Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:11

[1] Хорысӕры бӕрӕгбон куы ралӕууыд, уӕд сеппӕт дӕр уыдысты иумӕ.

[2] Ӕмӕ ӕвиппайды, цыма тыхджын дымгӕ сыстад, уыйау арвӕй ӕрцыд уынӕр, ӕмӕ уынӕрӕй байдзаг, кӕм уыдысты, уыцы хӕдзар.

[3] Ӕмӕ сӕм фӕзынди арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ; уыцы ӕвзӕгтӕ фӕхицӕн сты кӕрӕдзийӕ, ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр ӕрӕнцад иу.

[4] Уӕд сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой дзурын ӕндӕр ӕвзӕгтыл, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.

[5] Уыцы рӕстӕг Иерусалимы уыдысты, дунейы алы адӕмты ӕхсӕн чи цард, уыцы дингӕнӕг иудейтӕ.

[6] Уынӕр куы райхъуыст, уӕд бирӕтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ хорзау нал фесты: дзурджыты алчидӕр хъуыста йӕхи ӕвзагыл дзургӕ.

[7] Уый сӕ бафтыдта дисы ӕмӕ дзырдтой: «Чи дзуры, уыдон иууылдӕр галилейӕгтӕ не сты, ӕви?

[8] Махӕй сӕ алчидӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл дзургӕ куыд хъусы?

[9] Мах – парфиӕгтӕ, мидиӕгтӕ ӕмӕ эламӕгтӕ, Месопотамийы, Иудейӕйы ӕмӕ Каппадокийы, Понт ӕмӕ Асийы,

[10] Фриги ӕмӕ Памфилийы, Мысыры ӕмӕ, Киринимӕ хӕстӕг чи у, Ливийы уыцы бынӕтты цӕрджытӕ, Ромӕй ӕрцӕуджытӕ, иудейтӕ ӕмӕ Хуыцауыл баууӕндӕг муртаттӕ,

[11] Критӕгтӕ ӕмӕ аравиӕгтӕ – неппӕт дӕр сӕ хъусӕм Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ».

[12] Цытӕ цӕуы, уый не 'мбаргӕйӕ сеппӕт дӕр кӕрӕдзийӕн дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ай цы уа?»

[13] Иннӕтӕ та сыл худтысты: «Адджын сӕнӕй сӕхимӕ ӕгӕр фӕкастысты».

[14] Уӕд Петр слӕууыд иуӕндӕс апостолимӕ ӕмӕ райдыдта адӕмӕн хъӕрӕй дзурын: «Иудейаг лӕгтӕ ӕмӕ Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕ! Лӕмбынӕг байхъусут мӕ ныхӕстӕм ӕмӕ уын зындгонд уӕд:

[15] Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: адон расыг не сты – ныр боны ӕртыккӕгӕм сахат у.

[16] Фӕлӕ сӕххӕст, Иоил-пехуымпар рагагъоммӕ цы загъта, уый:

[17] „Ӕмӕ рӕстӕджы кӕрон, зӕгъы Хуыцау, Мӕ Удӕй бахай кӕндзынӕн алы адӕймагӕн дӕр. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты, цы сын раргом кӕнон, уыдӕттӕ; уӕ зӕрӕдтӕ та уындзысты Мӕнӕй лӕвӕрд фынтӕ.

[18] Уыцы бонты Мӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕн бахай кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, ӕмӕ кӕндзысты пехуымпариуӕг.

[19] Равдисдзынӕн диссӕгтӕ уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ бынӕй, зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуыбылӕйттӕ.

[20] Хур баталынг уыдзӕн, ӕмӕ мӕй фестдзӕн туджы хуызӕн, цалынмӕ Хицауы стыр ӕмӕ намысджын бон ралӕууа, уӕдмӕ.

[21] Ӕмӕ уыдзӕн афтӕ: Хицауы ном чидӕриддӕр ссара, уый фервӕздзӕн".

[22] Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхӕстӕм: Назаретаг Йесойы уын Хуыцау равдыста стыр хъуыддӕгтӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыцы Лӕджы фӕрцы Хуыцау скодта уе 'хсӕн, уӕхӕдӕг куыд зонут, афтӕ.

[23] Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йесо лӕвӕрд ӕрцыд сымахмӕ, ӕмӕ Йӕ муртатты къухтӕй бахуыдтат дзуармӕ ӕмӕ Йӕ амардтат.

[24] Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыс ӕмӕ Йӕ райгас кодта, уымӕн ӕмӕ адзалы бон Йӕ бауромын нӕ уыд.

[25] Давид Йесойы тыххӕй афтӕ зӕгъы: „Хицау кӕддӕриддӕр мӕ цӕстыты раз уыд; мӕ рахиз фарс ис, цӕмӕй ӕз ма фӕцудон.

[26] Уымӕ гӕсгӕ райы мӕ зӕрдӕ, ме 'взагыл бадынц цины ныхӕстӕ; суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн,

[27] Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ уды нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕстӕйы, Дӕ сыгъдӕджы нӕ бамбийын кӕндзынӕ ингӕны.

[28] Ды мын бацамыдтай фӕндаг цардмӕ; уыдзынӕн Демӕ, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ бафсаддзынӕ цинӕй".

[29] Ме 'фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр махмӕ ис.

[30] Давид пехуымпар уыд ӕмӕ зыдта: Хуыцау ын расомы кодта, йӕ паддзахад ын йӕ байзӕддӕгтӕй иуӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй.

[31] Давид уыдта фидӕн, ӕмӕ загъта Чырыстийы райгасы тыххӕй, зӕгъгӕ, Йӕ нӕ ныууагъдӕуыд мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ Йӕ буар нӕ бамбыд.

[32] Уыцы Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах неппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.

[33] Йесойы систӕуыд Хуыцауы рахиз фарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды, ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.

[34] Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс,

[35] Цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ".

[36] Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти».

[37] Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не 'фсымӕртӕ?»

[38] Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут, ӕмӕ уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл райсӕд аргъуыд, цӕмӕй уын хатыргонд уой уӕ тӕригъӕдтӕ; ӕмӕ райсдзыстут лӕвар – схайджын уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй.

[39] Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ сывӕллӕттӕн, стӕй дард чи у, уыдонӕн – нӕ Хицау Хуыцау кӕй ӕрхондзӕн, ӕппӕт уыцы адӕмӕн».

[40] Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».

[41] Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.

[42] Уыдон ӕнувыдӕй хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, ӕмуд-ӕмвӕндӕй арӕзтой дзулсаст ӕмӕ куывтой.

[43] Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр тарсти Хуыцауӕй.

[44] Уырнджытӕ сеппӕт дӕр уыдысты ӕмуд-ӕмвӕнд, сӕ исбон дӕр иумӕйаг уыд.

[45] Уӕй кодтой сӕ мулк ӕмӕ ӕхца уӕрстой ӕппӕтыл дӕр, чи цас хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ.

[46] Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; хӕдзари-хӕдзар та арӕзтой дзулсаст ӕмӕ сӕ хойраг хордтой хъӕлдзӕгӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ.

[47] Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Хицау та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters