[1] Уыцы рӕстӕг ӕлдариуӕггӕнӕг Ирод фехъуыста Йесойы кой,
[2] Ӕмӕ йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: «Уый Аргъауӕг Иоанн у. Мӕрдтӕй райгас ӕмӕ уый тыххӕй аразы диссӕгтӕ».
[3] Уымӕй размӕ Ирод йе 'фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй ӕрцахста Иоанны, сбаста йӕ рӕхыстӕй, ӕмӕ йӕ бакодта ахӕстоны.
[4] Уымӕн ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Нӕ дын ӕмбӕлы уыимӕ цӕрын».
[5] Ироды фӕндыд Иоанны амарын, фӕлӕ тарст адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.
[6] Фӕлӕ Иродӕн йӕ райгуырӕн бон куы уыд, уӕд Иродиадӕйы чызг кафыд уазджыты раз. Уымӕй Ироды зӕрдӕ балхӕдта,
[7] Ӕмӕ Ирод расомы кодта, цы ракура, уый йын раттыны тыххӕй.
[8] Чызг йӕ мады ардыдӕй загъта: «Гъертӕккӕ мын ардӕм тӕбӕгъы Аргъауӕг Иоанны сӕр ӕрбахӕсс».
[9] Паддзах фенкъард, фӕлӕ йӕ сомымӕ гӕсгӕ ӕмӕ йемӕ минасгӕнджыты ӕфсӕрмӕй радта йӕ курдиат ын сӕххӕст кӕныны бардзырд.
[10] Арвыста Иоаннмӕ, ӕмӕ йын ахӕстоны акъуырын кодта йӕ сӕр.
[11] Иоанны сӕр ӕрбахастой тӕбӕгъы ӕмӕ йӕ радтой чызгмӕ, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ.
[12] Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты, ахастой йын йӕ мард ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ уый тыххӕй радзырдтой Йесойӕн.
[13] Йесо уый куы фехъуыста, уӕд уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй ацыд хибар ранмӕ. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй фистӕгӕй ацыдысты Йӕ фӕдыл.
[14] Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд федта бирӕ адӕм ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.
[15] Куы баизӕр, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон. Ауадз адӕмы, ацӕуой хъӕутӕм ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».
[16] Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуын сӕ нӕ хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг».
[17] Дзуапп Ын радтой: «Ам махмӕ ис ӕрмӕстдӕр фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».
[18] Уый сын загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут».
[19] Йесо адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, стӕй райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скаст уӕларвмӕ, арфӕ ракодта, асаста дзултӕ ӕмӕ сӕ радта ахуыргӕнинӕгтӕм, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмӕн.
[20] Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг дыууадӕс чыргъӕды.
[21] Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты фондз мин лӕджы бӕрц.
[22] Йесо ахуыргӕнинӕгты уайтагъд сбадын кодта бӕлӕгъы ӕмӕ сӕ Йӕ разӕй арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ; Йӕхӕдӕг уал баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ.
[23] Ӕмӕ адӕмы куы ауагъта, уӕд хибарӕй бакувынмӕ ссыди хохмӕ, ӕмӕ куы баизӕр, уӕд дӕр ма уым уыд иунӕгӕй.
[24] Бӕлӕгъ та уыцы рӕстӕг адард и денджызы былӕй, ӕмӕ йӕ уылӕнтӕ хостой, уымӕн ӕмӕ цыди дымгӕйы ныхмӕ.
[25] Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй.
[26] Ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый цӕстылуайӕн у». Ӕмӕ сӕ фыртӕссӕй ныхъхъӕр кодтой.
[27] Фӕлӕ сӕм Йесо уайтӕккӕ сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут».
[28] Петр Ын загъта: «Хицау, кӕд уый Ды дӕ, уӕд мын зӕгъ, цӕмӕй Дӕм доныл къахӕй бацӕуон».
[29] Йесо йын дзуапп радта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй, къахӕй араст доныл, ӕмӕ бацыд Йесомӕ.
[30] Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!»
[31] Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, ныххӕцыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъ уырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
[32] Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ банцади.
[33] Бӕлӕгъы чи уыд, уыдон ӕрзоныгыл сты Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт дӕ».
[34] Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисареты цурмӕ.
[35] Уымы адӕм Йесойы куы базыдтой, уӕд фехъусын кодтой ӕппӕт алфамбылайы дӕр. Ӕрхастой Йӕм ӕппӕт рынчынты,
[36] Хатыдысты Йӕм, цӕмӕй сӕ бауадза уӕд та Йӕ пӕлӕзы коцорайыл бандзӕвын; ӕмӕ-иу чидӕриддӕр бандзӕвыд, уыдон-иу сдзӕбӕх сты.