[1] Уый фӕстӕ Йесо зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, хъусын кодта фарны уац Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Йемӕ уыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы,
[2] Стӕй ӕнӕзӕгъинӕгты кӕмӕй расырдта ӕмӕ низтӕй кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы сылгоймӕгтӕ: авд дӕлимоны кӕмӕй рацыд, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уыцы Мариа,
[3] Ироды хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕг чи уыди, уыцы Хузайы ус Иоаннӕ, Сусаннӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕ. Сеппӕт дӕр сӕ мулкӕй лӕггад кодтой Йесойӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
[4] Адӕм кодтой фылдӕрӕй-фылдӕр – цыдысты Йӕм ӕппӕт сахартӕй. Йесо сын радзырдта фӕсномыг ныхас:
[5] «Рацыд тауӕг йӕ тауинаг тауынмӕ. Таугӕ-тауын иугай нӕмгуытӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, къӕхты бын фесты, ӕмӕ сӕ уӕларвон мӕргътӕ рауыгътой.
[6] Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты дурджын ран, ӕмӕ куы сӕвзӕрдысты, уӕд бахус сты, уымӕн ӕмӕ донхъуаг разындысты.
[7] Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, сындзытӕ сзадысты семӕ ӕмӕ сӕ ныххурх кодтой.
[8] Иуӕй-иутӕ дзы ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл, сзадысты ӕмӕ радтой фондзыссӕдз хатты фылдӕр тыллӕг». Уый радзурыны фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
[9] Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йӕ бафарстой: «Цы амоны ацы фӕсномыг ныхас?»
[10] Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, иннӕтӕн та сӕ фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы, цӕмӕй „кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой".
[11] Мӕнӕ цы амоны ацы фӕсномыг ныхас: тауинаг – Хуыцауы ныхас у.
[12] Фӕндаггӕрон чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм фӕстӕдӕр ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕйӕ ахӕссы ныхас, цӕмӕй сӕ ма бауырна ӕмӕ ма фервӕзой.
[13] Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: ныхас куы фехъусынц, уӕд ӕй цингӕнгӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты – ӕууӕндынц рӕстӕгмӕ, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд та ныууадзынц сӕ уырнындзинад.
[14] Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сын фӕстӕдӕр царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕ сӕ хурхыл ныххӕцынц, ӕмӕ пайда нӕ раттынц.
[15] Бӕзнаг мӕрыл чи ӕрхауд, уыдон та ахӕмтӕ сты: фехъусынц ныхас, дарынц ӕй сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы, ӕмӕ, фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы раттынц пайда.
[16] Цырагъ чи ссудзы, уый йыл мигӕнӕн не 'рдӕлгом кӕны, сынтӕджы бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ.
[17] Уымӕн ӕмӕ цы нӕ раргом уа, ахӕм сусӕггаг нӕй, ӕмӕ цы нӕ рахъӕр уа ӕмӕ кӕй нӕ базындӕуа, ахӕм сусӕгдзинад нӕ вӕййы.
[18] Уӕдӕ-иу ӕркӕсут, куыд хъусут, уымӕ. Уымӕн ӕмӕ кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕй та ист ӕрцӕудзӕн, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр».
[19] Йесомӕ ӕрцыдысты Йӕ Мад ӕмӕ Йе 'фсымӕртӕ, ӕмӕ дзы бирӕ адӕм кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йӕм бацӕуын сӕ къухы не 'фтыд.
[20] Ӕмӕ Йын загътой: «Дӕ Мад ӕмӕ Де 'фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Дӕу фенын сӕ фӕнды».
[21] Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты Мӕ мад ӕмӕ Ме 'фсымӕртӕ».
[22] Иухатт Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бахызт бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Ахизӕм цады фаллаг фарсмӕ». Ӕмӕ араст сты.
[23] Сӕ фӕндаг дардтой, ӕмӕ уалынмӕ Йесо афынӕй. Цады та сыстади тыхджын уад, дон калди бӕлӕгъмӕ, ӕмӕ уыдысты тӕссаг уавӕры.
[24] Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, Хицау, сӕфӕм!» Йесо сыстади, бардзырд радта уад ӕмӕ уылӕнтӕн; уыдон банцадысты, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр.
[25] Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» Уыдон фӕтарстысты, ӕмӕ дисгӕнгӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ донӕн бардзырд Чи дӕтты, ӕмӕ уыдон Кӕй коммӕ кӕсынц?»
[26] Бахӕццӕ сты, Галилейы акомкоммӕ цады фаллаг фарс чи ис, Гадарӕйы уыцы бӕстӕмӕ.
[27] Йесо былмӕ куы рахызт, уӕд Ыл сӕмбӕлди, раздӕр хӕстӕг сахары чи цард, ахӕм хӕйрӕджджын лӕг. Уый рагӕй дӕр дарӕс нӕ дардта, царди хӕдзары нӕ, фӕлӕ зӕппӕдзты.
[28] Йесойы куы федта, уӕд ныхъхъӕр кодта, ӕрхауд Йӕ разы, ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Дунедарӕг Хуыцауы Фырт? Лӕгъстӕ Дын кӕнын, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!»
[29] Уымӕн ӕмӕ Йесо ӕнӕзӕгъинагӕн радта уыцы адӕймагӕй рацӕуыны бардзырд. Ӕнӕзӕгъинаг уый рагӕй тухӕнӕй мардта. Сбастой-иу ӕй рӕхыстӕ ӕмӕ хъадамантӕй, хъахъхъӕдтой йӕ, фӕлӕ-иу арӕдывта йӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ-иу ӕй дӕлимон атардта ӕдзӕрӕг ранмӕ.
[30] Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый загъта: «Легион», уымӕн ӕмӕ дзы бирӕ дӕлимонтӕ бацыд.
[31] Ӕмӕ уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй сӕ дӕлдзӕхмӕ ма арвита.
[32] Уым хохыл хызти хуыты стыр дзуг, ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕ куырдтой хуыты бацӕуыны бар. Йесо сын бар радта.
[33] Дӕлимонтӕ рацыдысты уыцы адӕймагӕй, ӕмӕ бацыдысты хуыты. Ӕмӕ дзуг къардиуӕй йӕхи фехста цадмӕ, ӕмӕ фӕдӕлдон.
[34] Цы ӕрцыд, уый хуыгӕстӕ куы федтой, уӕд азгъордтой, ӕмӕ хабар радзырдтой сахар ӕмӕ хъӕуты.
[35] Ӕмӕ цы ӕрцыд, уый фенынмӕ рацыдысты адӕм. Ӕрбацыдысты Йесомӕ, ӕмӕ дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕджы федтой йӕ дарӕсы Йесойы къӕхты цур бадгӕ, йӕ зонд йӕхимӕ уыд, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты.
[36] Цы ӕрцыд, уый фенӕг адӕм сын радзырдтой, хӕйрӕджджын куыд сдзӕбӕх, уый тыххӕй.
[37] Ӕмӕ Гадарӕйы алфамбылай ӕппӕт цӕрджыты дӕр стыр тас кӕй бацыд, уый тыххӕй уыдон куырдтой Йесойӕ, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бахызт бӕлӕгъмӕ ӕмӕ раздӕхт фӕстӕмӕ.
[38] Дӕлимонтӕ кӕмӕй рацыдысты, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ уадза Йемӕ. Фӕлӕ йӕ Йесо арвыста ӕмӕ йын загъта:
[39] «Аздӕх дӕ хӕдзармӕ ӕмӕ радзур, Хуыцау дын цы сарӕзта, уый». Лӕг ацыд, ӕмӕ ӕгас сахары дӕр дзырдта, Йесо йын цы сарӕзта, уый тыххӕй.
[40] Йесо куы раздӕхт, уӕд Ыл адӕм сӕмбӕлдысты ӕхсызгонӕй, уымӕн ӕмӕ Йӕм сеппӕт дӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты.
[41] Ӕрцыд Ӕм иу лӕг, йӕ ном – Иаир, синагогӕйы хицау. Йӕхи ӕрӕппӕрста Йесойы къӕхтӕм, ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодта, йӕ хӕдзармӕ йын цӕмӕй бацӕуа, уый тыххӕй,
[42] Уымӕн ӕмӕ йӕ иунӕг чызг марди; цыдаид ыл дыууадӕс азы. Йесо куы фӕцӕйцыд, уӕд Ӕй адӕм фӕйнӕрдыгӕй цъист кодтой.
[43] Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй не 'нцад. Йеппӕт мулк дӕр дохтыртыл бахардз кодта, фӕлӕ йе сдзӕбӕх кӕнын никӕй бон баци.
[44] Сылгоймаг чъылдымырдыгӕй бацыд Йесомӕ, бандзӕвыд Ын Йӕ пӕлӕзы коцорайыл, ӕмӕ уайтӕккӕ туг банцад йӕ цӕуынӕй.
[45] Уӕд Йесо загъта: «Чи Мыл бандзӕвыд?» Ӕмӕ сеппӕт дӕр «нӕ» куы дзырдтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, адӕм Дыл ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Дӕ цъист кӕнынц».
[46] Фӕлӕ Йесо загъта: «Чидӕр Мыл бандзӕвыд – Ӕз банкъардтон, тых Мӕ кӕй рацыд, уый».
[47] Сылгоймаг, кӕй нӕ фӕсусӕг, уый куы федта, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыд ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи. Цӕй тыххӕй Йыл бандзӕвыд ӕмӕ уайтӕккӕ куыд сдзӕбӕх, уый радзырдта ӕппӕт адӕмы раз.
[48] Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ».
[49] Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ иучидӕр ӕрцыд йӕ хӕдзарӕй, ӕмӕ йын загъта: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы мауал фӕлмӕцын кӕн».
[50] Фӕлӕ Йесо уый куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд, ӕмӕ фервӕздзӕн».
[51] Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын.
[52] Адӕм иууылдӕр куыдтой ӕмӕ хъарӕг кодтой чызгыл. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ма кӕут; мард нӕу, фынӕй у».
[53] Ӕмӕ Йыл худтысты, уымӕн ӕмӕ, кӕй амард, уый зыдтой.
[54] Фӕлӕ йын Йесо ныххӕцыд йӕ къухыл, ӕмӕ йӕм фӕдзырдта: «Саби, рабад!»
[55] Чызгмӕ ӕрыздӕхт йӕ уд, ӕмӕ уыйадыл рабадт. Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын раттой хӕринаг.
[56] Чызджы ныййарджытӕ дисы бафтыдысты. Фӕлӕ сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы ӕрцыд, уый тыххӕй макӕмӕн зӕгъой.