[1] Фондз боны фӕстӕ алчер Анани ӕрцыд адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ бахастой сӕ хъаст Павелыл.
[2] Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл райдыдта зылын кӕнын:
[3] «Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон сты ацы адӕмы хорзӕхӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс.
[4] Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иучысыл нӕм байхъус.
[5] Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у рын, ӕппӕт дунейы иудейты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.
[6] Суанг архайдта Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ йын тӕрхон кӕнын;
[7] Фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,
[8] Ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн бафӕдзӕхста дӕумӕ фӕцӕуын.] Ацы лӕджы хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».
[9] Иудейтӕ разы уыдысты Тертуллы ныхӕстимӕ, ӕмӕ дзырдтой, ӕппӕт дӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.
[10] Бӕстӕйы хицау ӕм куы ацамыдта, уӕд Павел загъта: «Ӕз зонын, ды ацы адӕмӕн бирӕ азты дӕргъы тӕрхонгӕнӕг кӕй дӕ, уый, ӕмӕ райгондӕй раст кӕндзынӕн мӕхи.
[11] Дӕ бон у базонын, ӕз Иерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй нӕ рацыди дыууадӕс бонӕй фылдӕр.
[12] Нӕдӕр Кувӕндоны, нӕдӕр синагогӕты, нӕдӕр сахары ӕндӕр ран мӕн нӕ фендӕуыд искӕимӕ быцӕугӕнгӕ кӕнӕ адӕмы змӕнтгӕйӕ.
[13] Ӕмӕ ныр мӕн цӕмӕй зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕумӕ цы бавдисой, уый сӕм нӕй.
[14] Фӕлӕ дӕуӕн сӕттын ууыл, ӕмӕ уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ кусын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы у ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.
[15] Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.
[16] Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.
[17] Ӕз Иерусалиммӕ ӕрбаздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ мӕ адӕмы мӕгуыртӕн баххуыс кӕныны ӕмӕ нывондтӕ ӕрхӕссыны сӕраппонд.
[18] Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ мӕхи куы ссыгъдӕг кодтон, уӕд мӕ баййӕфтой Кувӕндоны; нӕдӕр дзы бирӕ адӕм уыди, нӕдӕр змӕст.
[19] Фӕлӕ дзы уыдысты цавӕрдӕр асиаг иудейтӕ; мӕ ныхмӕ сӕм исты куы уыдаид, уӕд дӕ разы хъуамӕ лӕууиккой ӕмӕ мӕн зылын кӕниккой.
[20] Кӕнӕ ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, синедрионы раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цы азым ссардтой, уый.
[21] Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон – сӕ разы куы лӕууыдтӕн, уӕд хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй"».
[22] Феликс бӕстон зыдта Хицауы фӕндаджы тыххӕй, ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ӕрцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».
[23] Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ дам ын хъуамӕ иуцасдӕр фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ хъыгдарӕг куыд нӕ уа, афтӕ.
[24] Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрцыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уыди дзуттаг). Феликс арвыста Павелы ӕрбакӕнынмӕ, ӕмӕ хъуыста, Павел Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.
[25] Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы бацыди тас ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».
[26] Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ратдзӕн ӕхца, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ-иу арӕх арвыста йе 'рбакӕнынмӕ, ӕмӕ-иу ныхас кодта йемӕ.
[27] Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Иудейты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй Феликс Павелы ныууагъта ахӕстоны.