[1] Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ зӕгъынц, уый раст у?»
[2] Фӕлӕ Стефан загъта: «Ме 'фсымӕртӕ ӕмӕ фыдӕлтӕ! Байхъусут мӕм. Нӕ фыдӕл Авраам Харраны нӕма ӕрцард, афтӕ йӕм Месопотамийы фӕзынди намысы Хуыцау
[3] Ӕмӕ йын загъта: „Ныууадз дӕ бӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕстӕджыты, ӕмӕ ацу, Ӕз дын кӕй бацамонон, уыцы бӕстӕмӕ".
[4] Уӕд Авраам ныууагъта халдейаг зӕхх ӕмӕ ӕрцарди Харраны. Йӕ фыды мӕлӕты фӕстӕ йӕ Хуыцау ӕрцӕрын кодта, ныр сымах кӕм цӕрут, уыцы зӕххыл.
[5] Ӕмӕ Хуыцау Авраамӕн иунӕг фады бӕрц дӕр зӕхх нӕ радта. Фӕлӕ зӕрдӕ бавӕрдта уыцы зӕхх ын йӕхицӕн ӕмӕ, йӕ фӕстӕ чи уыдзӕн, уыцы байзӕддӕгтӕн раттынӕй, кӕд Авраамӕн зӕнӕг нӕма уыд, уӕддӕр.
[6] Хуыцау ын загъта: „Дӕ байзӕддӕгтӕ цыппарсӕдӕ азы кӕйдӕр зӕххыл уыдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ цагъартӕ, ӕмӕ сӕ ссӕнддзысты".
[7] „Фӕлӕ Ӕз бафхӕрыны тӕрхон рахӕсдзынӕн, цагъары ӕфсондзы сӕ чи сифтындза, уыцы адӕмӕн, – загъта Хуыцау, – уый фӕстӕ рацӕудзысты ӕмӕ Мын кувдзысты ацы ран".
[8] Хуыцау Авраамимӕ сарӕзта фидыд; уыцы фидыд домдта сунӕт кӕнын. Ӕмӕ Авраамӕй Исаак куы райгуырд, уӕд ын ӕстӕм бон скодта сунӕт; Исаак сунӕт скодта Иаковӕн, Иаков – йӕ дыууадӕс фыртӕн, нӕ рагфыдӕлтӕн.
[9] Уыцы рагфыдӕлтӕ сӕ хӕлӕгӕй Иосифы ауӕй кодтой Мысырмӕ. Фӕлӕ Хуыцау йемӕ уыд,
[10] Ӕмӕ йын ӕххуыс кодта ӕппӕт зынты. Радта йын зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йеппӕт галуаны сӕргъы йӕ чи сӕвӕрдта, уыцы мысыраг паддзахы хорзӕх.
[11] Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмары бафтыдысты, нӕ фыдӕлтӕн хойраг нал уыди.
[12] Мысыры хор кӕй ис, уый фехъусгӕйӕ, Иаков нӕ фыдӕлты уырдӕм арвыста фыццаг хатт.
[13] Дыккаг хатт куы ӕрцыдысты, уӕд Иосиф йӕхи раргом кодта йе 'фсымӕртӕн, ӕмӕ фараон базыдта Иосифы хиуӕтты тыххӕй.
[14] Иосиф арвыста хонӕг йӕ фыд Иаковмӕ ӕмӕ ӕппӕт хиуӕттӕм – фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.
[15] Иаков ӕрцыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.
[16] Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Сихеммӕ ӕмӕ, Авраам Емморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
[17] Хуыцау Авраамӕн, сомы йын ракӕнгӕйӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уымӕн йе 'рцыд куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ Мысыры фылдӕрӕй-фылдӕр ӕфтыд нӕ адӕмы нымӕцыл.
[18] Афтӕ уыди, Иосифы тыххӕй чи нӕ зыдта, ахӕм ӕндӕр паддзах бӕстӕйы сӕргъы цалынмӕ ӕрлӕууыд, уӕдмӕ.
[19] Уый нӕ адӕмыл цыди хинӕй, ссӕста нын нӕ фыдӕлты, ӕппарын сын кодта сӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй удӕгасӕй ма баззайой.
[20] Уыцы рӕстӕг райгуырд Моисей; уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.
[21] Куы йӕ аппӕрстой, уӕд ӕй ссардта фараоны чызг, ӕмӕ йӕ схаста йӕхи фыртау.
[22] Моисей сахуыр кодта, мысыраг зондджынтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттӕ, уыди тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр.
[23] Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзынд йе 'фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд.
[24] Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд ӕфхӕрдта, уый. Уӕд ралӕууыд дзуттаджы фарс, амардта мысыраджы ӕмӕ афтӕмӕй райста дзуттаджы маст.
[25] Ӕнхъӕл уыд, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый бамбардзысты йе 'фсымӕртӕ, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.
[26] Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Хорз лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?"
[27] Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Махӕн дӕ хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта?
[28] Знон мысыраджы куыд амардтай, мӕн дӕр афтӕ амарынмӕ хъавыс, ӕви?"
[29] Моисей уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд алыгъд ӕмӕ ӕрцард ӕцӕгӕлон мадиамаг бӕстӕйы. Ам ын райгуырд дыууӕ фырты.
