[1] Райдианы уыди Дзырд, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцаумӕ, ӕмӕ Дзырд уыди Хуыцау.
[2] Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ.
[3] Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд.
[4] Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард ӕппӕт адӕмӕн уыди рухс.
[5] Рухс талынджы рухс кӕны, ӕмӕ йыл талынг нӕ фӕтых.
[6] Уыди Хуыцауӕй ӕрвыст лӕг, йӕ ном Иоанн.
[7] Уый ӕрцыд ӕвдисӕнӕн – Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ, цӕмӕй адӕм йӕ фӕрцы иууылдӕр баууӕндой.
[8] Уый йӕхӕдӕг рухс нӕ уыд, фӕлӕ ӕрвыст уыди Рухсы тыххӕй зӕгъынмӕ.
[9] Уыцы Рухс уыди ӕцӕг Рухс, Уый рухс кӕны, дунемӕ чидӕриддӕр ӕрцӕуы, уыдоны.
[10] Уый уыди, Йӕ фӕрцы кӕй сфӕлдыстӕуыд, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта.
[11] Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йыл йӕхионтӕ нӕ баууӕндыдысты.
[12] Фӕлӕ Йыл чи баууӕндыд, уыдонӕн радта Хуыцауы хъӕбултӕ суӕвыны бар.
[13] Уыдон райгуырдысты нӕдӕр туг ӕмӕ стӕгӕй, нӕдӕр нӕлгоймаджы фӕндӕй, фӕлӕ – Хуыцауӕй.
[14] Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ ӕрцарди не 'хсӕн, уыди хорзӕхы ӕмӕ ӕцӕгады суадон. Ӕмӕ мах федтам Йӕ намыс – Фыды иунӕг Фырты намыс.
[15] Иоанн Фырты тыххӕй лӕууы ӕвдисӕн ӕмӕ хъӕлӕсыдзагӕй зӕгъы: «Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ Чи цыди, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди"».
[16] Ӕмӕ Йӕ ӕгӕрон хъӕздыгдзинадӕй мах райстам хорзӕх хорзӕхы фӕдыл.
[17] Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгад та Йесо Чырыстийы фӕрцы лӕвӕрд сты.
[18] Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ Йӕ раргом кодта Йӕ иунӕг Фырт – Фыдимӕ иу ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый.
[19] Иудейтӕ Иерусалимӕй сауджынты ӕмӕ левитты куы арвыстой Иоанны бафӕрсынмӕ: «Ды чи дӕ?»,
[20] Уӕд ӕй уый нӕ басусӕг кодта ӕмӕ ӕргомӕй загъта, ӕз Чырысти нӕ дӕн, зӕгъгӕ.
[21] Уӕд ӕй бафарстой: «Уӕдӕ чи дӕ? Илиа дӕ?» Уый загъта: «Илиа нӕ дӕн». «Пехуымпар дӕ?» Уый дзуапп радта: «Нӕ дӕн».
[22] Бафарстой та йӕ: «Уӕдӕ чи дӕ? Цы дзуапп раттӕм нӕ рарвитджытӕн? Дӕхӕдӕг дӕхи тыххӕй цы зӕгъдзынӕ?»
[23] Уый сын дзуапп радта Исай-пехуымпары ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн ӕдзӕрӕг ран фидиуӕджы хъӕлӕс: ӕмраст скӕнут Хицауӕн Йӕ фӕндаг».
[24] Уӕд фарисейтӕ кӕй рарвыстой,
[25] Уыдон ӕй бафарстой: «Уӕдӕ кӕд ды нӕдӕр Чырысти дӕ, нӕдӕр Илиа, нӕдӕр пехуымпар, уӕд цӕмӕн аргъауыс?»
[26] Иоанн сын дзуапп радта: «Ӕз аргъауын донӕй, фӕлӕ уе 'хсӕн лӕууы, сымах Кӕй нӕ зонут, Уый –
[27] Мӕ фӕстӕ Цӕуӕг. Ӕз Уымӕн Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн».
[28] Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы иннӕ фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым.
[29] Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк.
[30] Ай Уый у, ӕз афтӕ Кӕй тыххӕй загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Лӕг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыдис".
[31] Ӕз Ӕй нӕ зыдтон. Фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Уый раргом уа Израилӕн».
[32] Иоанн ӕвдисӕн лӕууыд: «Ӕз федтон Сыгъдӕг Уды уӕларвӕй бӕлонау Уымӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Йемӕ баззайгӕ.
[33] Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уды Кӕмӕ ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Кӕимӕ баззайгӕ фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг".
[34] Ӕз уыдӕттӕ федтон ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй».
[35] Дыккаг бон дӕр та Иоанн лӕууыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕимӕ.
[36] Ӕмӕ Йесойы фӕцӕйцӕугӕ куы федта, уӕд загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк».
[37] Ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сӕ дыууӕ дӕр ацыдысты Йесойы фӕдыл.
[38] Йесо фӕстӕмӕ куы ракаст ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сын загъта: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон Ын загътой: «Равви (ома, Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?»
[39] Уый сын загъта: «Рацӕут ӕмӕ йӕ фендзыстут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ федтой, Йесо кӕм цӕры, уый. Ӕмӕ уыцы бон фесты Уымӕ. Уыди дӕс сахатмӕ хӕстӕг.
[40] Иоаннӕй Йесойы тыххӕй чи фехъуыста ӕмӕ Йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы дыууӕйӕ иу уыдис Андрей, Симон Петры ӕфсымӕр.
[41] Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе 'фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома, Чырыстийы).
[42] Уый фӕстӕ йӕ ӕркодта Йесомӕ. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕн Кифӕ» (ома, Петр).
[43] Дыккаг бон Йесо скодта Галилеймӕ цӕуыны фӕнд. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».
[44] Филипп та уыди вифсаидӕйаг, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахайраг.
[45] Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы Кӕй тыххӕй ис фыст, стӕй пехуымпартӕ Кӕй тыххӕй фыстой, уыцы Назаретаг Йесойы, Иосифы фырты».
[46] Фӕлӕ йын Нафанаил загъта: «Назаретӕй дӕр хорзӕй исты рацӕудзӕн?» Филипп ын загъта: «Рацу ӕмӕ фен».
[47] Йесо федта Нафанаилы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ ӕцӕг ӕнӕхин израилаг».
[48] Нафанаил Ын загъта: «Ды мӕ цӕмӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм куы нӕма фӕдзырдта, уӕд дӕ легъуибӕласы бын федтон».
[49] Нафанаил Ын загъта: «Равви, Ды Хуыцауы Фырт дӕ, Израилы Паддзах».
[50] Йесо йын дзуапп радта: «Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ дын загътон: „Ӕз дӕ федтон легъуибӕласы бын". Фендзынӕ уымӕй фылдӕр».
[51] Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг, ӕцӕг зӕгъын сымахӕн: [нырӕй фӕстӕмӕ] уындзыстут арвы дуар гомӕй ӕмӕ Хуыцауы зӕдты уӕларвмӕ ссӕугӕ ӕмӕ Адӕймаджы Фыртмӕ ӕрцӕугӕ».