[1] Йесо Иорданӕй ӕрбаздӕхт Сыгъдӕг Удӕй хайджынӕй, ӕмӕ Йӕ Сыгъдӕг Уд акодта ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ.
[2] Уым Ӕй дыууиссӕдз боны къахта хӕйрӕг. Уыцы бонты Йесо ницы хордта, ӕмӕ куы ахицӕн сты, уӕд тынг сыстонг.
[3] Ӕмӕ Йын хӕйрӕг загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд зӕгъ ацы дурӕн, ӕмӕ феста дзул».
[4] Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг [фӕлӕ Хуыцауы алы дзырдӕй]"».
[5] Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта бӕрзонд ранмӕ, цӕстыфӕныкъуылдмӕ Йын фенын кодта дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ,
[6] Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ дӕлбар Дын бакӕндзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнды, уымӕн сӕ раттын.
[7] Гъемӕ мын куы бакувай, уӕд иууылдӕр уыдзысты Дӕу».
[8] Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ кус ӕрмӕстдӕр Уымӕн"».
[9] Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Иерусалиммӕ, ӕрлӕууын Ӕй кодта Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл, ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи аппар ардыгӕй.
[10] Уымӕн ӕмӕ фыст у: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу тыххӕй, цӕмӕй Дӕ бахъахъхъӕной";
[11] Ноджыдӕр ма: „Хӕсдзысты Дӕ сӕ къухтыл, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр нӕ ныццӕвдзынӕ"».
[12] Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма къах дӕ Хицау Хуыцауы"».
[13] Хӕйрӕг Йесойы алы хуызы дӕр куы фӕкъахта, уӕд уал Ӕй ныууагъта рӕстӕгмӕ.
[14] Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ хайджын, Йесо ӕрбаздӕхти Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ кой айхъуыст ӕппӕт бӕстӕйыл.
[15] Адӕмы ахуыр кодта сӕ синагогӕты, ӕмӕ Йын кад кодтой сеппӕт дӕр.
[16] Йесо ӕрцыд, кӕм схъомыл, уыцы Назаретмӕ. Ӕмӕ куыд ахуыр уыд, афтӕ та ацы хатт дӕр сабаты бацыд синагогӕмӕ, ӕмӕ сыстад чиныджы бакӕсынмӕ.
[17] Радтой Йӕм Исай-пехуымпары чиныг. Байгом ӕй кодта ӕмӕ ссардта, мӕнӕ афтӕ фыст кӕм уыд, уыцы бынат:
[18] «Мӕнмӕ Хуыцауы Уд ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Мӕн байсӕрста. Ӕмӕ Мӕ рарвыста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, [зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнынмӕ,] уацайрӕгтӕн сӕрибары, куырмытӕн цӕстӕй ракӕсыны афон кӕй ралӕууыд, уый тыххӕй сын зӕгъынмӕ, фӕлмӕцыдты суӕгъд кӕнынмӕ,
[19] Хуыцауы хӕрзаудӕны аз кӕй ралӕууыд, уый фехъусын кӕнынмӕ».
[20] Йесо сӕхгӕдта чиныг, радта йӕ лӕггадгӕнӕгмӕ ӕмӕ сбадт. Синагогӕйы чидӕриддӕр уыди, уыдоны цӕстытӕ баззадысты Йесойыл.
[21] Ӕмӕ сын Уый райдыдта дзурын: «Ацы пехуымпар ныхас сӕххӕст абон – куы йӕм хъуыстат, уӕд».
[22] Сеппӕт дӕр Дзы уыдысты разы, дисы сӕ бафтыдтой Йӕ фӕрнӕйдзаг ныхӕстӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Ай Иосифы фырт нӕу, мыййаг?»
[23] Йесо сын загъта: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сымах Мын ӕрхӕсдзыстут ӕмбисонд: „Дохтыр, сдзӕбӕх кӕн Дӕхи", ӕмӕ зӕгъдзыстут: „Мах фехъуыстам, Капернаумы цы сарӕзтай, уый, ӕмӕ йӕ сараз ам дӕр, Дӕ сахары".
[24] Фӕлӕ уын ӕцӕг зӕгъын: иу пехуымпар дӕр нымад нӕ вӕййы йӕ фыдыбӕстӕйы.
[25] Ӕцӕг уын зӕгъын: бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Илиайы заман Израилы, арвы дуар ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы ӕхгӕд куы уыд ӕмӕ ӕппӕт зӕххыл стыр стонг рӕстӕг куы скодта, уӕд.
[26] Фӕлӕ уыдонӕй иумӕ дӕр ӕрвыст нӕ уыд Илиа – арвыстӕйӕуыд идӕдз сылгоймагмӕ сидойнаг Сарептӕмӕ.
[27] Бирӕ хъотырджынтӕ уыди Елисей-пехуымпары заман Израилы, фӕлӕ дзы иу дӕр не ссыгъдӕг – сириаг Нееман ссыгъдӕг».
[28] Уый куы фехъуыстой, уӕд синагогӕйы чи уыди, уыдон сеппӕт дӕр тынг смӕсты сты.
[29] Сыстадысты сӕ бынӕттӕй, сахарӕй Йӕ ратардтой, ӕмӕ Йӕ акодтой, сӕ сахар цы хохыл арӕзт уыд, уый рындзӕй раппарынмӕ.
[30] Фӕлӕ Йесо рацыд се 'хсӕнты ӕмӕ аивгъуыдта уырдыгӕй.
[31] Ӕрцыд галилейаг сахар Капернауммӕ ӕмӕ сабаты ахуыр кодта адӕмы.
[32] Дисы сӕ ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ барджынӕй дзырдта.
[33] Синагогӕйы уыди хӕйрӕджджын адӕймаг. Уый ныхъхъӕр кодта:
[34] «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый – Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».
[35] Йесо дӕлимонӕн бардзырд радта: «Банцай ӕмӕ дзы рацу». Дӕлимон уыцы адӕймаджы синагогӕйы хӕдастӕу зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй.
[36] Ӕппӕт адӕм дӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕн бардзырд дӕтты, ӕмӕ рацӕуынц хӕйрӕджджынтӕй».
[37] Ӕмӕ Йесойы кой айхъуыст Капернаумы алфамбылай.
[38] Йесо синагогӕйӕ куы рацыди, уӕд бацыди Симоны хӕдзармӕ. Симоны усы мад тынг удхар кодта тӕвднизӕй. Ӕмӕ Йесомӕ бахатыдысты сылгоймаджы тыххӕй.
[39] Йесо йӕ цуры слӕууыд, бардзырд радта тӕвднизӕн, ӕмӕ йӕ тӕвдниз ныууагъта. Уыйадыл сылгоймаг сыстад ӕмӕ сын райдыдта лӕггад кӕнын.
[40] Алы низӕй рынчынтӕ кӕмӕдӕриддӕр уыд, уыдон Ӕм сӕ хурныгуылдыл ӕрхуыдтой. Уый-иу сӕ алкӕуыл дӕр ӕрӕвӕрдта Йӕ къухтӕ ӕмӕ-иу ӕй сдзӕбӕх кодта.
[41] Бирӕ хӕйрӕджджынтӕй-иу дӕлимонтӕ рацыдысты ӕмӕ-иу хъӕр систой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» Фӕлӕ сын Йесо нӕ лӕвӕрдта дзурыны бар, уымӕн ӕмӕ зыдтой, Чырысти кӕй у, уый.
[42] Куы ӕрбабон, уӕд Йесо рацыд ӕмӕ араст хибар ранмӕ. Адӕм Ӕй агуырдтой, ӕмӕ Йӕм ӕрцыдысты, ӕмӕ Йӕ нӕ уагътой сӕ цурӕй ацӕуын.
[43] Фӕлӕ сын Уый загъта: «Иннӕ сахартӕн дӕр Мӕ хъӕуы Хуыцауы Паддзахады фарны уац фехъусын кӕнын, уымӕн ӕмӕ Ӕз уый тыххӕй ӕрвыст дӕн».
[44] Ӕмӕ фарны уац хъусын кодта Иудейӕйы синагогӕты.