[1] Уӕд иу лӕг, йӕ ном – Анани, йӕ ус Сапфирӕимӕ ауӕй кодтой сӕ мулк.
[2] Анани ӕхцатӕй иуцасдӕр ныууагъта йӕхицӕн, иннӕты та ӕрхаста ӕмӕ сӕ радта апостолтӕм. Кӕй дзы басусӕг кодта, уый зыдта йӕ ус дӕр.
[3] Петр ын загъта: «Анани, хӕйрӕджы дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай – Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?
[4] Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы».
[5] Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Анани дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ и зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны бацыд стыр тас.
[6] Бацыдысты лӕппутӕ, ӕрцӕттӕ йӕ кодтой баныгӕнынмӕ, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой.
[7] Ӕртӕ сахаты фӕстӕ ӕрхӕццӕ йӕ ус дӕр, ныр цы ӕрцыди, уый та нӕ зыдта.
[8] Петр ӕй бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ахӕм аргъыл ауӕй кодтат уӕ зӕхх?» Уый дзуапп радта: «О, ахӕм аргъыл».
[9] Петр ын загъта: «Цӕмӕн сфӕнд кодтат Хицауы Уды ракъахын? Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон мӕнӕ ӕрбахизынц дуарыл ӕмӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
[10] Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты цурмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.
[11] Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны дӕр.
[12] Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы.
[13] Семӕ баиумӕ ӕддагӕттӕй йӕ ныфс ничи хаста, фӕлӕ сын адӕм кад кодтой.
[14] Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Хицауыл ӕууӕндджытӕ – сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.
[15] Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтыл ӕмӕ сынтытыл, искӕуыл дзы сӕ рӕзты цӕуӕг Петры аууон уӕд та куыд андзӕва, афтӕ.
[16] Иерусалиммӕ цыди бирӕ адӕм хӕстӕг сахартӕй дӕр. Уыдон-иу ӕркодтой рынчынты, стӕй ӕнӕзӕгъинӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, ахӕмты, ӕмӕ-иу сеппӕт дӕр сдзӕбӕх сты.
[17] Алчер ӕмӕ йемӕ чидӕриддӕр уыд, уыдон (ома, саддукейты къорд) хӕлӕджы бын фесты.
[18] Ӕрцахстой апостолты ӕмӕ сӕ баппӕрстой сахары ахӕстоны.
[19] Фӕлӕ Хицауы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рахуыдта ӕмӕ загъта:
[20] «Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн дзурут ацы ног царды ӕппӕт дзырдтӕ».
[21] Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе 'мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыдис, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома, Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ апостолты ӕрбакӕнынмӕ.
[22] Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ӕрцыдысты ахӕстонмӕ, фӕлӕ апостолты уым не ссардтой. Уӕд раздӕхтысты ӕмӕ загътой:
[23] «Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур. Фӕлӕ дуӕрттӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам».
[24] Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты – цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.
[25] Фӕлӕ ӕрцыд иучидӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах ахӕстоны кӕй бакодтат, уыцы лӕгтӕ ныртӕккӕ сты Кувӕндоны ӕмӕ амонынц адӕмӕн».
[26] Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй.
[27] Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста:
[28] «Мах уын фидарӕй нӕ загътам, ӕви, уыцы Адӕймаджы номыл адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та Иерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад, ӕмӕ уыцы Адӕймаджы мӕлӕт махыл сӕвӕринаг стут».
[29] Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.
[30] Нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта, хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы.
[31] Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ.
[32] Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд дӕр».
[33] Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм уыд апостолты амарыны фӕнд.
[34] Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиил, динамонӕг, адӕмы ӕхсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ радта цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитыны бардзырд.
[35] Стӕй синедрионы уӕнгтӕн загъта: «Израилӕгтӕ, хорз ахъуыды кӕнут, ацы адӕмимӕ уын цы гӕнгӕ у, ууыл.
[36] Ӕрӕджы фӕзынд Февдӕ, йӕхицӕй цыдӕр арӕзта, ӕмӕ йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ амардӕуыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл чи цыди, уыдон иууылдӕр ныххӕлиу сты – ууыл ахицӕн хъуыддаг.
[37] Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты.
[38] Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн.
[39] Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй ма суат Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ».
[40] Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын карз бафӕдзӕхстой Йесойы номыл нал дзурын, ӕмӕ сӕ рауагътой.
[41] Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.
[42] Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы фарны уац.