[1] Фыццаг чиныг, Феофил, ӕз ныффыстон, Йесо тӕккӕ райдианӕй, уӕлӕрвтӕм Ӕй куы систӕуыд, уӕды онг цы куыста ӕмӕ цӕуыл ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.
[2] Кӕй сӕвзӕрста, уыцы апостолтӕн Йӕ ацыды размӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы загъта, цы гӕнгӕ сын у, уый тыххӕй.
[3] Йӕ тухӕнты фӕстӕ Йесо бирӕ хӕттыты ӕрцыд апостолтӕм ӕмӕ сын бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй равдыста, ӕцӕг кӕй райгас, уый. Йӕхи сын уынын кодта дыууиссӕдз боны дӕргъы ӕмӕ сын дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.
[4] Иухатт сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Иерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ.
[5] Уымӕн ӕмӕ Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та цалдӕр боны фӕстӕ аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй».
[6] Апостолтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Ӕй бафарстой: «Хицау, Израилы паддзахад йӕ къӕхтыл ныртӕккӕ слӕууын кӕндзынӕ?»
[7] Йесо сын загъта: «Сымахӕн не 'мбӕлы, Мӕ Фыд Йӕ бартӕм гӕсгӕ цы рӕстӕджытӕ ӕмӕ ӕмгъуыдтӕ сӕвӕрдта, уыдон зонын.
[8] Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд райсдзыстут тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Иерусалимы, ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕронмӕ».
[9] Уыцы ныхӕстӕ зӕгъыны фӕстӕ сӕ цӕстыты раз Йесойы систӕуыд, ӕврагъ Ӕй ӕрбатыхта ӕмӕ Йӕ апостолтӕ нал федтой.
[10] Йесо уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр куы цыд ӕмӕ сӕ цӕстытӕ арвӕй куы нал истой, уӕд ӕваст сӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы урс-урсид дарӕсы,
[11] Ӕмӕ загътой: «Галилейаг лӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, уыцы Йесо ӕрыздӕхдзӕн, ныртӕккӕ Йӕ уӕлӕрвтӕм ацӕугӕ куыд федтат, афтӕ».
[12] Уӕд апостолтӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ, Елеон цы хох хуындӕуы, уымӕй. Уыцы хох Иерусалиммӕ хӕстӕг у – сабаты бонцауы дӕрддзӕфӕн.
[13] Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
[14] Сеппӕт дӕр иудадзыг куывтой ӕнувыдӕй ӕмӕ ӕмзӕрдӕйӕ; семӕ ма уыдысты сылгоймӕгтӕ, стӕй Йесойы Мад Мариа ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ.
[15] Иухатт Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз
[16] (Уыди дзы сӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Уд развӕлгъау Сыгъдӕг Фысты Давиды дзыхӕй Иудӕйы тыххӕй цы загъта, уый – Иудӕ сси, Йесойы чи ӕрцахста, уыдоны ӕрбакӕнӕг,
[17] Кӕд махӕй уыди ӕмӕ йӕм немӕ кусыны хал ӕрхауди, уӕддӕр.
[18] Йӕ фыдракӕнды тыххӕй цы мызд райста, уымӕй балхӕдта зӕхх; уым ӕрхауд, йӕ гуыбын аскъуыд ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттӕ иууылдӕр ракалдысты.
[19] Уый базыдтой Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ, ӕмӕ уыцы зӕхх сӕ мадӕлон ӕвзагыл схуындӕуыд Акелдамӕ (ома, Туджы зӕхх).
[20] Псаломты чиныджы та фыст у: „Йӕ кӕрт баззайӕд афтидӕй, цӕрӕг дзы ма уӕд", ӕмӕ: „Йӕ бынат ӕрхауӕд ӕндӕрмӕ".
[21] Уӕдӕ нӕ сӕвзарын хъӕуы, Хицау Йесо не 'хсӕн куы царди, уӕд –
[22] Иоанн куы аргъуыдта, уыцы заманӕй, Йесойы махӕй уӕларвмӕ куы систӕуыд, уӕды онг – иудадзыг немӕ цы лӕгтӕ уыд, уыдонӕй иуы. Уый, махау, хъуамӕ суа ӕвдисӕн Йесойы райгасӕн».
[23] Ӕмӕ бахастой фӕндон дыууӕйы тыххӕй: фӕсномыгӕй Варсава кӕнӕ Иуст кӕй хуыдтой, уыцы Иосифы, ӕмӕ Матфийы тыххӕй.
[24] Уӕд бакуывтой: «Хицау, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, ацы дыууӕйӕ кӕй сӕвзӕрстай, уый,
[25] Цӕмӕй кӕна апостолы куыст, уымӕн ӕмӕ Иудӕ ныууагъта уыцы куыст ӕмӕ ацыд, кӕм хъуамӕ уа, уырдӕм».
[26] Сӕппӕрстой хӕлттӕ, схауд Матфийы хал, ӕмӕ иуӕндӕсимӕ сси апостол.