Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 4:43

[1] Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийы дӕр бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ, амыдтой афтӕ, ӕмӕ иудейтӕй ӕмӕ бердзентӕй тынг бирӕ баууӕндыд Йесойыл.

[2] Хуыцауы ныхасӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейтӕ та сызмӕстой муртатты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.

[3] Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Хицауы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Хицау ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕй ӕмӕ диссӕгтӕй.

[4] Адӕм сахары фӕдих сты: иутӕ иудейты фарс уыдысты, иннӕтӕ та – апостолты.

[5] Муртаттӕ ӕмӕ иудейтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд.

[6] Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылайтӕм.

[7] Ам дӕр хъусын кодтой фарны уац.

[8] Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзух бадти, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.

[9] Павел куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыста. Павел ӕм ӕдзынӕг ныккаст ӕмӕ федта: уыцы лӕгмӕ ис, кӕй фӕрцы сдзӕбӕх уа, ахӕм уырнындзинад.

[10] Уӕд ын Павел хъӕрӕй загъта: «Слӕуу дӕ къӕхтыл». Уый уайтӕккӕ фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын.

[11] Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау райдыдтой хъӕр кӕнын: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»

[12] Ӕмӕ Варнавӕйы хуыдтой Зевс, Павелы та – Гермес , уымӕн ӕмӕ ныхас фылдӕр уый кодта.

[13] Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ, ӕрхаста дидинӕгбыдтӕ, ӕмӕ йӕ зӕрды уыд адӕмимӕ нывонд ӕрхӕссын.

[14] Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд арӕмыгътой сӕ пӕлӕзтӕ, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой:

[15] «Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм фарны уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.

[16] Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар.

[17] Уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хӕссы уӕ хойрагӕй ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ ӕфсады цинӕй».

[18] Уыцы ныхӕсты фӕрцы дӕр зынтӕй баурӕдтой адӕмы уыдонӕн нывонд ӕрхӕссынӕй.

[19] Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау аластой фӕссахармӕ.

[20] Фӕлӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Павел сыстад ӕмӕ баздӕхт сахармӕ. Дыккаг бон Варнавӕимӕ араст Дервимӕ.

[21] Уыцы сахармӕ ӕрхастой фарны уац ӕмӕ бирӕты скодтой ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Листрӕмӕ, уырдыгӕй та – Иконимӕ ӕмӕ Антиохимӕ.

[22] Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.

[23] Алы аргъуаны дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ фӕкуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Хицауыл.

[24] Апостолтӕ ахызтысты Писидийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Памфилимӕ.

[25] Пергийы фӕцамыдтой Хуыцауы ныхас, стӕй ӕрцыдысты Атталимӕ.

[26] Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ – ныр цы хъуыддаг ахицӕн кодтой, уый аразынмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ кӕцӕй рарвыстой, уырдӕм.

[27] Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, муртаттӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй.

[28] Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters