[1] Уый фӕстӕ та Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ногӕй. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы былыл. Хабар уыди афтӕ.
[2] Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома, Нафанаил галилейаг Канӕйӕ, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ Йесойы иннӕ дыууӕ ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.
[3] Симон Петр сын загъта: «Ӕз кӕсаг ахсынмӕ цӕуын». Уыдон ын загътой: «Мах дӕр демӕ цӕуӕм». Ацыдысты ӕмӕ сбадтысты бӕлӕгъы, фӕлӕ уыцы ӕхсӕв ницы ӕрцахстой.
[4] Боныцъӕхтыл Йесо лӕууыд денджызы былгӕрон. Фӕлӕ Йесо кӕй у, уый ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ базыдтой.
[5] Йесо сӕ бафарста: «Мӕ хӕлӕрттӕ, исты ӕрцахстат?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Не 'рцахстам».
[6] Уый сын загъта: «Хыз баппарут бӕлӕгъӕн йӕ рахиз фарс, ӕмӕ ӕрцахсдзыстут». Уыдон баппӕрстой хыз, ӕмӕ сын бирӕ кӕсӕгтӕ кӕй ӕрцахста, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕ бон раласын нӕ уыд.
[7] Йесо кӕй уарзта, уыцы ахуыргӕнинаг загъта Петрӕн: «Ай Хицау у». Симон Петр куы фехъуыста, Хицау у, зӕгъгӕ, уӕд йӕ пӕлӕз ӕрбалвӕста ронӕй (ӕндӕр ыл ницы уыд), ӕмӕ йӕхи нывзылдта денджызмӕ.
[8] Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ та хыз кӕсӕгтимӕ ластой сӕ фӕдыл, афтӕмӕй ӕрбацыдысты бӕлӕгъы; былмӕ сӕ бирӕ нӕ хъуыди – дыууӕсӕдӕ ӕлмӕрины бӕрц.
[9] Былмӕ куы рахызтысты, уӕд цӕхӕрыл федтой кӕсаг, йӕ фарсмӕ та – дзул.
[10] Йесо сын загъта: «Рахӕссут, цы кӕсӕгтӕ ӕрцахстат, уыдонӕй».
[11] Симон Петр схызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ хыз раласта зӕхмӕ. Хыз дзаг уыди стыр кӕсӕгтӕй – ӕдӕппӕт сӕдӕ фӕндзай ӕртӕ кӕсаджы. Ахӕм бирӕ кӕсӕгты уӕзӕй хыз нӕ аскъуыд.
[12] Йесо сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ аходӕн бахӕрут». Ахуыргӕнинӕгтӕй йӕ ныфс ничи бахаста Йӕ бафӕрсынмӕ, «Чи дӕ», зӕгъгӕ. Уыдон базыдтой, Хицау кӕй у, уый.
[13] Йесо бацыд, райста дзул ӕмӕ сын ӕй радта, радта сын кӕсаг дӕр.
[14] Афтӕ мӕрдтӕй райгасы фӕстӕ Йесо ӕртыккаг хатт фӕзынд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм.
[15] Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо бафарста Симон Петры: «Иоанны фырт Симон, уыдон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».
[16] Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О, Хицау! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «У фыййау Мӕ фыстӕн».
[17] Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты.
[18] Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай, ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыд, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд айтындздзынӕ дӕ къухтӕ, ӕрбабӕтдзӕн дӕ ӕндӕр адӕймаг ӕмӕ дӕ акӕндзӕн, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм».
[19] Уыцы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй загъта, Петр Хуыцауы цавӕр мӕлӕтӕй скадджын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Уый фӕстӕ йын Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цу».
[20] Петр ракаст фӕстӕмӕ ӕмӕ сӕ фӕдыл цӕугӕ федта Йесойы уарзон ахуыргӕнинаджы. Уый уыди, ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесомӕ йӕхи чи баввахс кодта ӕмӕ афтӕ чи загъта: «Хицау, гадзрахатӕй Дыл чи рацӕудзӕн?», уыцы ахуыргӕнинаг.
[21] Петр ӕй куы федта, уӕд бафарста Йесойы: «Хицау, уый та цы фӕуыдзӕн?»
[22] Йесо йын загъта: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме 'рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и? Ды цу Мӕ фӕдыл».
[23] Ӕмӕ уый айхъуыст ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Йесо та нӕ амӕлдзӕн нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме 'рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд дӕу цы хъуыддаг и?»
[24] Ацы ахуыргӕнинаг ӕвдисӕн у ӕппӕт уыдӕттӕн, ӕмӕ сӕ ныффыста. Ӕмӕ мах зонӕм, йӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый.
[25] Йесо ма скодта бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ сеппӕты тыххӕй лӕмбынӕг ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, суанг дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой.