Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:02

[1] Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тынг ӕфхӕрын райдыдтой Иерусалимы аргъуаны уӕнгты. Ӕмӕ апостолтӕй фӕстӕмӕ сеппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудейӕ ӕмӕ Самарийы алы къуымты.

[2] Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.

[3] Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, цыдис хӕдзари-хӕдзар, ахста уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмӕ-иу сӕ радта ахӕстонмӕ.

[4] Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ уӕдмӕ цыдысты ӕмӕ хъусын кодтой фарны уац.

[5] Афтӕ Филипп ӕрцыд самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.

[6] Филипп цы диссӕгтӕ кодта, уыдонмӕ касти бирӕ адӕм ӕмӕ йӕм хъуыстой лӕмбынӕг.

[7] Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ рацыдысты хъӕргӕнгӕ, бирӕ уӕнгмӕрдтӕ ӕмӕ цӕнкуылтӕ сӕнӕниз сты.

[8] Ӕмӕ сахары цӕрджыты цинӕн кӕрон нал уыд.

[9] Сахары царди иу кӕлӕнгӕнӕг адӕймаг, йӕ ном – Симон. Уый рагӕй йӕ кӕлӕнтӕй дисы ӕфтыдта самариӕгты; йӕхицӕй стыр цыдӕр арӕзта.

[10] Хъуыстой йӕм стырӕй-чысылмӕ ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис, Стыр кӕй хуындӕуы, Хуыцауы уыцы тых».

[11] Хъусгӕ та йӕм уымӕн кодтой, ӕмӕ сӕ бирӕ рӕстӕджы дӕргъы дисы ӕфтыдта йӕ кӕлӕнтӕй.

[12] Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.

[13] Баууӕндыд Симон йӕхӕдӕг дӕр, райста аргъуыд ӕмӕ иудадзыг уыд Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.

[14] Апостолтӕ Иерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы ныхасыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.

[15] Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрцыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй.

[16] Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр нӕма схайджын Сыгъдӕг Удӕй – ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Хицау Йесойы номыл.

[17] Петр ӕмӕ Иоанн сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй.

[18] Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй адӕм Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕрбахаста ӕхца,

[19] Ӕмӕ загъта: «Раттут мӕнӕн дӕр тых, цӕмӕй-иу ӕз дӕр мӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрон, уый схайджын уа Сыгъдӕг Удӕй».

[20] Петр ын дзуапп радта: «Де 'хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ афтӕ банхъӕлдтай, Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис, зӕгъгӕ.

[21] Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.

[22] Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Хицаумӕ ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд, чи зоны, ӕмӕ ныххатыр кӕна.

[23] Уымӕн ӕмӕ ӕз уынын: ды маргӕй дзаг дӕ, бахаудтӕ тӕригъӕды уацары».

[24] Уӕд Симон дзуапп радта: «Бакувут мӕн тыххӕй Хицаумӕ, ӕмӕ цы загътат, ахӕмӕй мыл мацы ӕрцӕуа».

[25] Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй куы фӕдзырдтой ӕмӕ Хицауы ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Иерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой фарны уац.

[26] Филиппӕн та Хуыцауы зӕд загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу хуссармӕ, Иерусалимӕй Газӕмӕ цы фӕндаг цӕуы, уымӕ». (Уыцы фӕндаг ӕдзӕрӕг у.)

[27] Ӕмӕ Филипп араст. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти кандакийы, ома, эфиопаг ус-паддзахы, евнух , стыр хицау – йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыд Иерусалимы.

[28] Бадти йӕ къареты ӕмӕ касти Исай-пехуымпары чиныджы.

[29] Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».

[30] Филипп базгъордта къареты цурмӕ ӕмӕ, Исайы чиныджы эфиопаг куыд касти, уый куы фехъуыста, уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»

[31] Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филиппмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.

[32] Сыгъдӕг Фысты эфиопаг касти мӕнӕ уыцы бынат: «Фысау Ӕй акодтой ӕргӕвдынмӕ, ӕмӕ уӕрыччы куы фелвынынц, уӕд куыд ныссабыр вӕййы, афтӕ Дзы иу сыбыртт дӕр нӕ райхъуыст.

[33] Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын ничи ницы зоны, уымӕн ӕмӕ Йӕ цард зӕххыл фӕци».

[34] Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи тыххӕй ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»

[35] Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын дзырдта фарны уац Йесойы тыххӕй.

[36] Сӕ фӕндаг даргӕйӕ, ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»

[37] [Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]

[38] Евнух радта къарет бауромыны бардзырд. Сӕ дыууӕ дӕр, Филипп ӕмӕ евнух, ныххызтысты донмӕ ӕмӕ йыл Филипп саргъуыдта.

[39] Донӕй куы рахызтысты, уӕд Филиппы фелвӕста Хуыцауы Уд, ӕмӕ йӕ евнух нал федта. Зӕрдӕрухсӕй дарддӕр цыд йӕ фӕндагыл.

[40] Филипп та февзӕрд Азоты. Ацыд дарддӕр, ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕппӕт сахарты хъусын кодта фарны уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters