Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:05

[1] «Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».

[2] Дзуттагау кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта:

[3] «Ӕз дӕн иудей, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиилы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уеппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.

[4] Ӕз ӕфхӕрдтон ацы фӕндагыл цӕуджыты, сӕ амарыныл дӕр нӕ ауӕрстон, ахстон нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр, ӕмӕ сӕ ӕппӕрстон ахӕстонмӕ.

[5] Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не 'фсымӕртӕм, дамаскаг иудейтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Иерусалиммӕ.

[6] Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл, ӕмбисбонмӕ хӕстӕг, ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй.

[7] Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?"

[8] Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Уый мын загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Назаретаг Йесо дӕн".

[9] Ме 'мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой.

[10] Уӕд ӕз бафарстон: „Хицау, цы гӕнгӕ мын у?" Хицау мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ – уым дын загъд уыдзӕни, Хуыцау дын цы саразын скарста, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй".

[11] Ӕз рухсы тӕмӕнмӕ кӕй бакуырм дӕн, уымӕ гӕсгӕ мын ме 'мбӕлццӕттӕ ныххӕцыдысты мӕ къухыл ӕмӕ мӕ ӕркодтой Дамаскмӕ.

[12] Иу лӕг, Анани, – Ӕгъдауыл ӕнувыд, ӕппӕт дамаскаг иудейтӕм нымад, –

[13] Ӕрбацыди мӕнмӕ, ӕрлӕууыд мӕ фарсмӕ ӕмӕ загъта: „Ме 'фсымӕр Савл, дӕ цӕстӕй ракӕс". Ӕз уыйадыл ракастӕн мӕ цӕстӕй ӕмӕ йӕ федтон.

[14] Анани мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс.

[15] Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй.

[16] Уӕдӕ ма цы фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ".

[17] Иерусалиммӕ куы ӕрбаздӕхтӕн ӕмӕ Кувӕндоны куы куывтон, уӕд мын раргом:

[18] Федтон Хицауы, ӕмӕ мын загъта: „Рӕвдздӕр ацу Иерусалимӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй ам куы дзурай, уӕд дын дӕ ныхасыл нӕ баууӕнддзысты".

[19] Ӕз загътон: „Хицау, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый.

[20] Де 'вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз растыл нымадтон; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ".

[21] Хицау мын загъта: „Ацу, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз дардмӕ, муртаттӕм, арвитдзынӕн"».

[22] Хъуыстой йӕм, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ систой хъӕр: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»

[23] Адӕм хъӕр кодтой, сӕ пӕлӕзтӕ рӕдывтой ӕмӕ уӕлдӕфмӕ рыг калдтой.

[24] Уӕд ӕфсӕддон хицау радта Павелы фидармӕ бакӕныны ӕмӕ ехсӕй нӕмыны бардзырд, цӕмӕй базона, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.

[25] Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахмӕ ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?»

[26] Сӕдӕйыхицау уый куы фехъуыста, уӕд бацыди ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый цы кусыс? Ацы адӕймаг ромаг гражданин у».

[27] Уӕд ӕфсӕддон хицау бацыди Павелмӕ ӕмӕ йӕ бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ды ромаг гражданин дӕ?» Павел дзуапп радта: «О».

[28] Ӕфсӕддон хицау загъта: «Цӕмӕй ромаг гражданин суон, уый тыххӕй ӕз бирӕ ӕхца бафыстон». Павел ын загъта: «Ӕз та мӕ райгуырынӕй фӕстӕмӕ дӕн ромаг гражданин».

[29] Ехсӕй нӕмынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдон ӕй уайтӕккӕ ныууагътой. Ӕфсӕддон хицау куы базыдта, Павел ромаг гражданин кӕй у, уый, уӕд дзы тас бацыд, рӕхыстӕй йӕ кӕй сбаста, уый тыххӕй.

[30] Иудейтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд, ӕмӕ сӕм ӕй ракодта.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters