[1] Уымӕн ӕмӕ райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ ӕххуырсынмӕ чи рацыд, Уӕларвон Паддзахад уыцы хицауы хуызӕн у.
[2] Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕнӕфсирдонмӕ.
[3] Ӕртыккӕгӕм сахатмӕ хӕстӕг та рацыд ӕмӕ федта, сахары фӕзы ӕгуыстӕй чи лӕууыд, ахӕмты.
[4] Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ цы ӕмбӕла, уый уын бафиддзынӕн". Уыдон ацы- дысты.
[5] Ноджы рацыд ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, стӕй фарӕстӕм сахатмӕ хӕстӕг, ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.
[6] Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ хӕстӕг, федта та ӕндӕр ӕгуыст адӕм ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?"
[7] Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста". Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ [ӕмӕ цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]".
[8] Куы баизӕр, уӕд сӕнӕфсирдоны хицау йӕ исбонӕн уынаффӕгӕнӕгӕн загъта: „Басид кусджытӕм ӕмӕ сын мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыди, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыди, уыдонӕн та – фӕстӕдӕр".
[9] Иуӕндӕсӕм сахатмӕ хӕстӕг чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары.
[10] Раздӕр чи ӕрбацыд, уыдон ӕнхъӕл уыдысты, фылдӕр райсдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары.
[11] Ӕмӕ мызд куы райстой, уӕд сӕнӕфсирдоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын.
[12] Уыдон дзырдтой: „Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын махимӕ ӕмхуызон бакодтай, мах та ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам".
[13] Уӕд ай сӕ иуӕн ахӕм дзуапп радта: „Хӕлар, ӕз дӕ хъыджы нӕ бацыдтӕн. Мемӕ динарыл нӕ бафидыдтай?
[14] Цы дӕм ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Дӕуӕн цас радтон, мӕн та фӕстӕдӕр ӕрбацӕуӕгӕн дӕр уыйбӕрц раттын фӕнды.
[15] Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви ӕз рӕдау кӕй дӕн, уый дӕ цӕст нӕ уарзы?"
[16] Афтӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та уыдзысты фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – чысыл.]»
[17] Йесо Иерусалиммӕ куы цыди, уӕд фӕндагыл фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта:
[18] «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕм ӕмӕ динамонджытӕм. Рахӕсдзысты Йын марыны тӕрхон
[19] Ӕмӕ Йӕ ратдзысты муртаттӕм, цӕмӕй Дзы уыдон фӕхынджылӕг кӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ байтындзой, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
[20] Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, Йӕ разы ӕрзоныгыл ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй.
[21] Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахиз фарс, иннӕ та – Дӕ галиу фарс».
[22] Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не 'мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхц нуаздзынӕн, уый баназын [кӕнӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕн уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн».
[23] Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхц нуаздзыстут [ӕмӕ Мӕныл цы аргъуыдӕй аргъуыдӕуы, уымӕй уыл саргъуыдӕуыдзӕн]. Мӕ рахиз фарс ӕмӕ Мӕ галиу фарс сбадын та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, фӕлӕ уыцы бынӕттӕ Мӕ Фыд кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон дзы сбаддзысты».
[24] Уый дӕс ахуыргӕнинаджы куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ.
[25] Йесо басидти сеппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтӕн кӕй хицауиуӕг кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый.
[26] Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Фӕлӕ уӕ уӕлдӕр уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг;
[27] Ӕмӕ уӕ фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар.
[28] Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не 'рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты ссӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».
[29] Иерихонӕй куы рараст сты, уӕд Йесойы фӕдыл цыди бирӕ адӕм.
[30] Дыууӕ куырмы бадтысты фӕндаггӕрон. Йесо сӕ рӕзты кӕй ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд ныхъхъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
[31] Адӕм уыдонӕй домдтой, цӕмӕй ныссабыр уой, фӕлӕ ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
[32] Йесо ӕрлӕууыди, басидти сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды? Цы уын саразон?»
[33] Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды нӕ цӕстытӕй ракӕсын».
[34] Йесо фӕтӕригъӕд кодта куырмытӕн ӕмӕ сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм. Уыдон уайтӕккӕ ракастысты сӕ цӕстытӕй ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл.