Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:41

[1] Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты ӕфхӕрын.

[2] Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Иаковы.

[3] Ацы хъуыддаг иудейтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг.

[4] Ӕрцахсын кодта Петры, баппӕрста йӕ ахӕстонмӕ ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнын бафӕдзӕхста, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къордӕн. Иродмӕ уыд Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.

[5] Петры дардтой ахӕстоны, аргъуан та уыцы рӕстӕг Петры тыххӕй зӕрдиагӕй куывта Хуыцаумӕ.

[6] Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыди, раст уыцы ӕхсӕв Петр, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ хъахъхъӕдтой ахӕстон.

[7] Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Рӕхыстӕ ӕрхаудтой Петры цӕнгтӕй.

[8] Зӕд ын загъта: «Ӕрбабӕтт дӕ рон ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл».

[9] Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не 'мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕгдзинад кӕй у – ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ цы уыны, уый цӕстылуайӕн у.

[10] Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ, ӕмӕ иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр.

[11] Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр ӕз ӕцӕг зонын: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухтӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».

[12] Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой.

[13] Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном – Родӕ.

[14] Родӕ Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фырцинӕй кулдуар нӕ байгом кодта, афтӕмӕй базгъордта ӕмӕ радзырдта, Петр дуармӕ лӕууы, зӕгъгӕ.

[15] Уыдон ын загътой: «Уый дӕ зонд куы фӕцыд». Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, ууыл. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у».

[16] Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар. Кулдуар ын куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты.

[17] Петр сын йӕ къухӕй бацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Хицау ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст ӕндӕр ранмӕ.

[18] Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: Петр цы фӕуыдаид?

[19] Ирод фӕцагуырдта Петры, ӕмӕ йӕ куы нӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕйӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат.

[20] Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты; балхӕдтой паддзахы галуанӕн уынаффӕгӕнӕг Власты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг паддзахы бӕстӕйӕ истой.

[21] Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.

[22] Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ хуыцау дзуры!»

[23] Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыркӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.

[24] Ныридӕгӕн Хуыцауы ныхас хӕлиу кодта парахатӕй.

[25] Варнавӕйӕн ӕмӕ Савлӕн фӕдзӕхст цы уыд, уый куы сарӕзтой, уӕд Иерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты; семӕ ракодтой, Марк кӕй хуындӕуыд, уыцы Иоанны.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters