕ, ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд дзы скӕнут зындоны хъӕбул – уӕхицӕй дыууӕ хатты ӕвзӕрдӕр.

[16] Сар уӕ сӕр, куырм фӕтӕгтӕ! Сымах дзурут: „Исчи Кувӕндонӕй куы басомы кӕна, уӕд уый ницы у, фӕлӕ Кувӕндоны сызгъӕринӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы ма басӕттӕд".

[17] Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у, сызгъӕрин ӕви Кувӕндон – сызгъӕрин сыгъдӕггӕнӕг?

[18] Ноджы фӕзӕгъут: „Нывондхӕссӕнӕй исчи куы басомы кӕна, уӕд уый ницы у, фӕлӕ нывондхӕссӕныл цы нывонд ис, уымӕй чи басомы кӕна, уый йӕ сомы ма басӕттӕд".

[19] [Ӕдылытӕ ӕмӕ] куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у, нывонд ӕви нывондхӕссӕн – нывонд сыгъдӕггӕнӕг?

[20] Уӕдӕ нывондхӕссӕнӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны нывондхӕссӕнӕй дӕр ӕмӕ йыл цы ӕвӕрд ис, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕр.

[21] Кувӕндонӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны кувӕндонӕй, стӕй дзы Чи цӕры, Уымӕй дӕр.

[22] Арвӕй сомыгӕнӕг сомы кӕны Хуыцауы бадӕнӕй ӕмӕ уыцы бадӕны Бадӕгӕй.

[23] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, хъонтхора ӕмӕ зирайы дӕсӕймаг хай дӕттут, йӕ ахъаззӕгтӕ – рӕстдзинад, иннӕйы барӕвдауын ӕмӕ уырнындзинад та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлд адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ ныууадзын.

[24] Куырм фӕтӕгтӕ, къогъойы чи фӕрсудзы ӕмӕ теуайы чи ныхъуыры!

[25] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут; дзаг цӕмӕй сты, уый та уӕ къухы бафтыд, кӕрӕф ӕмӕ ӕнӕфсис кӕй стут, уый руаджы.

[26] Куырм фарисей! Фыццаг уал къус ӕмӕ тӕбӕгъ ссыгъдӕг кӕн мидӕгӕй, ӕмӕ уӕд ӕддейӕ дӕр уыдзысты сыгъдӕг.

[27] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах чъырӕйцагъд зӕппӕдзты хуызӕн стут – уыдон ӕддейӕ рӕсугъд зынынц, мидӕгӕй та дзаг сты мӕрдты стджытӕ ӕмӕ алы чъизитӕй.

[28] Афтӕ сымах дӕр уӕ бакастӕй адӕммӕ рӕстгӕнджытӕ кӕсут, мидӕгӕй та дзаг стут цӕстмӕми ӕмӕ тӕригъӕдӕй.

[29] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Пехуымпартӕн аразут зӕппӕдзтӕ, рӕсугъд кӕнут рӕстыты цыртытӕ,

[30] Ӕмӕ фӕзӕгъут: „Нӕ фыдӕлты рӕстӕг куы цардаиккам, уӕд пехуымпарты туг ныккалджытимӕ ӕмдзӕхдон нӕ уыдаиккам".

[31] Афтӕмӕй ӕвдисӕн лӕуут уӕхи ныхмӕ, пехуымпарты марджыты байзӕддаг кӕй стут, уый тыххӕй.

[32] Уӕдӕ бафтаут уӕ фыдӕлты азымыл.

[33] Кӕлмытӕ ӕмӕ калмы цот! Куыд фервӕздзыстут зындонмӕ уӕ ныппарыны тӕрхонӕй?

[34] Уый тыххӕй уӕм мӕнӕ Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, зондджынты ӕмӕ динамонджыты. Иуты дзы амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты нӕмдзыстут ехсӕй уӕ синагогӕты ӕмӕ сӕ сурдзыстут иу сахарӕй иннӕ сахармӕ.

[35] Уымӕ гӕсгӕ уын, зӕххыл цы рӕстаг туг фӕкалд, уый иууылдӕр фидинаг у: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг.

[36] Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕппӕт уыцы фыдракӕндты тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн ацы фӕлтӕр.

[37] Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!

[38] Ныр уын уӕ хӕдзар уагъдӕуы ӕнӕхицау ӕмӕ афтидӕй.

[39] Уымӕн ӕмӕ уын зӕгъын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!", уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».

Матфей — Chapters