Skip to content
Opens in a new window
Listen to this chapter • 8:41

[1] Иухатт Йесо иу ран куы куывта ӕмӕ куывд куы фӕци, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу загъта: «Хицау, сахуыр нӕ кӕн кувын, Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд сахуыр кодта, афтӕ».

[2] Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд, сыгъдӕг уӕд Дӕ ном. Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. [Уӕларвы куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр уӕд Дӕ фӕндон.]

[3] Алы бон дӕр нын дӕтт цӕрынваг къӕбӕр.

[4] Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ мах дӕр барӕм неппӕт хӕсджынтӕн. Ма нӕ бафтау фӕлварӕны, [фыдбылызӕй нӕ бахиз]"».

[5] Йесо сын загъта: «Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕн хӕлар куы уаид. Ӕмбисӕхсӕв куы бацӕуид уыцы хӕлармӕ ӕмӕ йын куы зӕгъид: „Мӕ хӕлар, ратт мын ӕртӕ дзулы ӕфстау.

[6] Мӕ хӕлар мӕм фӕндагӕй фездӕхт, ӕмӕ йӕ цӕмӕй суазӕг кӕнон, уый мӕм нӕй".

[7] Ӕмӕ йӕм уый мидӕгӕй куы радзурид: „Ма мӕ хъыгдар, мӕ дуар ныридӕгӕн ӕхгӕд у, мӕ сывӕллӕттӕ дӕр хуыссӕны мемӕ сты. Мӕ бон нӕу сыстын ӕмӕ дын раттын".

[8] Зӕгъын уын: уый сӕ хӕлардзинады тыххӕй куы нӕ сыста ӕмӕ йын куы нӕ ратта, фӕлӕ йӕ ай уӕддӕр куынӕуал уадза, уӕд сыстдзӕн ӕмӕ йын ратдзӕни, цас дзы кура, уыйбӕрц.

[9] Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.

[10] Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, агурӕг ссары ӕмӕ хойӕгӕн дуар байгом вӕййы.

[11] Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе 'хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ йын кӕсаджы бӕсты калм ратдзӕн?

[12] Кӕнӕ дзы айк куы кура, уӕд ын скорпион ратдзӕн?

[13] Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут, ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы кура, уыдонӕн!»

[14] Иухатт Йесо иу адӕймагӕй сырдта ӕгомыггӕнӕг дӕлимоны. Дӕлимон дзы куы рацыд, уӕд ӕгомыг райдыдта дзурын, ӕмӕ адӕм дисы бафтыдысты.

[15] Иуӕй-иутӕ та загътой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдар веелзевулы хъаруйӕ».

[16] Иннӕтӕ та Дзы Йӕ бафӕлварыны тыххӕй домдтой уӕларвӕй ӕвдисӕйнаг равдисын.

[17] Фӕлӕ сын Йесо зыдта сӕ хъуыдытӕ, ӕмӕ сын загъта: «Алы паддзахад дӕр куы ныддихтӕ уа ӕмӕ йӕ адӕм кӕрӕдзи ныхмӕ куы фӕуой, уӕд федзӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ иу хӕдзар иннӕйыл рафӕлдӕхдзӕн.

[18] Уӕдӕ кӕд хӕйрӕг йӕхи ныхмӕ тох кӕны, уӕд йӕ паддзахад куыд фӕлӕудзӕн? Сымах та афтӕ дзурут, цыма Ӕз веелзевулы хъаруйӕ сурын дӕлимонты.

[19] Кӕд Ӕз дӕлимонты веелзевулы хъаруйӕ сурын, уӕд сӕ уӕ фӕдонтӕ та кӕй хъаруйӕ сурынц? Уымӕ гӕсгӕ уын уыдон уыдзысты тӕрхонгӕнджытӕ.

[20] Фӕлӕ кӕд Хуыцауы хъаруйӕ сурын дӕлимонты, уӕд уӕм, бӕгуыдӕр, ӕрхӕццӕ Хуыцауы Паддзахад.

[21] Тыхджын йӕ хӕдзар ӕдхӕцӕнгарз куы хъахъхъӕна, уӕд йӕ исбонӕн тас нӕу.

[22] Фӕлӕ йӕм йӕхицӕй тыхджындӕр куы бабырса ӕмӕ йыл куы фӕуӕлахиз уа, уӕд ын байсдзӕн, йӕ зӕрдӕ цы хӕцӕнгӕрзтыл дардта, уыдон, ӕмӕ дзы цы рахӕсса, уый байуардзӕн.

[23] Мемӕ чи нӕу, уый Мӕ ныхмӕ у; ӕмӕ Мемӕ чи не 'мбырд кӕны, уый хӕлӕттаг кӕны.

[24] Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнцой агурӕг фӕзилы ӕнӕдон рӕтты, ӕмӕ куы не ссары, уӕд фӕзӕгъы: „Раздӕхон, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм".

[25] Ӕмӕ куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ӕрӕййафы марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй.

[26] Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц; ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы ӕвзӕрдӕр уавӕры».

[27] Йесо уый куы дзырдта, уӕд Ын адӕмы ӕхсӕнӕй иу сылгоймаг хъӕрӕй загъта: «Тӕхудиаг сты, Дӕу чи хаста, уыцы гуыбын, ӕмӕ Ды кӕй дадтай, уыцы риутӕ!»

[28] Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы ныхасмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».

[29] Адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодтой, уӕд Йесо райдыдта дзурын: «Ацы фӕлтӕр хӕлд фӕлтӕр у. Ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ йын Ионӕйы диссагӕй дарддӕр ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нӕ рардӕуыдзӕн.

[30] Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, ацы фӕлтӕрӕн дӕр Адӕймаджы Фырт афтӕ уыдзӕн.

[31] Хуссары ус-паддзах тӕрхоны бон рацӕудзӕн ацы адӕмы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ сӕ фӕзылын кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ зӕххы кӕронӕй ӕрцыди Соломоны зондджын ныхӕстӕм байхъусынмӕ; ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.

[32] Ниневиӕгтӕ тӕрхоны бон рацӕудзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.

[33] Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ хибар къуымы нӕ сӕвӕры, дурыны бын дӕр ӕй нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ сӕвӕры цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ.

[34] Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн.

[35] Уӕдӕ дӕхимӕ кӕс, цӕмӕй дӕм цы рухс ис, уый ма разына талынг.

[36] Кӕд дӕ буар иууылдӕр рухс у, иунӕг талынг уӕнг дӕр ыл нӕй, уӕд иууылдӕр уыдзӕни рухс, рухсгӕнӕн дӕ цыма рухс кӕны, афтӕ».

[37] Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Ӕй иу фарисей бахуыдта йӕхимӕ сихор хӕрынмӕ. Йесо бацыд ӕмӕ ӕрбадт фынгыл.

[38] Сихоры размӕ Йесо Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд дисы бафтыд.

[39] Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй дзаг стут.

[40] Ӕнӕзӕндтӕ! Ӕддейӕ цы ис, уый Скӕнӕг не скодта, мидӕгӕй цы ис, уый дӕр, ӕви?

[41] Цы уӕм ис, уымӕй иннӕтӕн дӕр фӕхай кӕнут, ӕмӕ уӕд уӕ алы-алцы дӕр уыдзӕни сыгъдӕг.

[42] Фӕлӕ сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Моисейы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ суанг битъына, рутӕ ӕмӕ ӕппӕт иннӕ кӕрдӕджыты дӕсӕймаг хай дӕттут, Хуыцауы рӕстдзинад ӕмӕ уарзт та ницӕмӕ дарут. Сымахӕн ӕмбӕлд адӕттӕ кӕнын ӕмӕ уыдӕттӕ дӕр рохуаты нӕ ныууадзын.

[43] Сар уӕ сӕр, фарисейтӕ! Сымах уарзут синагогӕты раззаг бынӕтты бадын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын.

[44] Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нал дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл хӕтынц, уыцы ингӕнты хуызӕн».

[45] Уӕд Йесойӕн иу динамонӕг загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды афтӕ кӕй зӕгъыс, уымӕй мах дӕр ӕфхӕрыс».

[46] Йесо дзуапп радта: «Сар уӕ сӕр сымахӕн дӕр, динамонджытӕ! Адӕмыл ӕвӕрут зынхӕссӕн уӕргътӕ, уӕхӕдӕг та сӕм уӕ ныхы кӕронӕй дӕр не 'вналут.

[47] Сар уӕ сӕр! Уӕ фыдӕлтӕ цы пехуымпарты фӕцагътой, уыдонӕн аразут зӕппӕдзтӕ –

[48] Уымӕй сымах ӕвдисут, уӕ фыдӕлты хъуыддӕгтӕ растыл кӕй нымайут, уый. Уыдон сӕ фӕцагътой, сымах та сын зӕппӕдзтӕ аразут.

[49] Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы уӕлзонд загъта: „Арвитдзынӕн сӕм пехуымпарты ӕмӕ минӕвӕртты, ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕфхӕрдзысты ӕмӕ сӕ амардзысты".

[50] Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалд, уый:

[51] Авелы тугӕй, нывондхӕссӕнӕй Кувӕндоны ӕхсӕн кӕй амардӕуыд, уыцы Захарийы туджы онг. О, зӕгъын уын, уый ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у.

[52] Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дуары дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут, стӕй бацӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».

[53] Йесо куы рацыд, уӕд динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ райдыдтой Йӕ ныхмӕ дзурын ӕмӕ Йыл фарстытӕ ныккалдтой –

[54] Къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.

Лука — Chapters