[1] Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыди, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕдӕттынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.
[2] Уӕд дыууадӕс апостолы ӕрӕмбырд кодтой ӕппӕт ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ загътой: «Махӕн не 'мбӕлы Хуыцауы ныхас амонын ныууадзын ӕмӕ фынгӕвӕрдтыл тыхсын.
[3] Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй сӕвзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ зондджын чи у, ахӕм авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл.
[4] Нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы ныхас хӕлиу кӕныныл».
[5] Уыцы фӕндон фӕцыд сеппӕты зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Николайы.
[6] Ӕркодтой сӕ апостолтӕм. Апостолтӕ сын бакуывтой ӕмӕ сыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ.
[7] Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл.
[8] Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз кодта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.
[9] Цавӕрдӕр кириниӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ – «Сӕрибар райсджыты» синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Киликийӕ ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕуы бацыдысты Стефанимӕ.
[10] Фӕлӕ йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕ уыд.
[11] Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой афтӕ зӕгъыныл: «Мах фехъуыстам, Моисейы ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».
[12] Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ.
[13] Цы мӕнгӕвдисӕнты ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг фауы ацы сыгъдӕг бынат ӕмӕ Моисейы Ӕгъдау.
[14] Цы дзырдта, уый мах фехъуыстам: ацы Назаретаг Йесо, дам, ныппырх кӕндзӕн ацы бынат ӕмӕ аивдзӕн, Моисейы фӕрцы кӕй райстам, уыцы ӕгъдӕуттӕ».
[15] Синедрионы чи бадти, уыдон сеппӕт дӕр сӕ цӕстытӕ ныссагътой Стефаны ӕмӕ федтой, йӕ цӕсгом зӕды цӕсгомау куыд ӕрттывта, уый.