Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:07

[1] Павел афӕлгӕсыд синедрионыл ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».

[2] Уӕд алчер Анани Павелы фарсмӕ лӕуджытӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын цӕвой йӕ былтӕ.

[3] Павел ын загъта: «Хуыцау дӕ ныццӕвдзӕн, чъырӕйцагъд къул! Мӕнӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕныны тыххӕй ам бадыс; ды та дӕттыс мӕ нӕмыны бардзырд, ӕмӕ уымӕй халыс Ӕгъдау».

[4] Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?»

[5] Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Дӕ адӕмы хицауӕй ӕвзӕр ма зӕгъ"».

[6] Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».

[7] Павел афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты, ӕмӕ ӕмбырд фӕдих.

[8] (Саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты; нӕй, дам, зӕдтӕ ӕмӕ удтӕ. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.)

[9] Рауади стыр хъӕлӕба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытӕй сыстади цалдӕр, ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»

[10] Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы фӕйнӕрдӕм уӕнггай куы фӕхӕссой, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы адӕмӕй байсой ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.

[11] Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Хицау ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ Мӕн тыххӕй Иерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».

[12] Куы сбон, уӕд иудейтӕй иуӕй-иутӕ сусӕгӕй баныхас кодтой ӕмӕ ард бахордтой, цалынмӕ Павелы амарой, уӕдмӕ нӕдӕр хӕрыны, нӕдӕр нуазыны тыххӕй.

[13] Сусӕгвӕнд чи скодта, уыдон уыдысты дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр.

[14] Уыдон бацыдысты алчертӕм, адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ загътой: «Мах ард бахордтам, цалынмӕ Павелы амарӕм, уӕдмӕ ком бадарыны тыххӕй.

[15] Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион арвитут ӕфсӕддон хицаумӕ Павелы райсом сымахмӕ ӕрхоныны тыххӕй, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не 'рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».

[16] Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.

[17] Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».

[18] Уый лӕппуйы бакодта ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ахст Павел мӕм фӕдзырдта ӕмӕ куырдта, цӕмӕй дӕм ацы лӕппуйы ӕрбахонон; цыдӕр зӕгъинаг дын у».

[19] Ӕфсӕддон хицау ныххӕцыд лӕппуйы къухыл, фӕхибар ӕй кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы мын зӕгъинаг дӕ?»

[20] Лӕппу дзуапп радта: «Иудейтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды.

[21] Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бадынц. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ нӕ бахӕрын ӕмӕ нӕ баназыныл. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».

[22] Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн ӕй кӕй загътай, уый макӕмӕн радзур», ӕмӕ йӕ ауагъта.

[23] Ӕфсӕддон хицау басидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.

[24] Павелӕн ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ йӕ бӕстӕйы хицау Феликсмӕ сӕрӕгасӕй куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ».

[25] Ныффыста ахӕм фыстӕг дӕр:

[26] «Клавдий Лисийӕ – бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.

[27] Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ, ӕмӕ ромаг гражданин кӕй у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон.

[28] Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ.

[29] Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, сӕ Ӕгъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фарстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ хӕссынц.

[30] Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын».

[31] Ӕфсӕддонтӕ цы бардзырд райстой, уымӕ гӕсгӕ Павелы ӕхсӕвы бахӕццӕ кодтой Антипатридӕмӕ.

[32] Дыккаг бон Павелимӕ дарддӕр цӕуын бакодтой барджыты бар, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ.

[33] Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йӕм Павелы бакодтой.

[34] Бӕстӕйы хицау бакасти фыстӕг ӕмӕ бафарста Павелы, кӕцон у, уымӕй. Киликийӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта:

[35] «Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ радта Ироды галуаны йӕ ахстӕй дарыны бардзырд.

Апостолты хъуыддӕгтӕ — Chapters