[1] Ӕдзух кувын кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ хъынцъым кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый тыххӕй сын Йесо загъта фӕсномыг ныхас:
[2] «Иу сахары уыди, Хуыцауӕй чи нӕ тарст ӕмӕ адӕмӕй дӕр ӕфсӕрмы чи нӕ кодта, ахӕм тӕрхонгӕнӕг.
[3] Уыцы сахары цардис иу идӕдз сылгоймаг. Уый-иу арӕх ӕрцыди тӕрхонгӕнӕгмӕ ӕмӕ йын дзырдта: „Мӕ ныхмӕлӕууӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн".
[4] Фӕлӕ йӕм тӕрхонгӕнӕг цасдӕр рӕстӕг йӕ хъус не 'рдардта. Ӕппынфӕстаг загъта йӕхицӕн: „Ӕз Хуыцауӕй дӕр нӕ тӕрсын ӕмӕ адӕмӕй дӕр не 'фсӕрмы кӕнын.
[5] Фӕлӕ мӕ уыцы идӕдз ус ӕнцой нал уадзы ӕмӕ йын баххуыс кӕнон, цӕмӕй мӕм мауал цӕуа, мауал мӕ фӕлмӕцын кӕна"».
[6] Хицау загъта: «Хъусут, ӕнӕраст тӕрхонгӕнӕг цы зӕгъы, уымӕ?
[7] Уӕдӕ Хуыцауӕн ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕгъстӕ чи кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ Йӕм бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсой?
[8] Зӕгъын уын, рӕхджы сын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Адӕймаджы Фырт куы ӕрцӕуа, уӕд ма зӕххыл уырнындзинад ссардзӕн, цымӕ?»
[9] Йӕхи рӕстгӕнӕгыл чи нымадта ӕмӕ иннӕты чи ницӕмӕ дардта, уыдонӕн дӕр Йесо загъта ахӕм фӕсномыг ныхас:
[10] «Дыууӕ адӕймаджы бацыдысты Кувӕндонмӕ бакувынмӕ: сӕ иу – фарисей, иннӕ – хъалонисӕг.
[11] Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.
[12] Ком дарын къуыри дыууӕ хатты; меппӕт ӕфтиаджы дӕсӕймаг хай дӕттын Дӕуӕн".
[13] Хъалонисӕг та лӕууыди дӕрддзӕф, уӕларвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыд, фӕлӕ йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, ӕз тӕригъӕдджын дӕн".
[14] Зӕгъын уын, йӕ хӕдзармӕ Хуыцауӕй хатыргондӕй хъалонисӕг ацыди, фарисей та – нӕ. Уымӕн ӕмӕ йӕхи уӕлдӕр чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».
[15] Йесомӕ хуыдтой сабиты дӕр, цӕмӕй сыл бандзӕва, фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕ нӕ уагътой.
[16] Йесо сабитӕм басидт ӕмӕ загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сывӕллӕтты, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны хуызӕтты у.
[17] Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн».
[18] Иу хицау Йесойы бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»
[19] Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у.
[20] Фӕдзӕхстытӕ зоныс: „Ма хӕт", „Ма амар", „Ма дав", „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу", „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады"».
[21] Уый Йесойӕн загъта: «Ӕппӕт уыдӕттӕ ме 'взонджы бонтӕй нырмӕ ӕххӕст кӕнын».
[22] Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу бакӕнинаг ма дын баззади: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн, байуар ӕй мӕгуыртыл, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
[23] Уый уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ӕрӕнкъард, уымӕн ӕмӕ тынг хъӕздыг уыди.
[24] Кӕй ӕрӕнкъард, уый Йесо куы федта, уӕд загъта: «Ӕвӕдза, бонджынтӕн куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!
[25] Уымӕн ӕмӕ хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быны иннӕрдӕм ахизын ӕнцондӕр у».
[26] Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдон загътой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?»
[27] Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у».
[28] Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».
[29] Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахады сӕраппонд йӕ хӕдзар, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ ныййарджыты, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты чи ныууадза, уыдонӕй иунӕг ахӕм дӕр нӕй,
[30] Ӕмӕ ацы заманы дзӕвгар фылдӕр, ӕрцӕуинаг дунейы та мыггагмӕйы цард чи нӕ райса».
[31] Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: «Ныр мах цӕуӕм Иерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты тыххӕй пехуымпартӕ цыдӕриддӕр ныффыстой, уый сӕххӕст уыдзӕн:
[32] Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕни муртаттӕм, ӕмӕ Дзы фӕхынджылӕг кӕндзысты, бафхӕрдзысты Йӕ, фӕтутӕ Йыл кӕндзысты,
[33] Ехсӕй Йӕ фӕнӕмдзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
[34] Фӕлӕ Йын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
[35] Йесо Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд иу куырм мӕгуыргур бадти фӕндаггӕрон.
[36] Йӕ цурты адӕм кӕй фӕцӕуынц, уый куы фехъуыста, уӕд бафарста: «Цы хабар у?»
[37] Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы».
[38] Уӕд ныхъхъӕр кодта: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
[39] Разӕй цӕуджытӕ дзы домдтой, цӕмӕй ныссабыр уа, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!»
[40] Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта, цӕмӕй Йӕм ӕй ӕрбакӕной. Ӕмӕ Йӕм куы ӕрбацыд, уӕд ӕй Йесо бафарста:
[41] «Цы дӕ фӕнды? Цы дын саразон?» Уый загъта: «Хицау, мӕн фӕнды мӕ цӕстытӕй ракӕсын».
[42] Йесо йын загъта: «Ракӕс! Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
[43] Куырм уайтӕккӕ ракаст йӕ цӕстытӕй ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, ацыд Йесойы фӕдыл. Адӕм уый куы федтой, уӕд сеппӕт дӕр скад кодтой Хуыцауӕн.