[1] Уыцы рӕстӕг ӕрцыдысты Йесомӕ ӕмӕ Йын радзырдтой, галилейӕгтӕй чидӕртӕ нывонд куы хастой, уӕд сӕ Пилат ныццагъта ӕмӕ сын сӕ туг схӕццӕ кодта сӕ нывондты тугимӕ.
[2] Йесо сын загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ уыцы галилейӕгтӕ иннӕ галилейӕгтӕй тӕригъӕдджындӕр уыдысты ӕмӕ уымӕн афтӕ бабын сты?
[3] Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не 'рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут.
[4] Кӕнӕ афтӕ ӕнхъӕл стут, ӕмӕ Силоамы мӕсыг кӕуыл ныккалд ӕмӕ кӕй ныммардта, уыцы ӕстдӕс лӕджы Иерусалимы ӕппӕт цӕрджытӕй аххосджындӕр уыдысты?
[5] Зӕгъын уын, нӕ уыдысты. Фӕлӕ куы не 'рфӕсмон кӕнат, уӕд уеппӕт дӕр афтӕ фесӕфдзыстут».
[6] Ӕмӕ сын загъта ацы фӕсномыг ныхас: «Иу адӕймагӕн йӕ сӕнӕфсирдоны уыди легъуибӕлас, ӕрцыд ӕм гагатӕ ӕртонынмӕ, фӕлӕ йыл не ссардта.
[7] Уӕд загъта сӕнӕфсирдонгӕсӕн: „Ныр ӕртыккаг аз цӕуын ацы легъуибӕласыл гагатӕ фенынмӕ, ӕмӕ йыл нӕ арын. Акал ӕй, дзӕгъӕлы ма зӕхх дӕр цы ахсы".
[8] Фӕлӕ йын уый дзуапп радта: „Ме 'лдар, ныууадз-ма йӕ ацы аз. Ӕз ын йӕ алфамбылай скъахдзынӕн ӕмӕ йыл фаджыс ныккӕндзынӕн,
[9] Кӕд ыл инназ гагатӕ ӕрзаид; кӕд нӕ, уӕд ӕй акалдзынӕ"».
[10] Сабаты Йесо адӕмы ахуыр кодта синагогӕтӕй иуы.
[11] Уым уыди, хъарусӕттӕг ӕнӕзӕгъинаг ӕстдӕс азы дӕргъы уӕгъд кӕй нӕ уагъта, ахӕм сылгоймаг; уый ныкъкъӕдз ӕмӕ ӕмраст слӕууын йӕ бон нӕ уыд.
[12] Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм басидт ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй сӕрибар дӕ».
[13] Ӕрӕвӕрдта йыл Йӕ къухтӕ, сылгоймаг уайтӕккӕ ӕмраст слӕууыд ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.
[14] Уӕд синагогӕйы хицау смӕсты, Йесо сылгоймаджы сабаты кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй, ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Хъуыддаг кӕнынӕн ис ӕхсӕз боны. Уыцы бонты цӕут уӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ, сабаты та ма цӕут».
[15] Йесо йын дзуапп радта: «Цӕстмӕхъустӕ, мыййаг сымахӕй алчидӕр сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?
[16] Уӕдӕ хӕйрӕг ӕстдӕс азы дӕргъы бастӕй кӕй фӕдардта, Авраамы уыцы чызджы дӕр йӕ бӕттӕнтӕй сабаты суӕгъд кӕнын не 'мбӕлди, ӕви?»
[17] Йесо уый куы загъта, уӕд Йӕ ныхмӕлӕуджытӕ иууылдӕр фефсӕрмы сты; ӕппӕт адӕмӕн та Йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ цин ӕрхастой.
[18] Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕуыл ӕй абарон?
[19] Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Нӕмыг сзади, сбӕлас и, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл сарӕзтой ахстӕттӕ».
[20] Йесо ноджы загъта: «Цӕуыл абарон Хуыцауы Паддзахад?
[21] Уый у, сылгоймаг ссады ӕртӕ сасирыл кӕй бафтыдта ӕмӕ хыссӕ ӕгасӕй дӕр кӕмӕй сӕнхъызт, уыцы ӕнхъизӕнау».
[22] Йесо цыди сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, ахуыр кодта адӕмы; Йӕ фӕндаг уыд Иерусалиммӕ.
[23] Чидӕр Ӕй бафарста: «Хицау, чи фервӕздзӕн, уыдон чысыл сты?» Йесо дзуапп радта:
[24] «Архайут уынгӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ архайдзысты бацӕуыныл, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕн.
[25] Хӕдзары Хицау куы сыста ӕмӕ дуӕрттӕ куы сӕхгӕна, уӕд сымах, ӕдде лӕугӕйӕ, райдайдзыстут дуар хойын ӕмӕ дзурын: „Хицау, Хицау, байгом нын кӕн!" Фӕлӕ уын Уый дзуапп ратдзӕн: „Кӕцӕй стут, уый нӕ зонын".
[26] Уӕд райдайдзыстут дзурын: „Мах хордтам ӕмӕ нуӕзтам Дӕ разы, нӕ уынгты ахуыр кодтай адӕмы".
[27] Фӕлӕ уын Уый зӕгъдзӕни: „Зӕгъын уын: кӕцӕй стут, уый нӕ зонын. Ацӕут Мӕ цурӕй уеппӕт дӕр, тӕригъӕдджынтӕ".
[28] Уым уыдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс. Авраамы, Исаакы, Иаковы ӕмӕ ӕппӕт пехуымпарты фендзыстут Хуыцауы Паддзахады, уӕхи та уын раппардзысты ӕддӕмӕ.
[29] Адӕм ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, ӕмӕ ӕрбаддзысты Хуыцауы Паддзахады фынгыл.
[30] Ӕмӕ абоны фӕстӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕй та бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ».
[31] Уыцы рӕстӕг фарисейтӕй чидӕртӕ ӕрцыд ӕмӕ Йесойӕн загътой: «Ацу ардыгӕй ӕндӕр ранмӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕ Ирод амарынмӕ хъавы».
[32] Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ зӕгъут уыцы рувасӕн: „Мӕнӕ абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты, ӕмӕ ӕртыккаг бон фӕуыдзынӕн Мӕ хъуыддаг".
[33] Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон: уымӕн ӕмӕ Иерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран амарой пехуымпары, уымӕн уӕвӕн нӕй.
[34] Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марӕг ӕмӕ дӕумӕ ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты Мӕ фӕндыди, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дӕ хъӕбулты ӕрӕмбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!
[35] Ныр уын уӕ хӕдзар уагъдӕуы ӕнӕхицауӕй. Зӕгъын уын, цалынмӕ афтӕ зӕгъат: „Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг!", уӕдмӕ Мӕ нал фендзыстут».