[1] Йесо акаст ӕмӕ федта, Хуыцауы номыл лӕвӕрттӕ Кувӕндоны хӕзнадоны чи ӕвӕрдта, уыцы хъӕздгуыты.
[2] Федта дзы, дыууӕ лептӕйы чи нывӕрдта, уыцы мӕгуыр идӕдз усы дӕр.
[3] Йесо загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ацы мӕгуыр идӕдз ус сеппӕтӕй дӕр фылдӕр нывӕрдта.
[4] Иннӕтӕ иууылдӕр хӕзнадоны сӕ исбоны уӕлдайӕ нывӕрдтой; ацы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый, йӕ хойраджы аргъ».
[5] Иуӕй-иутӕ афтӕ куы дзырдтой, Кувӕндон зынаргъ дуртӕй ӕмӕ, Хуыцауӕн цы ӕрхастӕуыд, уыдонӕй фӕлыст у, зӕгъгӕ, уӕд Йесо загъта:
[6] «Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ам цы уынут, уыдон афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».
[7] Уӕд Ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, уый кӕд уыдзӕн, ӕмӕ уыдӕттӕн се 'рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?»
[8] Йесо сын загъта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй сайды ма фӕуат. Уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн", „Афон ралӕууыд". Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.
[9] Хӕстыты ӕмӕ змӕстыты тыххӕй куы фехъусат, уӕд ма фӕтӕрсут – фыццаг уал ӕппӕт уыдӕттӕн ӕрцӕуын ӕмбӕлы, фӕлӕ уыйадыл кӕрон нӕма уыдзӕн».
[10] Загъта ма сын: «Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ,
[11] Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты – стонг ӕмӕ емынӕ; уыдзӕни ӕвирхъау цаутӕ ӕмӕ стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвӕй.
[12] Ӕппӕт уыдӕтты разӕй сымах ахсдзысты, ӕфхӕрдзысты уӕ, кӕндзысты уӕ синагогӕтӕм ӕмӕ ахӕстӕттӕм; Мӕ номы тыххӕй ӕрлӕудзыстут паддзӕхты ӕмӕ хицӕутты раз.
[13] Уӕд уын уыдзӕни Мӕн тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыны фадат.
[14] Цы дзуапп ратдзыстут, уый тыххӕй уӕ рагацау сагъӕс кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый дарут уӕ зӕрдыл.
[15] Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн, уӕ ныхмӕлӕуджытӕ сеппӕт дӕр кӕй ныхмӕ фӕлӕууын ӕмӕ кӕй ныхмӕ сдзурын нӕ бафӕраздзысты, ахӕм ӕвзаг ӕмӕ зонд.
[16] Гадзрахатӕй уыл рацӕудзысты уӕ ныййарджытӕ, уе 'фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ, уӕ хӕлӕрттӕ, ӕмӕ уӕ кӕйдӕрты амардӕуыдзӕн.
[17] Мӕ номы тыххӕй алкӕмӕн дӕр уыдзыстут ӕнӕуынон.
[18] Фӕлӕ уӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн.
[19] Уӕ фӕразонӕй фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ.
[20] Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд-иу зонут, рӕхджы гӕныстон кӕй фӕуыдзӕн, уый.
[21] Уӕд Иудейӕйы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм. Иерусалимы чи уа, уыдон дӕр уырдыгӕй лидзӕнт, йӕ алфамбылай чи уа, уыдон та йӕм ма бацӕуӕнт.
[22] Уымӕн ӕмӕ уыцы бонтӕ мастисӕн бонтӕ сты, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый ӕгасӕй дӕр.
[23] Уӕд додоййаг уыдзысты сывӕрджынтӕ ӕмӕ дзидзидарджытӕ. Стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн ацы зӕхмӕ, ӕмӕ Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн ацы адӕмы.
[24] Цагъды фӕуыдзысты карды комӕй, уацары сӕ акӕндзысты алы адӕмтӕм. Иерусалим ссӕнддзысты муртаттӕ, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
[25] Уыдзӕн ӕвдисӕйнӕгтӕ хурыл, мӕйыл ӕмӕ стъалытыл; зӕххыл та адӕм сау катайы бафтдзысты, фӕйлаугӕ денджызы уынӕрӕй ницыуал зондзысты сӕ сӕрӕн.
[26] Адӕм фыртӕссӕй фӕзӕрдӕ-дзӕф уыдзысты, дунейыл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
[27] Ӕмӕ уӕд Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр тых ӕмӕ намысимӕ ӕврагъы ӕрцӕйцӕугӕ.
[28] Уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын куы райдайой, уӕд-иу уырдыг слӕуут ӕмӕ уӕ сӕртыл схӕцут, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕстӕг уӕ фервӕзыны афон».
[29] Ӕмӕ сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас: «Акӕсут-ма легъуибӕласмӕ ӕмӕ иннӕ бӕлӕстӕм.
[30] Уыдоны сыфтӕр рафтаугӕ куы фенут, уӕд ӕй уӕхӕдӕг дӕр фӕзонут, сӕрд кӕй ӕрӕввахс.
[31] Уӕдӕ сымах ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕстгӕнгӕ куы фенат, уӕд-иу зонут, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕввахс, уый.
[32] Ӕцӕг уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕни, цалынмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕуой.
[33] Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.
[34] Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма суӕззау уой ӕнӕуаг цардӕй, фырнозтӕй, царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕнӕнхъӕлӕджы.
[35] Уымӕн ӕмӕ уый къӕппӕгау ӕрцахсдзӕн ӕппӕт зӕххон цӕрджыты.
[36] Уӕдӕ иудадзыг ут цӕттӕ ӕмӕ кувут, цӕмӕй уӕ бон бауа ӕппӕт уыцы ӕрцӕуинаг бӕллӕхты сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын».
[37] Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе 'хсӕв арвыста, Елеон кӕй хуындӕуы, уыцы хохыл.
[38] Ӕмӕ Йӕм ӕппӕт адӕм сӕумӕйӕ цыдысты Кувӕндонмӕ байхъусынмӕ.