Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:41

[1] Уӕд Иерусалимӕй Йесомӕ ӕрцыдысты фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ, ӕмӕ Йын загътой:

[2] «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Сӕ къухтӕ не 'хсынц, афтӕмӕй хӕрынц».

[3] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах та уӕхи ӕгъдауы сӕраппонд цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст?

[4] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады", ӕмӕ: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд".

[5] Сымах та дзурут: „Йӕ фыдӕн кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй цы хъуамӕ айстаис, уый мын Хуыцауӕн лӕвар у, зӕгъгӕ,

[6] Уыцы адӕймаджы йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы". Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.

[7] Цӕстмӕхъустӕ! Сымах тыххӕй Исай-пехуымпар хорз загъта:

[8] „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.

[9] Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц; цӕуыл ахуыр кӕнынц, уыдон адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттӕ сты"».

[10] Йесо басидт адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!

[11] Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи».

[12] Уӕд Ӕм ӕрбацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн кӕй фӕхъыг сты, уый зоныс?»

[13] Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ Уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой рӕдывд ӕрцӕудзӕн ӕд уидӕгтӕ.

[14] Ныууадзут сӕ, уыдон куырмыты куырм фӕтӕгтӕ сты. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ныххаудзысты уӕрмы».

[15] Уӕд Ӕм Петр бахатыд: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».

[16] Йесо загъта: «Ау, сымах дӕр ныр дӕр ма афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут?

[17] Ӕви йӕ нӕ зонут, дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?

[18] Дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.

[19] Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ рацӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.

[20] Ӕппӕт уыдӕттӕ чъизи кӕнынц адӕймаджы, ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын та йӕ нӕ кӕны чъизи».

[21] Йесо араст уырдыгӕй, ӕмӕ ӕрцыд Тир ӕмӕ Сидоны зӕхмӕ.

[22] Рацыд Ӕм уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Хицау, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын у ӕмӕ удхар кӕны».

[23] Фӕлӕ йын Йесо иу ныхасӕй дӕр дзуапп нӕ лӕвӕрдта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».

[24] Йесо дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».

[25] Фӕлӕ Йӕм сылгоймаг бацыд, ӕрзоныгыл Йӕ разы ӕмӕ загъта: «Хицау, баххуыс мын кӕн».

[26] Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нӕу сывӕллӕтты къӕбӕр райсын ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппарын».

[27] Сылгоймаг загъта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сӕ хицӕутты фынгӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фӕхӕрынц».

[28] Уӕд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дӕ уырнындзинад! Сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ чызг уайтӕккӕ сдзӕбӕх.

[29] Йесо араст уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.

[30] Ӕрбацыд Ӕм дзӕвгар адӕм къуылыхтимӕ, куырмытимӕ, цӕнкуылтимӕ, ӕгомыгтимӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынтимӕ, ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты цур, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.

[31] Адӕм куы федтой ӕгомыгты дзургӕйӕ, цӕнкуылты ӕнӕнизӕй, къуылыхты цӕугӕйӕ ӕмӕ куырмыты сӕ цӕстӕй ракӕсгӕйӕ, уӕд дисы бафтыдысты, ӕмӕ кад кодтой Израилы Хуыцауӕн.

[32] Йесо басидт Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ цы бахӕрой, уый сӕм нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды, науӕд бастайдзысты фӕндагыл».

[33] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Утӕппӕт адӕм бафсадыны фаг дзултӕ ам, ӕдзӕрӕг ран, куыд самал кӕнӕм?»

[34] Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, стӕй ма цалдӕр гыццыл кӕсаджы».

[35] Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл,

[36] Райста авд дзулы ӕмӕ кӕсӕгтӕ, арфӕ ракодта, асаста сӕ ӕмӕ сӕ радта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ та сӕ байуӕрстой адӕмӕн.

[37] Сеппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Ӕмӕ ма цы уӕлдӕйттӕ баззад, уыдонӕй байдзаг авд чыргъӕды.

[38] Хӕргӕ чи кодта, уыдон та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты цыппар мин лӕджы.

[39] Уӕд Йесо ауагъта адӕмы, бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ ӕрцыди Магдалӕйы зӕхмӕ.

Матфей — Chapters