Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 5:51

[1] Змӕст куы ахицӕн, уӕд Павел ӕрӕмбырд кодта ахуыргӕнинӕгты, ныфс сӕ бауагъта, загъта сын хӕрзбон ӕмӕ араст Македонимӕ.

[2] Йӕ фӕндагыл йӕ ныхасӕй ныфс лӕвӕрдта уырнджытӕн. Афтӕмӕй бахӕццӕ Бердзенмӕ.

[3] Уым фӕци ӕртӕ мӕйы. Уырдыгӕй Сиримӕ науы ацӕуынмӕ куы хъавыд, уӕд иудейтӕ йӕ ныхмӕ скодтой сусӕгвӕнд, ӕмӕ йӕм ӕрцыд Македонийыл аздӕхыны хъуыды.

[4] Павелимӕ [Асимӕ] цыдысты вериаг Сосипатр – Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гай ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.

[5] Уыдон ацыдысты нӕ разӕй ӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Троадӕйы.

[6] Мах та Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фӕстӕ науы ацыдыстӕм Филиппты сахарӕй, фондз боны фӕстӕ семӕ баиу стӕм Троадӕйы, ӕмӕ дзы фестӕм авд боны.

[7] Къуырийы фыццаг бон куы ӕрӕмбырд стӕм дзулсастмӕ, уӕд Павел ныхас кодта ахуыргӕнинӕгтимӕ. Дыккаг бон ӕм ацӕуыны фӕнд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас ӕмбисӕхсӕвмӕ дӕр нӕма фӕци.

[8] Кӕм ӕрӕмбырд стӕм, уыцы уӕллаг уаты сыгъди бирӕ цырӕгътӕ.

[9] Иу лӕппу, йӕ ном – Эвтих, бадти рудзынгыл. Павелы дӕргъвӕтин ныхасы рӕстӕг ыл хуыссӕг фӕтых, аци тарф фынӕй ӕмӕ ахауд ӕртыккаг уӕладзыгӕй. Куы йыл схӕцыдысты, уӕд разынди мард.

[10] Павел ӕрхызти дӕлӕмӕ, ныддӕлгом ыл, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ загъта: «Ма тыхсут, йӕ уд йӕ мидӕг ис».

[11] Уый фӕстӕ схызт уатмӕ, асаста дзул, бахордта дзы, фӕныхас ма кодта сӕумӕцъӕхтӕм, стӕй ацыд.

[12] Ныр лӕппуйы та ӕрбахуыдтой удӕгасӕй, ӕмӕ тынг фӕцин кодтой.

[13] Мах ацыдыстӕм разӕй, сбадтыстӕм науы ӕмӕ ацыдыстӕм Ассмӕ, уырдыгӕй Павелы немӕ ракӕнынмӕ. Уымӕн ӕмӕ нын йӕхӕдӕг афтӕ бафӕдзӕхста, йӕ зӕрды фистӕгӕй ацӕуын кӕй уыди, уый тыххӕй.

[14] Павел Ассы баиу немӕ, сбадти нӕ науы ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Митилинӕмӕ.

[15] Уырдыгӕй араст стӕм, ӕмӕ иннӕ бон фӕцӕйцыдыстӕм Хиосы цурты; дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Самосмӕ, [фестӕм Трогиллийы] ӕмӕ иннӕ бон ӕрцыдыстӕм Милетмӕ.

[16] Уымӕн ӕмӕ Павелы Эфесмӕ бацӕуын нӕ фӕндыди, цӕмӕй Асийы ма бафӕстиат уа. Тагъд кодта, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, Хорысӕры бӕрӕгбонмӕ Иерусалиммӕ куыд ӕрцӕуа.

[17] Павел Милетӕй Эфесмӕ арвыста аргъуаны хистӕрты ӕрхонынмӕ.

[18] Куы йӕм ӕрцыдысты, уӕд сын загъта: «Сымах зонут, ӕз Асимӕ куы ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уӕм иудадзыг цы уагӕй цардтӕн, уый.

[19] Ӕз коммӕгӕсӕй ӕмӕ цӕссыгимӕ куыстон Хицауӕн, иудейты фыдвӕндты аххосӕй тухӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ.

[20] Сымах зонут, ӕз кӕй ницы басусӕг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уын амыдтон ӕмӕ ахуыр кодтон адӕмы раз ӕмӕ хӕдзаргай.

[21] Иудейтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл ӕууӕндынмӕ.

[22] Ныр та мӕ Сыгъдӕг Уд кӕны Иерусалиммӕ, ӕмӕ мыл уым цы ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонын.

[23] Ӕрмӕст мын Сыгъдӕг Уд алы сахары дӕр фӕзӕгъы, мӕнмӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ахӕстон ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ.

[24] Фӕлӕ мӕм мӕ цард ницы кӕсы, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ, ӕмӕ мын Хицау Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый бакӕнынмӕ – Хуыцауы хорзӕхы уац адӕммӕ фӕхӕссынмӕ.

[25] Ӕмӕ ныр зонын, сымах иууылдӕр, – кӕй ӕхсӕн цардтӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн дзырдтон, – мӕн кӕй нал фендзыстут, уый.

[26] Уымӕ гӕсгӕ уын ӕз абон зӕгъын: исчи уӕ куы бабын уа, уӕд мӕн аххос нӕу.

[27] Уымӕн ӕмӕ уӕ ӕз ницы басусӕг кодтон – Хуыцауы фӕндон уын фехъусын кодтон ӕххӕстӕй.

[28] Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан.

[29] Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ.

[30] Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм лӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.

[31] Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы, ӕхсӕвӕй-бонӕй, сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.

[32] Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.

[33] Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн нӕдӕр искӕй ӕвзистмӕ, нӕдӕр йӕ сызгъӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.

[34] Уӕхӕдӕг зонут, мӕхи ӕмӕ ме 'мбӕлццӕтты хъуӕгтӕн ӕз куыстон мӕнӕ мӕ ацы къухтӕй.

[35] Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, кӕй хъӕуы афтӕ кусын, лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Хицау Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын тӕхудиагдӕр хъуыддаг у"».

[36] Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел ӕрзоныгыл ӕмӕ бакуывта сеппӕтимӕ дӕр.

[37] Иууылдӕр куыдтой, ныттыхстысты-иу ын йе 'фцӕгыл ӕмӕ йын батӕ кодтой.

[38] Афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕлдай хъыг та сын уый уыди. Уый фӕстӕ йӕ афӕндараст кодтой наумӕ.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters