Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 6:19

[1] Уый уыди, кесӕр Тивери фынддӕсӕймаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд. Понтий Пилат уыди Иудейӕйы хицау, Ирод – Галилейы ӕлдариуӕггӕнӕг, йе 'фсымӕр Филипп та – Итурейы ӕмӕ Трахониты бӕстӕйы ӕлдариуӕггӕнӕг, Лисани – Авилинийы ӕлдариуӕггӕнӕг;

[2] Анна ӕмӕ Каиафӕ та алчертӕ уыдысты. Уыцы рӕстӕг Захарийы фырт Иоанн уыди ӕдзӕрӕг бӕстӕйы, ӕмӕ йын Хуыцау загъта Йӕ ныхас.

[3] Уый фӕстӕ Иоанн зылди Иорданы ӕппӕт алфамбылайыл ӕмӕ амыдта, зӕгъгӕ, цӕмӕй тӕригъӕдтӕ хатыргонд уой, уый тыххӕй сыл хъӕуы ӕрфӕсмон кӕнын ӕмӕ аргъуыд райсын.

[4] Афтӕ загъд у Исай-пехуымпары чиныджы: «Ӕдзӕрӕг ран хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Хицауӕн фӕндаг, ӕмраст Ын скӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ.

[5] Алы дӕлвӕз дӕр байдзаг уӕд, алы хох ӕмӕ къуыбыр дӕр ӕрныллӕг уӕнт, гакъон фӕндӕгтӕ сраст уӕнт ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕгтӕ слӕгъз уӕнт.

[6] Ӕмӕ алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад"».

[7] Аргъауынмӕ йӕм цы бирӕ адӕм цыди, уыдонӕн Иоанн дзырдта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уӕ зӕрдӕты ӕрцӕуинаг азарӕй лидзыны хъуыды?

[8] Зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагӕй. „Нӕ фыдӕл Авраам у" – ахӕм хъуыды уӕм ма ӕрцӕуӕд. Зӕгъын уын: Хуыцауӕн Йӕ бон у ацы дуртӕй дӕр Авраамӕн цот скӕнын.

[9] Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕлӕстӕ бындзарӕй акалынмӕ цӕттӕ у: хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты».

[10] Адӕм фарстой Иоанны: «Цы гӕнгӕ нын у?»

[11] Уый сын дзуапп радта: «Дыууӕ хӕдоны кӕмӕн ис, уый дзы раттӕд, кӕмӕн нӕй, уымӕн; ӕмӕ хойраг кӕмӕ ис, уый дӕр бакӕнӕд афтӕ».

[12] Ӕрцыдысты саргъауынмӕ хъалонисджытӕ дӕр ӕмӕ йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, цы гӕнгӕ нын у?»

[13] Уый сын дзуапп радта: «Цы ӕмбӕлы, уымӕй уӕлдай адӕмӕй ма домут».

[14] Фарстой йӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр: «Махӕн та цы гӕнгӕ у?» Иоанн сын загъта: «Макӕй стигъут, макӕмӕй мацы исут ӕртхъирӕнӕй – разы ут уӕ мыздӕй».

[15] Адӕм Чырыстимӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты, уымӕ гӕсгӕ сеппӕт дӕр хъуыды кодтой, Иоанн кӕд, мыййаг, Чырысти у, зӕгъгӕ.

[16] Иоанн сеппӕтӕн дӕр дзуапп лӕвӕрдта: «Ӕз уыл аргъауын донӕй, фӕлӕ ӕрбацӕуы мӕнӕй Тыхджындӕр – ӕз Ын Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Уый уыл аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.

[17] Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн Йӕ мус. Мӕнӕу бафснайдзӕн Йӕ хордоны, зыгуым та басудздзӕн ӕнӕхуысгӕ арты».

[18] Иоанн бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕй разӕнгард кодта адӕмы, амыдта сын фарны уац.

[19] Фӕлӕ ӕлдариуӕггӕнӕг Иродӕн йе 'фсымӕры ус Иродиадӕйы ӕмӕ йеппӕт фыдракӕндты тыххӕй уайдзӕфтӕ куы кодта,

[20] Уӕд ма Ирод ӕппӕт уыдӕттӕм бафтыдта ноджыдӕр иу: Иоанны бакодта ахӕстоны.

[21] Иоанн ӕппӕт адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд саргъуыдта Йесойыл дӕр. Аргъуыды фӕстӕ Йесо кувгӕ куы кодта, уӕд арвы дуар фегом,

[22] Сыгъдӕг Уд Ӕм ӕрцыди бӕлоны хуызы, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».

[23] Йесо Йӕ хъуыддаг куы райдыдта, уӕд Ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы бӕрц. Куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕмӕй уыди Иосифы фырт, Илийы,

[24] Матфаты, Левийы, Мелхийы, Ианнайы, Иосифы,

[25] Маттафийы, Амосы, Наумы, Еслийы, Наггейы,

[26] Маафы, Маттафийы, Семеины, Иосихы, Иодайы,

[27] Иоананы, Рисайы, Зоровавелы, Салафиилы, Нирийы,

[28] Мелхийы, Аддийы, Косамы, Элмадамы, Иры,

[29] Йесойы, Элиезеры, Иоримы, Матфаты, Левийы,

[30] Симеоны, Иудӕйы, Иосифы, Ионӕмы, Элиакимы,

[31] Мелеайы, Меннайы, Маттафайы, Нафаны, Давиды,

[32] Иессейы, Овиды, Воозы, Салайы, Наассоны,

[33] Аминадавы, Админы, Арнийы, Есромы, Фаресы, Иудӕйы,

[34] Иаковы, Исаакы, Авраамы, Фарайы, Нахоры,

[35] Серухы, Рагавы, Фалекы, Эверы, Салайы,

[36] Каинаны, Арфаксады, Симы, Нойы, Ламехы,

[37] Мафусалы, Енохы, Иареды, Малелеилы, Каинаны,

[38] Эносы, Сифы, Адамы, Хуыцауы.

Лука — Chapters