[1] Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном – Тимофей. Йӕ мад уыди Йесойыл баууӕндӕг иудей, йӕ фыд та – бердзенаг.
[2] Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ.
[3] Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым цы иудейтӕ царди, уыдоны тыххӕй Тимофейӕн скодта сунӕт, уымӕн ӕмӕ сеппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд бердзенаг кӕй уыд, уый.
[4] Уыдон цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ ӕмӕ уырнджытӕн сӕххӕст кӕнынмӕ лӕвӕрдтой, апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ Иерусалимы кӕй рахастой, уыцы уынаффӕтӕ.
[5] Ӕмӕ фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, ӕрвылбон ӕфтыд уырнджыты нымӕцыл.
[6] Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстӕйыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Асийы амонынмӕ.
[7] Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд нӕ бауагъта уырдӕм.
[8] Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Троадӕмӕ.
[9] Ӕмӕ Павел уыцы ӕхсӕв йӕ цӕстылуайӕны федта: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македониаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн».
[10] Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд нӕхи ӕрцӕттӕ кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ – бамбӕрстам, Хуыцау нӕ уырдӕм фарны уац фӕхӕссынмӕ кӕй ӕрхуыдта, уый.
[11] Араст стӕм Троадӕйӕ ӕмӕ ӕмраст бацыдыстӕм Самофракимӕ, уырдыгӕй дыккаг бон – Неаполмӕ,
[12] Неаполӕй та – ромаг колони Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны,
[13] Сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыд, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ.
[14] Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй Хуыцауы нымайӕг сылгоймаг, йӕ ном – Лидиа, сӕнтсырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Хицау ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, Павел цы дзырдта, уыцы ныхӕстӕн.
[15] Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йӕ хӕдзаронтыл дӕр куы саргъуыдӕуыд, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Хицауыл мӕ иузӕрдионыл кӕд банымадтат, уӕд рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.
[16] Иухатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг.
[17] Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Дунедарӕг Хуыцауы цагъартӕ сты; фервӕзӕн цы амалӕй ис, уыдон уын уый тыххӕй дзурынц».
[18] Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел, ӕппынфӕстаг, смӕсты, акаст фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын дӕттын бардзырд: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайтӕккӕ рацыд.
[19] Се 'фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, уый чызджы хицӕуттӕ куы федтой, уӕд ӕрцахстой Павел ӕмӕ Силӕйы, ӕмӕ сӕ лӕгдыхӕй акодтой сӕйраг фӕзмӕ сахары сӕргълӕуджытӕм.
[20] Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ иудейтӕ сты ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар.
[21] Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, барвӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не 'мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ».
[22] Павелы ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ ӕрӕмбырд бирӕ адӕм. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕмудзой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой.
[23] Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой къӕрцхъусӕй сӕ хъахъхъӕнын.
[24] Ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.
[25] Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.
[26] Ӕваст зӕхх афтӕ тыхджын нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон нызмӕлыд йӕ бындурмӕ. Уайтӕккӕ байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.
[27] Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыд йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты.
[28] Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах неппӕт дӕр ам стӕм!»
[29] Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта Павелмӕ ӕмӕ Силӕмӕ, ӕмӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ, йӕхи ӕрӕппӕрста сӕ къӕхтӕм.
[30] Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме 'лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы гӕнгӕ у?»
[31] Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Хицау Йесойыл, ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».
[32] Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Хицауы ныхас.
[33] Хъахъхъӕнӕг сӕ ӕхсӕвы тӕккӕ уыцы сахатыл ракодта, цӕхсадта сын сӕ хъӕдгӕмттӕ, ӕмӕ ӕвӕстиатӕй аргъуыд райста йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йеппӕт хӕдзаронтӕ дӕр.
[34] Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ цин кодта йеппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
[35] Куы сбон, уӕд сахары хицӕуттӕ се 'ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ зӕгъынмӕ: «Рауадз уыцы лӕгты».
[36] Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд. Уӕдӕ ныр ацӕут фарнимӕ».
[37] Фӕлӕ Павел ӕрвыст лӕгтӕн загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз, ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».
[38] Ӕрвыстытӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты,
[39] Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Рахуыдтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй ацӕуой сахарӕй.
[40] Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.