[1] Савлӕн ныр дӕр ӕнӕуынон уыдысты Хицауы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ
[2] Ӕмӕ дзы ракуырдта фыстӕджытӕ Дамаскы синагогӕтӕм, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй-усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕркӕна Иерусалиммӕ.
[3] Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст ӕртыхсти рухс.
[4] Савл ӕрхауд зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»
[5] Савл бафарста: «Чи дӕ, Хицау?» Дзуапп ын рардӕуыди: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын».
[6] Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Хицау, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Хицау ын загъта:] Сыст ӕмӕ бацу сахармӕ – уым дын загъд уыдзӕни, цы гӕнгӕ дын у, уый».
[7] Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй; хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой.
[8] Савл сыстад зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухыл ӕмӕ йӕ ӕркодтой Дамаскмӕ.
[9] Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци.
[10] Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Анани. Хицау ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Анани!» Анани дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Хицау».
[11] Хицау ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст чи хуыйны, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном – Савл, у Тарсы сахарӕй. Ныртӕккӕ кувгӕ кӕны
[12] Ӕмӕ йӕ цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном – Анани; Анани йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй ракӕса йӕ цӕстытӕй».
[13] Анани дзуапп радта: «Хицау, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Иерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй бирӕтӕй фехъуыстон.
[14] Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса».
[15] Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
[16] Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый».
[17] Анани араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Йӕхи Чи равдыста, уыцы Хицау Йесо рарвыста мӕн, цӕмӕй ракӕсай дӕ цӕстытӕй ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
[18] Ӕмӕ йын цыма уайтӕккӕ хӕрв систӕуыд йӕ цӕстытӕй, афтӕ ӕваст ракаст цӕстӕй, сыстад ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд.
[19] Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕ хъару фӕфидар. Савл иукъорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ.
[20] Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
[21] Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном арджыты Иерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не 'рцыд, ӕви?»
[22] Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд.
[23] Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейтӕ скодтой Савлы амарыны фӕнд.
[24] Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары цур.
[25] Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы ӕруагътой къулыл.
[26] Савл ӕрцыд Иерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, ахуыргӕнинӕгтимӕ цӕмӕй баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы сеппӕт дӕр тарстысты – ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта.
[27] Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм, ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл куыд федта Хицауы, Хицау куыд дзырдта йемӕ, Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
[28] Савл иуцасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылдис Иерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Хицауы номыл.
[29] Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта бердзенагау дзурӕг дзуттӕгтимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд.
[30] Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ.
[31] Ӕппӕт Иудейӕйы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, уыди сӕ Хуыцауы тас, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл.
[32] Петр сахартыл куы зылди, уӕд бабӕрӕг кодта Лиддӕйы сахары цӕрӕг сыгъдӕджыты.
[33] Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном – Эней. Уый уыд уӕнгмард – аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.
[34] Петр ын загъта: «Эней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ сис дӕ хуыссӕн». Эней уайтӕккӕ рабадт.
[35] Лиддӕ ӕмӕ йӕ Сароны цӕрджытӕ сеппӕт дӕр федтой ӕмӕ раздӕхтысты Хицаумӕ.
[36] Иоппийы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном – Тавифӕ (ома, Сычъи). Ӕмхиц уыди хорз хъуыддӕгтӕм ӕмӕ ӕххуыс кодта мӕгуыртӕн.
[37] Уыцы рӕстӕг Тавифӕ ӕрбарынчын ӕмӕ амард. Цынадтой йӕ ӕмӕ йӕ сӕвӕрдтой уӕллаг уаты.
[38] Лиддӕ Иоппимӕ хӕстӕг уыд. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы зӕгъынмӕ: «Ӕрцу нӕм ӕвӕстиатӕй».
[39] Петр рараст семӕ. Куы ӕрхӕццӕ, уӕд ӕй бахуыдтой уӕллаг уатмӕ. Ам ыл ӕрӕмбырд сты ӕппӕт идӕдз устытӕ, куыдтой ӕмӕ йӕм ӕвдыстой, Сычъи семӕ куы царди, уӕд кӕй хуыдта, уыцы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ.
[40] Петр сеппӕты дӕр рарвыста ӕддӕмӕ, ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадт.
[41] Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм, идӕдз сылгоймӕгтӕм ӕмӕ сын ӕй удӕгасӕй ӕрлӕууын кодта сӕ разы.
[42] Уый айхъуыст ӕгас Иоппийыл ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Хицауыл.
[43] Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Иоппийы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симонмӕ.