[30] Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд.
[31] Моисей йӕ куы федта, уӕд дисы бафтыд. Ӕмӕ йӕм хуыздӕр ӕй фенынмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ын Хуыцау загъта:
[32] „Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау". Моисей фыртӕссӕй скӕсын нӕ уӕндыди.
[33] Хуыцау ын загъта: „Ралас дӕ къӕхтӕй дӕ дзабыртӕ, уымӕн ӕмӕ ды кӕм лӕууыс, уый сыгъдӕг зӕхх у.
[34] Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ссӕндынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын".
[35] „Дӕу хицауӕй ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта?" – ахӕм ныхӕстимӕ цы Моисейыл сӕхи атигъ кодтой, уый Хуыцау арвыста хицауӕй ӕмӕ сӕрибаргӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом, уый фӕрцы.
[36] Уыцы Моисей адӕмы ракодта Мысырӕй; Мысыры, Сырх денджызы ӕмӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы дыууиссӕдз азы дӕргъы арӕзта диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
[37] Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе 'фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар".
[38] Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста цардӕгас ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ ӕрхӕсса махмӕ.
[39] Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ бӕллыдысты Мысырмӕ аздӕхынмӕ.
[40] Ӕмӕ Ааронӕн зӕгътой: „Нӕ разӕй чи цӕуа, ахӕм хуыцӕуттӕ нын сараз, уымӕн ӕмӕ нӕ Мысырӕй чи ракодта, уыцы Моисейыл цы ӕрцыд, уый нӕ зонӕм".
[41] Ӕмӕ уӕд сарӕзтой сызгъӕрин род, уыцы гуымирыйӕн ӕрхастой нывонд ӕмӕ, сӕхи къухтӕй кӕй сарӕзтой, уый кадӕн скодтой бӕрӕгбон.
[42] Хуыцау сӕ Йе 'ргом аздӕхта ӕмӕ сӕ ныууагъта, цӕмӕй кувой, арвыл цы ис, уыдонӕн, пехуымпартӕм куыд фыст у, афтӕ: „Израилы адӕм, ӕдзӕрӕг бӕстӕйы дыууиссӕдз азы дӕргъы фос Мӕнӕн ӕргӕвстат ӕмӕ нывондтӕ Мӕнӕн хастат, ӕви?
[43] Сымах уемӕ хастат хуыцау Молохы цатыр ӕмӕ уӕ хуыцау Рефаны стъалы – кӕмӕн куват, уый тыххӕй кӕй сарӕзтат, уыцы фӕлгонцтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уӕ Ӕз ахӕсдзынӕн Вавилонӕй дӕр дарддӕр".
[44] Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг бӕстӕйы уыди, Хуыцауы намыс кӕм уыд, уыцы Цатыр. Хуыцау уый саразын бафӕдзӕхста Моисейӕн, куыд саразгӕ у, уый дӕр ын равдыста.
[45] Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йесоимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕмӕ. Ӕмӕ уыди уым Давиды заманы онг.
[46] Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Иаковы Хуыцауӕн хӕдзар самал кӕныны бар.
[47] Хӕдзар та Йын Соломон сарӕзта.
[48] Фӕлӕ Дунедарӕг лӕджыкъухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры, пехуымпар куыд зӕгъы, афтӕ:
[49] „Арв у Мӕ бадӕн, зӕхх – Мӕ къӕхты ӕнцой. Сымах Мын цавӕр хӕдзар сараздзыстут, кӕнӕ цавӕр бынат ӕрӕнцойӕн? – зӕгъы Хицау. –
[50] Ӕппӕт уыдӕттӕ Мӕхи къухӕй не сфӕлдыстон, ӕви?"
[51] Хивӕнд адӕм! Сымахӕн уӕ буар сунӕт у, уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ та сунӕтгонд не сты. Сымах уӕ фыдӕлты хуызӕн стут – кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.
[52] Уӕ фыдӕлтӕ пехуымпартӕй кӕцыйы не 'фхӕрдтой? Уыдон амардтой, Рӕстгӕнӕджы ӕрцыды тыххӕй рагагъоммӕ чи загъта, уыцы лӕгты. Сымах та ныр ацы Рӕстгӕнӕгӕн Йӕхиуыл рацыдыстут гадзрахатӕй ӕмӕ Йӕ амардтат.
[53] Ӕгъдау райстат зӕдты фӕрцы, ӕмӕ йӕ нӕ сӕххӕст кодтат».
[54] Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс цыдис.
[55] Стефан та, Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, скаст уӕларвмӕ, федта Хуыцауы намыс ӕмӕ Йесойы Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕйӕ,
[56] Ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ уынын арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахиз фарс лӕугӕ».
[57] Уӕд уыдон сӕ хъӕлӕсыдзаг ныхъхъӕр кодтой, ӕхгӕдтой сӕ хъустӕ, стӕй йыл ӕмхуызонӕй сӕхи ныццавтой.
[58] Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
[59] Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Хицау Йесо, айс мын мӕ уд».
[60] Стӕй ӕрхауд йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Хицау, ацы тӕригъӕд сын ныббар». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.