Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 7:21

[1] Къуырийӕн йӕ фыццаг бон та сӕумӕйӕ ӕрцыдысты зӕппадзмӕ; семӕ ӕрхастой, цы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕрцӕттӕ кодтой, уыдон.

[2] Зӕппадзы дур ӕрӕййӕфтой фӕлдӕхтӕй.

[3] Бацыдысты мидӕмӕ, фӕлӕ дзы Хицау Йесойы мард не ссардтой,

[4] Ӕмӕ фӕджих сты. Ӕваст сӕ разы февзӕрдысты дыууӕ лӕджы ӕрттивгӕ дарӕсы.

[5] Сылгоймӕгты тас бацыди, сӕ сӕртӕ ӕруагътой, фӕлӕ сын лӕгтӕ загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?

[6] Ам нӕй, райгас и. Галилейы ма куы уыди, уӕд уын цы дзырдта, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд:

[7] „Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухтӕм, байтындздзысты Йӕ дзуарыл ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн"».

[8] Уӕд сылгоймӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ.

[9] Раздӕхтысты зӕппадзӕй ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй радзырдтой иуӕндӕс ахуыргӕнинагӕн, стӕй иннӕтӕн дӕр.

[10] Уыцы сылгоймӕгтӕ уыдысты магдалӕйаг Мариа, Иоаннӕ, Иаковы мад Мариа ӕмӕ иннӕтӕ, семӕ ма чи уыдис, уыдон. Хабар радзырдтой апостолтӕн,

[11] Фӕлӕ сӕм сылгоймӕгты ныхӕстӕ дзӕгъӕлы дзӕнгӕдайау фӕкастысты, ӕмӕ сыл нӕ баууӕндыдысты.

[12] Петр уӕддӕр сыстад ӕмӕ азгъордта зӕппадзмӕ, ӕргуыбыр кодта, бакаст ӕм, федта дзы ӕрмӕстдӕр мӕрддзӕгтӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхт, цы ӕрцыд, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.

[13] Уыцы бон ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ фӕцӕйцыдысты, Иерусалимӕй ӕртиссӕдз стадийы дӕрддзӕф цы Эммаусы хъӕу лӕууыд, уырдӕм.

[14] Ныхас кодтой, цы ӕрцыд, ӕппӕт уыцы цаутыл.

[15] Ӕмӕ ныхас куыд кодтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн сӕ хъуыдытӕ куыд дзырдтой, афтӕ сӕм Йесо Йӕхӕдӕг бахӕстӕг ӕмӕ баиу семӕ.

[16] Фӕлӕ сӕ цӕстытӕй рӕстмӕ нал уынӕгау Ӕй нӕ базыдтой.

[17] Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты.

[18] Сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта Йесойӕн: «Иерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыд, уыдӕтты тыххӕй?»

[19] Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый тыхджын пехуымпар уыди Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.

[20] Нӕ алчертӕ ӕмӕ Йӕ нӕ хицӕуттӕ радтой мӕлӕты тӕрхон Ын рахӕссынмӕ, ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтыгътой.

[21] Мах та нӕхицӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтам, Израилы Чи фервӕзын кӕндзӕн, Уый у, зӕгъгӕ. Уыимӕ Йӕ байтындзыныл ныр ӕртыккаг бон цӕуы,

[22] Ӕмӕ нӕ сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ мах дисы бафтыдтой – сӕумӕйӕ уыдысты зӕппадзы цур,

[23] Фӕлӕ Йын Йӕ мард не ссардтой. Ӕрцыдысты ӕмӕ радзырдтой, зӕдтӕ нӕм фӕзындысты ӕмӕ нын загътой, Йесо удӕгас у, зӕгъгӕ.

[24] Уӕд махӕй чидӕртӕ ацыдысты зӕппадзмӕ ӕмӕ алцыдӕр ссардтой, сылгоймӕгтӕ куыд загътой, афтӕмӕй; Йӕхи та Йын нӕ федтой».

[25] Уӕд сын Йесо загъта: «О ӕнӕмбаргӕтӕ! Пехуымпартӕ цы загътой, ӕппӕт уыдӕттыл куыд зынтӕй ӕууӕндут!

[26] Чырыстийӕн афтӕ фӕхъизӕмар кӕнын ӕмӕ Йӕ намыс райсын не 'мбӕлд, ӕви?»

[27] Ӕмӕ сын, Моисейӕ ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ иууылдӕр.

[28] Цы хъӕумӕ цыдысты, уымӕ куы баввахс сты, уӕд Йесо Йӕхи дарддӕр цӕуӕг скодта.

[29] Фӕлӕ Йӕ уыдон урӕдтой, лӕгъстӕ Йын кодтой: «Баззай немӕ, тагъд баизӕр уыдзӕн, бон фӕвӕййы». Уӕд бацыди хъӕумӕ ӕмӕ баззади семӕ.

[30] Ӕмӕ Йесо семӕ фынгыл куы ӕрбадт, уӕд райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй радта.

[31] Уӕд ракастысты сӕ цӕстытӕй, базыдтой Йӕ, фӕлӕ Йӕ цӕстӕй нал уыдтой.

[32] Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Фӕндагыл немӕ куы ныхас кодта ӕмӕ нын Сыгъдӕг Фыст куы амыдта, уӕд нӕ риуы нӕ зӕрдӕтӕ нӕ сыгъдысты, ӕви?»

[33] Уайтӕккӕ сыстадысты ӕмӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ, ӕмӕ уым баййӕфтой иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы иннӕтимӕ иумӕ –

[34] Уыдон дзырдтой, Хицау бӕлвырд райгас ӕмӕ Йӕхи равдыста Симонмӕ, зӕгъгӕ.

[35] Уӕд сын ацы дыууӕ радзырдтой, фӕндагыл цы ӕрцыд, стӕй Йесо дзул куы асаста, уӕд Ӕй куыд базыдтой, уыдӕтты тыххӕй.

[36] Уыдӕтты тыххӕй куы дзырдтой, уӕд мӕнӕ Йесо Йӕхӕдӕг лӕууы се 'хсӕн ӕмӕ сын зӕгъы: «Фӕрнджын ут!»

[37] Уыдон фӕджих сты ӕмӕ сӕ тас бацыди – афтӕ фенхъӕлдтой, цыма уд уынынц.

[38] Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Цӕуыл скатай стут ӕмӕ уӕм ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕн ӕвзӕры?

[39] Фенут Мын Мӕ къухтӕ ӕмӕ Мӕ къӕхтӕ: ай Ӕз Мӕхӕдӕг дӕн. Басгарут Мӕ ӕмӕ сбӕлвырд кӕнут: удӕн фыд ӕмӕ стджытӕ нӕй, Мӕнӕн та ис, куыд уынут, афтӕмӕй».

[40] Уый зӕгъыны фӕстӕ сын фенын кодта Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ къӕхтӕ.

[41] Фырцинӕй сӕ куы нӕма уырныдта ӕмӕ дисы куы бафтыдысты, уӕд сын загъта: «Исты хӕринаг уӕм ис?»

[42] Радтой Йын физонӕг кӕсаджы кӕрдих,

[43] Райста йӕ ӕмӕ сӕ разы бахордта.

[44] Ӕмӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уый тыххӕй дзырдтон, Моисейы Ӕгъдауы, пехуымпарты чингуыты ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».

[45] Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн,

[46] Ӕмӕ сын загъта: «Сыгъдӕг Фыст афтӕ зӕгъы, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид;

[47] Ӕмӕ, Иерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ номӕй фӕсидтӕуа, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын ныббарстӕуа сӕ тӕригъӕдтӕ.

[48] Уымӕн сымах стут ӕвдисӕнтӕ.

[49] Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал баззайут ацы сахары, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй схайджын уат, уӕдмӕ».

[50] Ӕмӕ сӕ сахарӕй рахуыдта Вифанийы онг, систа Йӕ къухтӕ уӕлӕмӕ ӕмӕ сыл арфӕ бафтыдта.

[51] Арфӕтӕ сыл куы ӕфтыдта, уӕд адард уыдонӕй ӕмӕ Йӕ уӕларвмӕ систӕуыд.

[52] Уыдон Ӕм бакуывтой ӕмӕ стыр цинимӕ раздӕхтысты Иерусалиммӕ.

[53] Уӕдӕй фӕстӕмӕ иудадзыг уыдысты Кувӕндоны ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн.

Лука — Chapters