Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:41

[1] Иерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йесо арвыста дыууӕ ахуыргӕнинаджы,

[2] Ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут, уӕ ныхмӕ цы хъӕу ис, уырдӕм. Уым уайтӕккӕ ссардзыстут баст хӕрӕджы къӕлӕуимӕ. Суадзут сӕ ӕмӕ сӕ ӕркӕнут Мӕнмӕ.

[3] Исчи уын исты куы зӕгъа, уӕд дзуапп раттут, уыдон Хицауы хъӕуынц, зӕгъгӕ, ӕмӕ уын сӕ уайтӕккӕ ратдзысты».

[4] Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпары дзыхӕй цы загъдӕуыд, уый:

[5] «Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ ӕвӕлмас Паддзах фӕцӕуы хӕрӕгыл ӕмӕ ӕрыгон къӕлӕуыл – кусӕг хӕрӕджы лӕппыныл – бадгӕйӕ».

[6] Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ бакодтой, Йесо сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

[7] Ӕркодтой хӕрӕг ӕмӕ къӕлӕуы, ӕрӕвӕрдтой сыл сӕ дарӕстӕ, ӕмӕ Йесо сӕ уӕлӕ сбадти.

[8] Бирӕ адӕм сӕ дарӕстӕ байтыдтой фӕндагыл, иннӕтӕ та лыг кодтой бӕлӕсты къалиутӕ ӕмӕ сӕ калдтой фӕндагмӕ.

[9] Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыд, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»

[10] Йесо Иерусалиммӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд ӕмӕ фарстой: «Уый Чи у?»

[11] Адӕм та дзырдтой: «Уый Йесо-пехуымпар у, галилейаг Назаретӕй».

[12] Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ – уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй – сеппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та – сӕ бандӕттӕ.

[13] Ӕмӕ сын загъта: «Фыст у: „Мӕ хӕдзар кувӕн хӕдзар схуындӕуыдзӕн"; сымах та дзы абырджыты лӕгӕт аразут».

[14] Кувӕндоны Йӕм бацыдысты куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.

[15] Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдӕттӕ алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ куы федтой, стӕй Кувӕндоны «Осаннӕ Давиды Фыртӕн!», зӕгъгӕ, чи хъӕр кодта, уыцы сывӕллӕтты, уӕд смӕсты сты,

[16] Ӕмӕ Йын загътой: «Хъусыс, цытӕ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, никуы бакастыстут: „Ды бакодтай афтӕ, ӕмӕ сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕ стауынц Дӕу"?»

[17] Йесо сӕ ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе 'хсӕв арвыста уым.

[18] Райсомӕй раджы сахармӕ куы здӕхтысты, уӕд Йесо сыстонг.

[19] Фӕндаггӕрон федта иу легъуибӕлас, бацыд ӕм, фӕлӕ йыл сыфтӕрты йеддӕмӕ ницы ссардта. Уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл мыггагмӕ иу гага дӕр мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуибӕлас уайтӕккӕ бахус.

[20] Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ дзырдтой: «Легъуибӕлас уайтӕккӕ куыд бахус?»

[21] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: уырнындзинад уӕм куы уа ӕмӕ куы нӕ фӕгуырысхо уат, уӕд бакӕндзыстут, легъуибӕласыл цы ӕрцыд, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ацы хохӕн дӕр куы зӕгъат: „Фӕхицӕн у зӕххӕй ӕмӕ денджызы дӕхи баппар", – уӕд уыдзӕн афтӕ.

[22] Ӕмӕ уӕм уырнындзинад куы уа, уӕд уӕ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут».

[23] Йесо Кувӕндонмӕ куы ӕрцыд ӕмӕ адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ, ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды цавӕр хъаруйӕ кӕныс ӕппӕт уыдӕттӕ? Уыцы бар Дын чи радта?»

[24] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз дӕр уӕ бафӕрсдзынӕн цӕмӕйдӕр, ӕмӕ Мын дзуапп куы раттат, уӕд уын зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.

[25] Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый кӕмӕй уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй" куы зӕгъӕм, уӕд бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ цӕуылнӕ баууӕндыдыстут Иоанныл?"

[26] „Адӕмӕй" куы зӕгъӕм, уӕд та нын адӕмӕй тӕссаг у, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».

[27] Ӕмӕ дзуапп радтой Йесойӕн: «Нӕ зонӕм». Йесо дӕр сын загъта: «Уӕдӕ уын Ӕз дӕр нӕ зӕгъдзынӕн, цавӕр хъаруйӕ сӕ кӕнын, уый.

[28] Куыд уӕм кӕсы? Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Бацыди сӕ иумӕ ӕмӕ йын загъта: „Мӕ хъӕбул, ацу ӕмӕ абон бакус мӕ сӕнӕфсирдоны".

[29] Уый дзуапп радта: „Нӕ мӕ фӕнды", фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрхудт йӕхиуыл ӕмӕ ацыди.

[30] Бацыд иннӕ фыртмӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр загъта афтӕ. Уый йын дзуапп радта: „Фӕцӕуын, ме 'лдар", фӕлӕ нӕ ацыди.

[31] Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Йесо сын загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбайтӕ уӕ разӕй цӕуынц Хуыцауы Паддзахадмӕ.

[32] Уымӕн ӕмӕ Иоанн ӕрцыди сымахӕн раст фӕндаг бацамонынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут, хъалонисджытӕ ӕмӕ йыл хъахбайтӕ та баууӕндыдысты. Сымах уый федтат, фӕлӕ уӕддӕр не 'рфӕсмон кодтат ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут.

[33] Байхъусут ӕндӕр фӕсномыг ныхасмӕ. Иу хицау ныссагъта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, скъахта дзы сӕндуцӕн, самадта дзы мӕсыг, радта йӕ ӕххуырст кусджытӕм ӕмӕ ацыди балцы.

[34] Гагадыргъты рӕгъӕдафон куы ӕрхӕстӕг, уӕд йӕ цагъарты йӕ сӕнӕфсир райсынмӕ арвыста ӕххуырст кусджытӕм.

[35] Ӕххуырст кусджытӕ йын ӕрцахстой йӕ цагъарты, ӕмӕ дзы кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та дзы дуртӕй фӕхостой.

[36] Арвыста сӕм ӕндӕр цагъарты – фыццӕгтӕй фылдӕр. Ӕмӕ уыдонӕн дӕр бакодтой афтӕ.

[37] Ӕппынфӕстаг сӕм арвыста йӕ фырты; загъта, мӕ фыртӕй мын фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ.

[38] Фӕлӕ йын ӕххуырст кусджытӕ йӕ фырты куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн загътой: „Уый йӕ бындар у. Цом, амарӕм ӕй, ӕмӕ йын йӕ бынтӕ нӕхи бакӕнӕм".

[39] Ӕмӕ йӕ ӕрцахстой, раппӕрстой йӕ сӕнӕфсирдонӕй ӕмӕ йӕ амардтой.

[40] Ныр сӕнӕфсирдоны хицау куы ӕрцӕуа, уӕд цы бакӕндзӕн уыцы ӕххуырст кусджытӕн?»

[41] Йесойӕн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгӕнджыты амардзӕни хъизӕмары мӕлӕтӕй, сӕнӕфсирдон та ратдзӕн ӕндӕр ӕххуырст кусджытӕм, афоныл ын сӕнӕфсир чи дӕтта, ахӕмтӕм».

[42] Йесо сын загъта: «Ау, Сыгъдӕг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси сӕрӕвӕрӕн. Уый Хуыцауы фӕндӕй у, ӕмӕ уыцы диссаг мах уынӕм"?

[43] Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын, сымахӕй ист ӕрцӕудзӕни Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕни, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн.

[44] Уыцы дурыл чи ӕрхауа, уый ныппырх уыдзӕн, йӕхӕдӕг кӕуыл ӕрхауа, уый та ныцъцъӕл кӕндзӕн».

[45] Алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд бамбӕрстой, уыдоны тыххӕй кӕй дзырдта, уый.

[46] Ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Йӕ адӕм пехуымпарыл нымадтой.

Матфей — Chapters