[1] Кувыны афон, фарӕстӕм сахатыл, Петр ӕмӕ Иоанн фӕцӕйцыдысты Кувӕндонмӕ.
[2] Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой уырдӕм, ныууагътой-иу ӕй уым, ӕмӕ ӕхца куырдта Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй.
[3] Уый Петр ӕмӕ Иоанны Кувӕндонмӕ бацӕуӕны цур куы федта, уӕд сӕ куырдта ӕхца.
[4] Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ныккастысты ӕдзынӕг, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм».
[5] Ӕмӕ сӕ уый дӕр, исты мын кӕд раттикой, зӕгъгӕ, йӕ цӕстытӕ ныссагъта.
[6] Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сызгъӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын».
[7] Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уайтӕккӕ сфидар сты йӕ дыууӕ фады ӕмӕ йӕ фадхъултӕ,
[8] Фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын. Семӕ бацыди Кувӕндонмӕ ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рацу-бацу кодта гӕппытӕгӕнгӕ.
[9] Куыд цыди ӕмӕ Хуыцауӕн куыд кад кодта, уый уыдтой ӕппӕт адӕм,
[10] Ӕмӕ йӕ базыдтой – Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур мӕгуыргурӕй чи бадти, уыцы лӕг у. Цы йыл ӕрцыд, уый куы федтой, уӕд джихтӕ кодтой ӕмӕ дисы ӕфтыдысты.
[11] Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны фӕхибар куы нал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.
[12] Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут, ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?
[13] Авраамы, Исаакы ӕмӕ Иаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, снамысджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы – Йесо Чырыстийы. Сымах Ӕй радтат амарынмӕ, ӕмӕ Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд Ыл йӕ разы уӕхи атигъ кодтат.
[14] Сыгъдӕгыл ӕмӕ Рӕстгӕнӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ уӕхицӕн ракуырдтат лӕгмары,
[15] Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта, ӕмӕ мах уымӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм.
[16] Ӕмӕ Йесойыл ӕууӕндыны фӕрцы Йӕ ном сфидар кодта, сымах кӕй уынут ӕмӕ зонут, уыцы лӕджы. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ разы бынтондӕр сӕнӕниз кодта.
[17] Ӕниу, ме 'фсымӕртӕ, ӕз зонын, сымах дӕр, уӕ хицӕуттау, Йесойӕн афтӕ бакодтат, цы гӕнӕг стут, уый не 'мбаргӕйӕ.
[18] Хуыцау Йеппӕт пехуымпарты дзыхӕй Йӕ Чырыстийы тухӕнты тыххӕй рагагъоммӕ куыд загъта, афтӕ Йӕ дзырд сӕххӕст кодта.
[19] Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын ныббарстӕуа уӕ тӕригъӕдтӕ.
[20] Уӕд уын Хицау ратдзӕн рӕвдауыны рӕстӕг ӕмӕ уӕм рарвитдзӕн рагагъоммӕ уын ӕвзӕрст Чырыстийы – Йесойы.
[21] Уый хъуамӕ уӕларвы уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, уымӕ гӕсгӕ цалынмӕ ӕппӕт дӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.
[22] Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Уӕ Хицау Хуыцау мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе 'фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар; ӕмӕ уын Уый цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.
[23] Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый фӕхъӕудзӕн Хуыцауы адӕмӕй".
[24] Самуил ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой.
[25] Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр".
[26] Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ».