Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:22

[1] Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Иерусалиммӕ.

[2] Иерусалимы йӕм Павелыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ.

[3] Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Иерусалиммӕ; сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.

[4] Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.

[5] Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ, ӕмӕ кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».

[6] Фест сӕм баззад аст-дӕс боны, ӕмӕ ӕрбаздӕхт Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.

[7] Павел куы ӕрбацыди, уӕд Иерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, йӕ ныхмӕ йын ӕвӕрдтой бирӕ уӕззау фыдракӕндтӕ, фӕлӕ сӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ нӕ уыд.

[8] Павел йӕхи раст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».

[9] Фесты фӕндыд иудейты зӕрдӕ балхӕнын, ӕмӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Иерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дӕ ныхмӕ цы ӕвӕрынц, уыдӕтты тыххӕй дын уым рахӕссон тӕрхон?»

[10] Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын ам хъуамӕ тӕрхон кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.

[11] Кӕд ӕз ахӕмӕй исты ракодтон, ӕмӕ амарыны аккаг дӕн, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ мӕ ныхмӕ цы ӕвӕрынц, кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».

[12] Уӕд Фест аныхас кодта йӕ ӕххуысгӕнджытимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон, ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».

[13] Цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Агриппа ӕмӕ Вереникӕ Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.

[14] Уым фесты дзӕвгар рӕстӕг. Фест паддзахӕн радзырдта Павелы хъуыддаджы тыххӕй ӕмӕ йын загъта: «Ам ис, Феликс ахӕстоны кӕй ныууагъта, ахӕм адӕймаг.

[15] Ӕз Иерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл хъаст кодтой алчертӕ ӕмӕ иудейты хистӕртӕ – куырдтой тӕрхон ын рахӕссын.

[16] Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи раст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау бафхӕрынмӕ никӕй дӕтты.

[17] Уыдон ӕрцыдысты ардӕм, ӕмӕ ӕз ӕвӕстиатӕй дыккаг бон ӕрбадтӕн тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радтон уыцы лӕджы ӕрбакӕныны бардзырд.

[18] Зылынгӕнджытӕ сыстадысты йӕ ныхмӕ, ӕмӕ ӕз ӕнхъӕл цы фыдракӕндтӕй уыдтӕн, уыдонӕй йӕ иуӕй дӕр нӕ базылын кодтой.

[19] Фӕлӕ сын йемӕ уыди цӕйдӕр быцӕутӕ сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй – Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ.

[20] Ахӕм фарстатӕ куыд лыггӕнгӕ сты, уый кӕй не 'мбӕрстон, уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарстон, нӕ йӕ фӕнды, мыййаг, Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ уым тӕрхоны раз ӕрлӕууын?

[21] Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны дарыны бардзырд».

[22] Агриппа загъта Фестӕн: «Фӕнды мӕ уыцы адӕймагмӕ байхъусын». Фест дзуапп радта: «Тӕккӕ райсом ӕм байхъусдзынӕ».

[23] Дыккаг бон, хъӕздыг арӕзтӕй ӕмӕ сӕрбӕрзондӕй, ӕрцыдысты Агриппа ӕмӕ Вереникӕ; ӕфсӕддон хицӕуттимӕ ӕмӕ сахары уӕздӕттимӕ бацыдысты ӕмбырды уатмӕ. Фесты бардзырдмӕ гӕсгӕ ӕрбакодтой Павелы.

[24] Фест загъта: «Паддзах Агриппа ӕмӕ ам немӕ чи ис, уыцы хорз адӕм! Сымах уынут, Иерусалимы дӕр ӕмӕ ам дӕр иудейтӕ иууылдӕр мӕнмӕ сӕ хъаст кӕуыл хастой ӕмӕ йын удӕгасӕй ныууадзӕн нӕй, зӕгъгӕ, кӕй тыххӕй хъӕр кодтой, уыцы лӕджы.

[25] Фӕлӕ куыд федтон, афтӕмӕй йӕ цӕй тыххӕй амардӕуа, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Гъе ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.

[26] Кесӕрмӕ ацы лӕджы тыххӕй бӕлвырдӕй цы ныффыссон, ахӕмӕй мӕм ницы ис. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрлӕууын кодтон уӕ разы, уӕлдайдӕр та дӕ разы, паддзах Агриппа, цӕмӕй хъуыддагмӕ ӕркӕсыны фӕстӕ зонон, цы ныффыссын хъӕуы, уый.

[27] Уымӕн ӕмӕ, ахст адӕймаг зылынгонд цӕмӕй цӕуы, уый ма бавдис, афтӕмӕй йӕ арвит, уый ӕз ӕнӕсӕрфатыл нымайын».

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters