[1] Муртаттӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейӕйы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.
[2] Ӕмӕ Петр Иерусалиммӕ куы ӕрцыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой:
[3] «Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ хордтай семӕ».
[4] Уӕд сын Петр райдыдта, хъуыддаг куыд рауад, уый тыххӕй бӕстон дзурын:
[5] «Ӕз куывтон Иоппийы сахары ӕмӕ мӕ цӕстыл ауад: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ.
[6] Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн, ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ.
[7] Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр".
[8] Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Хицау! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди".
[9] Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай".
[10] Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ.
[11] Ӕмӕ уайтӕккӕ ӕртӕ лӕджы ӕрбалӕууыдысты, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты.
[12] Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕ гуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнилийы хӕдзармӕ.
[13] Корнилий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Иоппимӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны.
[14] Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ деппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ".
[15] Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ.
[16] Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн донӕй аргъуыдта, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй".
[17] Мах Хицау Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау цы радта, кӕд муртаттӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»
[18] Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн».
[19] Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы ныхас амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейтӕн.
[20] Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ кириниӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕн дӕр хъусын кодтой Хицау Йесойы фарны уац.
[21] Хуыцау сын лӕвӕрдта тых, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ ӕрцыдысты Хицаумӕ.
[22] Уыцы хабар бахӕццӕ Иерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ.
[23] Куы ӕрцыд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ сеппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Хицауыл уой зӕрдиаг ӕмӕ ӕнувыд.
[24] Варнавӕ хорз лӕг уыд, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Хицаумӕ ӕрцыд бирӕ адӕм.
[25] Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыд Тарсмӕ Савлы агурӕг, ссардта йӕ ӕмӕ йӕ ӕрхуыдта Антиохимӕ.
[26] Ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕлдысты аргъуанимӕ ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт Антиохийы схуыдтой чырыстӕттӕ.
[27] Уыцы рӕстӕг Иерусалимӕй Антиохимӕ ӕрцыдысты пехуымпартӕ.
[28] Уыдонӕй иу, йӕ ном – Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн тынг стонг рӕстӕг. Ӕмӕ йӕ пехуымпар ныхас ӕрцыди кесӕр Клавдийы заманы.
[29] Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се 'ххуысы хай Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.
[30] Ӕмӕ сӕ дзырдӕн разындысты хицау: цы ӕрӕмбырд кодтой, уый Варнавӕимӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм .