[1] Чи Йӕм хъуыста, уыцы адӕмимӕ Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд бацыди Капернауммӕ.
[2] Иу сӕдӕйыхицауӕн йӕ уарзон цагъар уыди рынчын, мӕлӕты къахыл ныллӕууыд.
[3] Йесойы тыххӕй куы фехъуыста, уӕд Ӕм иудейты хистӕрты арвыста ӕрхатынмӕ, цӕмӕй ӕрцӕуа ӕмӕ йын йӕ цагъары сдзӕбӕх кӕна.
[4] Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын лӕгъстӕ кодтой: «Сӕдӕйыхицау у Дӕ ацы ӕххуысы аккаг –
[5] Уарзы нӕ адӕмы ӕмӕ нын сарӕзта синагогӕ».
[6] Йесо рацыди семӕ. Йӕ хӕдзармӕ йын куы баввахс, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау рарвыста йӕ хӕлӕртты зӕгъынмӕ: «Хицау, Дӕхи ма тыхсын кӕн! Уымӕн ӕмӕ ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзармӕ бацӕуай.
[7] Уымӕ гӕсгӕ нӕ банымадтон мӕхи Дӕумӕ фӕцӕуыны аккагыл дӕр. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ фӕсдзӕуин сдзӕбӕх уыдзӕн.
[8] Уымӕн ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг дӕр дӕлбар лӕг дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм", ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу", ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн", ӕмӕ йӕ бакӕны».
[9] Йесо уый куы фехъуыста, уӕд дисы бафтыд, Йе 'ргом разылдта, Йӕ фӕдыл цы бирӕ адӕм цыд, уыдонмӕ, ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын, Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад нӕ федтон».
[10] Ӕрвыст лӕгтӕ хӕдзармӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд рынчын цагъары баййӕфтой дзӕбӕхӕй.
[11] Уый фӕстӕ Йесо араст, Наин кӕй хуыдтой, уыцы сахармӕ. Йемӕ цыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр адӕм.
[12] Ӕмӕ сахары кулдуармӕ куы баввахс, уӕд рацӕйхастой марды, идӕдз усы иунӕг лӕппуйы. Сылгоймагимӕ сахарӕй рацыд бирӕ адӕм.
[13] Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».
[14] Бацыд ӕмӕ бавнӕлдта сынтмӕ. Сынтхӕсджытӕ ӕрлӕууыдысты. Уӕд Йесо загъта: «Лӕппу, дӕуӕн зӕгъын, рабад».
[15] Мард йӕхиуыл схӕцыд, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо радта йӕ мадмӕ.
[16] Сеппӕты дӕр тас бацыд ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн: «Стыр пехуымпар фӕзынди не 'хсӕн, ӕмӕ Хуыцау ӕркаст Йӕ адӕммӕ».
[17] Йесойы кой айхъуыст ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ йӕ алфамбылай.
[18] Иоаннӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ радзырдтой ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй.
[19] Иоанн басидт йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сӕ арвыста Хицауы бафӕрсынмӕ: «Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»
[20] Уыдон ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын загътой: «Аргъауӕг Иоанн нӕ Дӕумӕ рарвыста бафӕрсынмӕ: „Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?"»
[21] Йесо уыцы рӕстӕг бирӕ адӕмы фервӕзын кодта алыхуызон низтӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕй, бирӕ куырмыты ракӕсын кодта сӕ цӕстытӕй.
[22] Ӕмӕ ӕрвыст лӕгтӕн дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы федтат ӕмӕ цы фехъуыстат, уый: куырмытӕ райдыдтой уынын, къуылыхтӕ – цӕуын, хъотырджынтӕ дзӕбӕх кӕнынц, къуырматӕ райдыдтой хъусын, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц фарны уац.
[23] Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕкӕла, уый».
[24] Иоанны минӕвӕрттӕ куы аздӕхтысты, уӕд Йесо адӕмӕн райдыдта Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз уынынмӕ?
[25] Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм лӕджы уынынмӕ? Хъӕздыг дарӕс чи дары ӕмӕ бухъцард чи кӕны, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.
[26] Фӕлӕ уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Пехуымпары? О, зӕгъын уын, пехуымпарӕй дӕр уӕлдӕры.
[27] Иоанн у, Сыгъдӕг Фыст афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы: „Мӕнӕ Ӕз Мӕ фидиуӕджы ӕрвитын Дӕ разӕй, ӕмӕ Дын уый ӕрцӕттӕ кӕндзӕни Дӕ развӕндаг".
[28] Зӕгъын уын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй ничи у Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр, фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады тӕккӕ къаддӕр Иоаннӕй уӕлдӕр у.
[29] Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, сӕххӕст кодтой Хуыцауы фӕнд ӕмӕ аргъуыд райстой Иоаннӕй.
[30] Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ нӕ саргъуыдтой.
[31] Уӕдӕ кӕуыл абарон ацы адӕмы фӕлтӕр? Кӕй хуызӕн сты?
[32] Сывӕллӕтты хуызӕн сты, сахары фӕзы чи бады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ чи зӕгъы: „Мах уын уадындзӕй цагътам, ӕмӕ сымах нӕ кафыдыстут; мах уын хъарджытӕ кодтам, ӕмӕ сымах нӕ куыдтат".
[33] Уымӕн ӕмӕ ӕрцыд Аргъауӕг Иоанн, дзул дӕр нӕ хӕры, сӕн дӕр нӕ нуазы, ӕмӕ дзы зӕгъут: „Хӕйрӕджджын у".
[34] Ӕрцыд Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы зӕгъут: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджыты ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн".
[35] Фӕлӕ Хуыцауы уӕлзондӕн йӕ растгӕнӕг сты йеппӕт сывӕллӕттӕ».
[36] Фарисейтӕй иучидӕр Йесойы ахуыдта сихормӕ. Йесо бацыд фарисейы хӕдзармӕ ӕмӕ ӕрбадти фынгыл.
[37] Уыцы сахарӕй иу тӕригъӕдджын сылгоймаг базыдта, Йесо фарисейы хӕдзары фынгыл кӕй бады, уый, ӕмӕ ӕрхаста хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурын.
[38] Ӕрлӕууыд Йесойы фӕстӕ, Йӕ къӕхты цур, ӕмӕ кӕугӕйӕ райдыдта Йесойы къӕхтыл йӕ цӕссыг калын, сӕрфта сӕ йӕ дзыккутӕй, батӕ Йын кодта Йӕ къӕхтӕн ӕмӕ сӕ сӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.
[39] Йесойы бахонӕг фарисей уый куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ай пехуымпар куы уаид, уӕд Ӕм чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ӕвналы, уый зонид, уымӕн ӕмӕ ацы сылгоймаг тӕригъӕдджын у».
[40] Уӕд ын Йесо загъта: «Симон, иу ныхас дын куы зӕгъин, уый Мӕ фӕнды». Уый дзуапп радта: «Зӕгъ ӕй, Ахуыргӕнӕг».
[41] Йесо загъта: «Иу ӕфстаудӕттӕгӕн уыди дыууӕ хӕсджыны: иу дзы дардта фондзсӕдӕ динары, иннӕ та – дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз.
[42] Фӕлӕ сӕ цӕмӕй бафыстаиккой, уый сӕм нӕ уыд, ӕмӕ дыууӕйӕн дӕр ныххатыр кодта. Зӕгъ-ма, уыдонӕй йӕ кӕцы бауарздзӕн фылдӕр?»
[43] Симон дзуапп радта: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, фылдӕр кӕмӕн ныххатыр кодта, уый». Йесо йын загъта: «Дӕ хъуыды раст у».
[44] Йесо разылди сылгоймагмӕ ӕмӕ Симонӕн загъта: «Уыныс ацы сылгоймаджы? Ӕз ӕрбацыдтӕн дӕ хӕдзармӕ, ӕмӕ Мын ды Мӕ къӕхтӕ цӕхсынӕн дон дӕр нӕ раттай. Уый та Мын йӕ цӕссыгтӕй ӕрӕнхъӕвзта Мӕ къӕхтӕ ӕмӕ сӕ ныссӕрфта йӕ дзыккутӕй.
[45] Ды Мын нӕ аба кодтай. Уый та Мын, куы ӕрбацыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къӕхтӕн батӕ кӕнынӕй не 'нцайы.
[46] Ды Мын Мӕ сӕр зетийӕ нӕ байсӕрстай. Уый та Мын Мӕ къӕхтӕ хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.
[47] Уымӕ гӕсгӕ дын зӕгъын: бирӕ кӕй бауарзта, уый тыххӕй йын барст сты йӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ. Чысыл барст кӕмӕн у, уымӕн та йӕ уарзт дӕр чысыл у».
[48] Сылгоймагӕн та загъта: «Барст дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
[49] Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдон хинымӕр райдыдтой дзурын: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр Чи хатыр кӕны?»
[50] Йесо та сылгоймагӕн загъта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ».