Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:26

[1] Агриппа загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын:

[2] «Паддзах Агриппа! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй дӕ разы абон мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.

[3] Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фарстатӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын фӕразонӕй мӕм байхъусын.

[4] Ме 'взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ куыд цӕрын, уый иудейтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы ӕхсӕн ӕмӕ Иерусалимы.

[5] Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй – нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.

[6] Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй.

[7] Уыцы зӕрдӕвӕрд кӕй райсдзысты, уымӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы, ӕмӕ бонӕй-ӕхсӕвӕй зӕрдиагӕй кусынц Хуыцауӕн. Уыцы зӕрдӕдарӕны тыххӕй, паддзах, мӕн аххосджын кӕнынц иудейтӕ.

[8] Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабарыл цӕмӕн нымайут?

[9] Ӕз дӕр афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, Назаретаг Йесойы номы ныхмӕ мын мӕ тых, мӕ бонӕй тохгӕнгӕ у.

[10] Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Иерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты баппӕрстон ахӕстӕттӕм; мӕлӕты тӕрхон-иу сын куы хастой, уӕд-иу хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.

[11] Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл. Афтӕ уӕнгӕл мын уыдысты, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.

[12] Уый тыххӕй алчертӕй райстон бар, ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ.

[13] Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй тыхджындӕр чи уыди, мӕн ӕмӕ ме 'мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.

[14] Неппӕт дӕр ӕрхаудтам зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мын чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын".

[15] Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Хицау?" Хицау загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн.

[16] Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн.

[17] Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ,

[18] Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай".

[19] Уымӕ гӕсгӕ, паддзах Агриппа, уӕларвӕй мын цы раргом, уый коммӕ нӕ бакӕсын мӕ бон нӕ баци.

[20] Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Иерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.

[21] Уый тыххӕй мӕ иудейтӕ ӕрцахстой Кувӕндоны, ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ.

[22] Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, ӕнӕфӕцудгӕ лӕууын ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.

[23] Ома, Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕн».

[24] Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фырахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».

[25] Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ.

[26] Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ фӕскъуым не 'рцыдысты.

[27] Паддзах Агриппа, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын».

[28] Агриппа загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»

[29] Павел загъта: «Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын, цӕмӕй тагъд уа ӕви ӕрӕгмӕ уа, ӕрмӕст ды нӕ, фӕлӕ мӕм абон чи хъусы, уыдон сеппӕт дӕр суой мӕ хуызӕттӕ, ӕрмӕст ӕнӕ рӕхыстӕй».

[30] Павел афтӕ куы загъта, уӕд паддзах, бӕстӕйы хицау, Вереникӕ, стӕй семӕ чи бадт, уыдон иууылдӕр сыстадысты.

[31] Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг амарыны кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарыны аккагӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.

[32] Агриппа загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не 'рдомдтаид, уӕд ацы адӕймагӕн уаид суӕгъдгӕнӕн».

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters