Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:43

[1] Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.

[2] Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.

[3] Ӕмӕ сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр.

[4] Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.

[5] Дыккаг бон Иерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ,

[6] Алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.

[7] Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»

[8] Уӕд Петр схайджын Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ сын загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!

[9] Кӕд нӕ абон рынчын адӕймагӕн хорз ракӕныны ӕмӕ йе сдзӕбӕхы тыххӕй дзуапп домут,

[10] Уӕд уеппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл лӕууы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй.

[11] „Сымах, аразджытӕ, кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут, фӕлӕ сӕрӕвӕрӕн чи сси", Йесо уыцы дур у, ӕмӕ ӕндӕр ирвӕзынгӕнӕг нӕй.

[12] Уымӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй фӕрцы фервӕзын у, адӕмӕн ӕппӕт дунейы ӕндӕр ахӕм ном рард нӕу».

[13] Петр ӕмӕ Иоанны иудейаг хицӕуттӕ ныфсджынӕй куы федтой, стӕй кӕй никуы ахуыр кодтой ӕмӕ хуымӕтӕг лӕгтӕ кӕй сты, уый куы бамбӕрстой, уӕд сеппӕт дӕр дисы бафтыдысты; уалынмӕ базыдтой, Йесоимӕ кӕй уыдысты, уый.

[14] Фӕлӕ чи сдзӕбӕх, уыцы адӕймаджы уыдтой апостолтимӕ лӕугӕ, ӕмӕ сӕ ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.

[15] Радтой сын синедрионӕй ӕддӕмӕ рацӕуыны бардзырд ӕмӕ бавнӕлдтой уынаффӕ кӕнынмӕ:

[16] «Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕн зындгонд у, ӕмӕ йыл нӕ басӕттын нӕ бон нӕу.

[17] Фӕлӕ уый адӕмыл тынгдӕр куыд нӕ айхъуыса, афтӕ сӕм бартхъирӕн кӕнӕм, цӕмӕй Йесойы номыл макӕмӕн дзурой».

[18] Фӕдзырдтой сӕм ӕмӕ сын радтой уыцы номыл ӕппындӕр нӕ дзурыны ӕмӕ никӕй ахуыр кӕныны бардзырд.

[19] Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ кӕсын Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?

[20] Цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый тыххӕй нӕ дзурын нӕ бон нӕу».

[21] Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой. Апостолты бафхӕрыны амал сын нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн –

[22] Йӕ низӕй ӕнахуыр ӕгъдауӕй цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл дыууиссӕдз азӕй фылдӕр цыди.

[23] Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.

[24] Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ бакуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!

[25] Нӕ фыдӕл Давиды, Дӕ лӕггадгӕнӕджы, дзыхӕй Ды Сыгъдӕг Уды фӕрцы загътай: „Цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕмтӕ цӕмӕн кӕнынц, кӕмӕй ницы рауайдзӕн, ахӕм фӕнд?

[26] Ӕрлӕууыдысты хӕстӕввонгӕй зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хуыцауы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы ныхмӕ".

[27] Ӕмӕ ӕцӕгӕй Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ ӕрӕмбырд сты ацы сахары, Кӕй байсӕрстай, Дӕ уыцы сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,

[28] Цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомысмӕ ӕмӕ Дӕ фӕндмӕ гӕсгӕ рагагъоммӕ цы снысан кодтай, уый.

[29] Ӕмӕ сын ныр, Хицау, ӕркӕс се 'ртхъирӕнтӕм ӕмӕ ратт ӕхсар Дӕ цагъартӕн, Дӕ ныхас тынг ныфсджынӕй куыд хъусын кӕной, афтӕ.

[30] Дӕ къух радар, цӕмӕй Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕной рынчынтӕ ӕмӕ ӕвдыстӕуа ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ».

[31] Куы бакуывтой, уӕд нынкъуысти, кӕм уыдысты, уыцы бынат, сеппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас дзырдтой ныфсджынӕй.

[32] Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон уыдысты ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын уыд иумӕйаг.

[33] Апостолтӕ та стыр тыхимӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты Хицау Йесойы райгасӕн, ӕмӕ сеппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй уыдысты хайджын.

[34] Хъуаг чи ӕййӕфта, уырнджыты ӕхсӕн ахӕм нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыд, уыдон сӕ уӕй кодтой, ӕмӕ-иу ӕхца

[35] Радтой апостолтӕм; ӕмӕ ӕхцайӕ лӕвӕрдӕуыд алкӕмӕн дӕр йӕ хъуӕгтӕм гӕсгӕ.

[36] Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома, Ныфсдӕттӕг) кӕй схуыдтой, уыцы кипраг левит Иосифӕн уыди зӕххы хай.

[37] Ауӕй йӕ кодта, ӕрхаста ӕхца ӕмӕ йӕ радта апостолтӕм.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters